Царды бацыдтæ ды…

0
17

О, царды бацыдтæ ды… Алцæмæй дæр æххæст, бæркадджын у дæ цард. Ницы хъуаг дæ. Дæ бæллицтæ бафтыдысты дæ къухы. Бæрзонд галуантæ, æрттиваг «Волгæ», карджын здыхт рихи мой — фесты дæ хай.

Уæдæ ма уæд афтæ æнкъард цæмæн дæ?.. Дæ сæнтсау дзыккутæм дын урс ахорæнтæй чи феныдзæвыд?.. Цавæр саузæрдæ дын разынд?.. Чи дын бакалдта дæ судзаг зæрдæйыл ихджын дон?..  …Хъуыды ма кæнын, цы хъæлдзæг-иу уыдтæ, цы цардбæллон цæстытæ дын уыд… Дæ фæндыры цагъд, дæ зæрдæисгæ зард уæнгты хъардтой.
Хъæубæстæ ма арæх æрымысынц уæ нæртон чындзæхсæв дæр. Хурхуыз разгæмтты дæ ног хæдзармæ куы фæцæйкодтой, уæд урсрихи зæронд лæгтæ афтæ куы дзырдтой:

— Фарн фæцæуы, фарн!.. Фарн уæм йæхи къахæй фæцæуы!..

Æви раст нæ уыдысты хистæрты ныхæстæ? Зæгъ-ма. Фæуром дæхи. Мауал згъал дæ цæссыг. Кæй уазал къухтæй хуыссынц дæ рухс бæллицтæ? Чи у? Куыд зæгъыс? Уарзондзинад?

— Нæ, рæдийыс. Тынг рæдийыс. Æцæг уарзондзинад суадонау сыгъдæг у, адæймаджы хурау фæтавы, йæ хъарутыл ын æфтаугæ фæкæны. Уæд афтæ цæмæн дзурыс?..

О, æрцыдис дæм æрæджиау фæсмон. Фæлæ байрæджы кодтай. Раздæр хинæй цы уарзоныл рацыдтæ, уый рæстуд æнкъарæнтæ дын нæ ныххатыр кодтой, æмæ ныр бахаудтæ сæ уацары. Дзаг цæстæй йæм нæ ракастæ. Æмæ ма абон, кæддæр цы тæнтъихæг лæппуйыл худтæ, уый дæ уарзты цинæй цæры, уæддæр дæм нал фæзындзæн. Йæ къухы хъармæй дын нæ бахус кæндзæн дæ цæссыг.

Мауал æм иваз дæ ризгæ къухтæ.

…Æнафон у ныртæккæ. Мауал бад. Æрхуыссын кæн дæ цырагъ. Æрбахгæн дæ рудзынг. Фæззыгон уазал уæнгты хизы. Хи дзы хъахъхъæнын хъæуы…

 Черчесты Хъасболат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here