Сергей МЕНЯЙЛО: «Иу кæй стæм, уый хъуыддагæй хъуамæ равдисæм»

0
29

Фарæстæм равзæрсты Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты агъоммæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей МЕНЯЙЛО радта интервью æмæ, партийы Адæмон программæ царды уагъд куыд цæуы, уымæн хатдзæгтæ скодта.
  Ныхас цыд политикæйыл нæ, фæлæ бæлвырд хъуыддæгтыл: фæндæгты цал километры æрцыд цалцæггонд, ног скъолатæ æмæ фæлсырон-акушерон пункттыл: се ‘взарджыты фæндæттæ депутаттæ куыд æххæст кæнынц æмæ хъуыддагæй куыд архайынц – æппæт уыдæттыл æмæ æндæр фарстатыл. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, хицаудзинады хорз куыстыл дзурæг сты гæххæттытæ нæ, фæлæ адæм кæй уынынц, уыцы бæлвырд хъуыддæгтæ æмæ хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ – сæ хæдзæртты кæртыты, уынгты, рынчындæтты, ахуыргæнæндæтты…

Фарст: Политикон тыхты ‘хсæн парти «Иугонд Уæрæсе» иннæтæй раздæр райдыдта адæмимæ комкоммæ ныхас кæнын, сарæзта Адæмон программæ, политикæйы уый уыд бынтон ногдзинад. Уыцы программæ царды уагъд цæуы ныр фондз азы. Йæ сæйраг хатдзæгтæ цавæр сты?

Дзуапп: Программæ куыд равдыста, афтæмæй у цардхъом æмæ хъæугæ. Фондзазоны сæйраг хатдзæг у, документ кæй ссис бирæ ахсджиаг фарстатæн сæ алыг кæныны ахсджиаг фæрæз. Уыцы фарстатæ бæлвырд кодтой адæм сæхæдæг – райдай царды нысаниуæджы æмæ фæу идеологон фарстатæй. Абоны бонмæ Адæмон программæ аххæссыд царды 17 къабазыл.

Ис бирæ дзурæн, фæлæ æппæты хуыздæр æвдисæн сты нымæцтæ. Иумæйаг регионалон продукты гуырахст фæстаг фондз азмæ фæфылдæр дыууæ хатты – 179 миллиард сомæй 335 миллиард соммæ. Промышленнон куыстады гуырахст фæфылдæр 90 процентæй – 35,3 миллиард сомæй 67,1 миллиард соммæ. Дыууæ хатты фæфылдæр цæрæнхæдзæртты арæзтад – 239,4 мин квадратон метрæй 471,3 мин квадратон метрмæ. Уымæй уæлдай, арæзт æрцыд, льготæмæ гæсгæ кæй дæттынц, уыцы хæдзæртты арæзтад. Уыцы хæдзæртты фатертæ райстой 775 бинонтæ, сæ фылдæр – бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ бюджетон къабазы кусджытæ. Нывылгонд цæуынц æхсæнадон фæзуæттæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ – фондз азмæ се ‘ддаг бакаст бынтон аивтой бирæфатерон хæдзæртты 500 кæрты æмæ 275 æхсæнадон бынаты. Æппæт уыцы ивддзинæдтæ финансон æгъдауæй бадомдтой иу миллиард сомæй фылдæр. Арæзт æмæ цалцæггонд æрцыд фæндæгты 470 километры, 48 хиды æмæ дыууæ тъунелы.

Паддзахадон программæтæ æмæ национ проекты фæлгæты арæзт кæнæ рацарæзт æрцыд 800 объекты, хæрдзтæ уыдысты 65 миллиард сомæй фылдæр. Ахсджиаг фарста у транспорт. Адæмон программæ кæдæй кусы, уæдæй ацы бонмæ æлхæд æрцыд дыууæ миллиард сомы аргъ транспорты 212 иуæджы, стæй ма 28 ног трамвайы, сæ аргъ – 1,7 миллиард сомы.

Хорз æнтыстытæ ис республикæйы æхсæнадон царды алы къабазы дæр. Хъуыддæгтæ къухы бафтыдысты, адæмы фæндæттæ æмæ уынаффæтæ нымад кæй æрцыдысты æмæ сын аккаг аргъгонд кæй æрцыд, уый фæрцы.

Фарст: Адæмон программæ у федералон æмвæзады документ. Уæдæ алы субъектæн дæр ис йæхи хицæндзинæдтæ. Цæмæй хицæн кæны Цæгат Ирыстон? Нæ республикæйы домæнтæм гæсгæ, ахсджиагдæрыл нымад цы æрцыд?

Дзуапп: Цæгат Ирыстонæн ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм истори, географи æмæ социалон-экономикон царды арæзт. Уымæ гæсгæ нæ хæс уыд федералон нысантæ республикæйы цæрджыты домæнтæм фæхæстæгдæр кæнын. Программæйы амынд алы хæсыл дæр ныхас цыд республикæйы цæрджытимæ фембæлдтыты рæстæг. Æмæ федералон нысантæ сын дзуапп куы нæ лæвæрдтой, уæд æм хастам, мах чи хъæуы, ахæм ивддзинæдтæ. Æппынфæстаг рауад, федералон практикæтæ æмæ Цæгат Ирыстоны домæнтæ чи баиу кодта, ахæм документ.

Ацы ран зæгъын хъæуы – федералон документ фæхуыздæр кæныны хæс нæ размæ не ‘вæрдтам. Фæлæ йæ «ратæлмац кодтам нæхи æвзагмæ». Уымæ гæсгæ хицæн цæрæн бынæттæм газ бауадзыны куыст банымадтам ахсджиагдæрыл. Æмæ адæмы цæрæн хæдзæрттæм газ бауадзыны социалон программæ æххæст кæнынæй хаст æрцыдыстæм хуыздæр дæс регионты ‘хсæнмæ – цæрджытимæ нæм фыст æрцыд 3 900 бадзырды.

Кæнæ – ахуырад. Мах дих нæ кæнæм – горæты скъола æви хъæуы скъола. Æппæт сывæллæтæн дæр ис ахуыр кæныны æмхуызон бартæ æмæ гæнæнтæ. Скъола цы ран ис, уымæ каст нæ цæуы. Фæсвæд ран науæд бæрзонд хæхты цы скъолатæ ис, уым дæр ис нырыккондæр нымæцон лабораторитæ, интерактивон кълæстæ æмæ компьютертæ, Дзæуджыхъæуы скъолаты куыд сты, афтæ.

Ивддзинæдтæ æрцыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы дæр, уæлдайдæр – фыццаградон къæпхæны. Географион æгдауæй йæ бынат Цæгат Ирыстонæн хуымæтæг нæу, уымæ гæсгæ, медицинæ алы ранмæ дæр цæмæй фæхæстæдæр уа, уыцы хъуыддаг домы сæрмагонд æргом. Уавæр цæмæй хуыздæрырдæм аива, уый тыххæй арæзт æрцыд ног медицинон пункттæ – арæзт кæнæ бындурон цалцæггонд æрцыд 27 фелсырон-акушерон пункты æмæ амбулаторитæ. Рацарæзт æрцыд æхсæз поликлиникæйы, 100 процентæй сног кодтам медицинон æххуысы автопарк.

Фарст: Æвзæрстыты агъоммæ «Иугонд Уæрæсе» сарæзта ног Адæмон программæ. Республикæйы цæрджытæй йæм фæхæццæ курдиæттæ 16 минæй фылдæр. Цавæр сты уыцы курдиæттæ æмæ лыггæнинаг фарстатæ? 

Дзуапп: Партимæ цы фæндæттæ фæхæццæ, уыдон ис адих кæнæн дыууæ къордыл: цæрыны зæрдæмæдзæугæ уавæртæ æмæ социалон инфрастуктурæйæ пайда кæныны гæнæнтæ. Адæмы фæндæттæ баст сты фидæнимæ, фæлæ гъе ныртæккæ сæ цы хъæуы, уыимæ. Æмæ уыцы хъуыддагмæ парти йе ‘ргом здахдзæн. Адæмон программæ 2021 азы арæзт куы цыд, уæд бирæ курдиæттæ уыд скъолатæ цалцæг кæныны тыххæй. Уыцы курдиæтты фæстиуæг – республикæйы рацарæзт æрцыд 121 скъолайы. Фæлæ парти ацыд дарддæр. Хъуыддæгтæ æрдæгыл нæ баззадысты, æмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй программæмæ хаст æрцыдысты сæвæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ астæуккаг профессионалон ахуырады кусæндæттæ. Абоны бонмæ цалцæггонд æрцыд дæс рæвдауæндоны, райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ колледжты æмæ техникумты.

Фарст: Адæмон программæ æнтыстджыныл банымайыны бæрæггæнæн цавæр у, дæумæ гæсгæ? 

Дзуапп: Уыцы бæрæггæн у иунæг – алы адæймаджы, алы бинонты, алы цæрæн бынаты царды уавæртæ дæр хуыздæр кæнын. Программæйы æнтыстдзинад проценттæй баргæ нæу, фæлæ цард цас фæхуыздæр ис, уымæй.

Фарст: Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын ирыстойнаг адæмæн сæ туджы ис. Уæдæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнын ныртæккæ у фыццаградон хæс. Цавæр сты уыцы æххуысы мадзæлттæ Цæгат Ирыстоны, уыимæ, партийы ‘рдыгæй дæр.

Дзуапп: Нæ хъæбатыртæн æххуысæн ис æртæ фæзилæны – æххуыс кæнын тынг тагъд, стæй рæстдзинады æмæ нывыл æмæ иудадзыгон бындуртыл. Ахæм куыст æххæссы, адæймагмæ мобилизацимæ куы фæсидтысты, уыцы бонæй æмæ, хæдзармæ цалынмæ не ‘рыздæха, уæдмæ. Уый у нæ фыццаградон æмæ ахсджиагдæр хæс, нæ бæстæйы рухс фидæныл абон знагимæ чи хæцы, уыдоны раз. Цæгат Ирыстон алкæддæр уыд æмæ уыдзæн Уæрæсейы æфсæддон форпост, æмæ мах нæ хæс кæронмæ сæххæст кæндзыстæм.

Абоны бонмæ нæ республикæйы ис æфсæддонтæн æмæ сæ бинонтæн æххуысы 37 регионалон хуызы. Закъонæвæрынадон бындурыл кусынц финансон æххуысы мадзæлттæ: кредит фидынæй рæстæгмæ суæгъд кæныны гæнæнтæ, зæрдæмæдзæугæдæр проценттæм гæсгæ ипотекæ исын æмæ æндæртæ.

Цæрæнуаты фарста алыг кæндзæн хæстонты бинонтæн хи хæдзæрттæ аразыны программæ. Рады дзы лæууынц 967 адæймаджы, уыдонæй 800 сты, чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæ. Йæ фæзуат 75 квадратон метрæй 95 квадратон метрмæ кæмæн у, ахæм цæттæ хæдзæрттæн зæххы хайимæ иумæ йæ аргъ у 4,5 милуан сомы. Республикон бюджет æххуыс кæны дыууæ милуан сомæй фыццаг бафысты хуызы, цы æхца баззайы, уый та хъæууон ипотекæйы хуызы 2,5 процентмæ банк дæтты 25 азмæ. Фыццаг ахæм 100 хæдзарæн сæ бындуртæ æвæрд æрцыдысты. 2027 азы фæззæгмæ 150 объекты уыдзысты цæттæ.

Ис ахæм æхуысы мадзæлттæ дæр – рæвдауæндæттæм æмæ скъолатæм фыццаградоны хуызы ист цæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ. Хæстонты кæстæртæн ис уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуыны уæлбартæ дæр. Æфсæддонæн йæхицæн, цалынмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайы, уæдмæ йæ куысты бынат сæфт нæ цæуы.

«Иугонд Уæрæсе»-йы ‘рдыгæй цæуы комкоммæ æххуыс, хъуаг чи æййафы, хæстоны уыцы бинонтæн.

Партийы регионалон хайад иудадзыг дæр цæттæ кæны æмæ æрвиты гуманитарон æххуыс, уыимæ, хæцгæ чи кæны, канд уыдонæн нæ, фæлæ ма Уæрæсейы ног регионтæм дæр. Æдæппæт æрвыст æрцыд гуманитарон æххуысы 396 тоннæйы.

Нæ рох кæны парти, хæсты быдырæй сабыр цардмæ чи æрыздæхт, уыцы ветеранты дæр. Уыдонæн сæрмагондæй арæзт æрцыд ахуырадон проект «СВОй бизнес». Йæ фæрцы сæрмагонд æфсæддон операцийы раздæры архайджыты æмæ сæ бинонты ахуыр кæнынц амалхъомадон куыст кæныныл. Ацы проект царды рауадзыны хъуыддаджы нæ республикæ ис раззагдæртимæ.

Фарст: Разæй нæм чи æнхъæлмæ  кæсы, уыцы политикон рæстæгæн «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад цавæр нысантæ æвæры?

Дзуапп: Уыцы растæг канд æвзæрстытæм цæттæгæнæн рæстæг нæу, фæлæ у иудадзыгон ахсджиаг æмæ ахадгæ куысты рæстæг. Нымæцæй фылдæр цы парти у, уымæн æвзæрстыты агъоммæйы рæстæг «фынæй» кæныны бар нæй. Бæлвырд хъуыддæгтыл куы дзурæм, уæд нæ партийы уæнгтæн сæ размæ æвæрын ахæм хæстæ: экономикон нывылдзинад – уый къухы æфты регионы куыстадон бындурты, хъæууонхæдзарады æмæ туристон къабæзты парахаты фæрцы; фæсивæды патриотон хъомылад; сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æппæтвæрсыг æххуыс.

Разæй нæм цы æвзæрстытæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдон домынц иудзинад, æмзонд æмæ æмхъару. Æмæ, иу кæй стæм, уый хъуыддагæй хъуамæ равдисæм.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ  

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here