Мелодийы баззад цæргæйæ Дзаттиаты Цецилияйы ном, йæ амæлæты бонмæ та – дунейы хъуыстгонд виолончелист æмæ пианист Мстислав Ростроповичы уарзæгой зæрдæйы. Ирыстоны хъуыстгонд фæндырдзæгъдæг Калманты Земфирæ «Цецилия»-ы цагъды мырты снывæзта хæрзуд, рæсугъд, бæрзонд æмвæзады курдиатæй хайджын чызджы миддуне, æнкъарæнтæ, стæй йæ хорз æмбалмæ ахаст. Йæ зæры бонмæ, Цецилияйы трагикон мæлæты фæстæ дæр, Мæскуыйæ Ирыстонмæ йæ ингæн бæрæг кæнынмæ, удæгас дидинджыты бастимæ цыд дунейы зындгонд музыкант. Йæ царды музæ Цецилияйы рухсмæ фæзынд æмæ мæлæт æрцыдысты иу мæй – сентябры.
Паддзахадон хæрзиуджытæ йæм нæ уыд, нæдæр адæмон, нæдæр сгуыхт артисты ном хаста. Кæмфæнды ма уыдаид, йæ цыбыр царды (рацард 37 азы), чи йæ зыдта, уыдон ын стыр аргъ кодтой. Чайковскийы номыл, консерваторийы ахуыргæнгæйæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой ахуыргæнæндоны алы курсы студенттæ. Чызг та, цымæ йæ уыдæттæ не ‘ндавынц, афтæ дардта йæхи, ахуырæй уæлдай, æндæр ницæмæ дардта йæ хъус. Уындæй та, зæгъынц, уыд æвæджиау рæсугъд: бæрзонд, тихалæджы æнгæс йæ гуырыконд, урсцъар, æрвхуыз цæстыты ‘нгас даргъ пух цæстыхауты бынæй дзырдта, хуымæтæг адæймаг кæй уыд, ууыл. Сабыр, хæдæфсарм чызг ныгъуылд уыд йæ мæгуырдзинадæй хæрзарæзт мæскуыйæгты ‘хсæн.
Суанг уынджы цæуынмæ дæр æмбал агуырдта, фылдæр хатт иу æй æмдзæрæнмæ бахæццæ кодта йе ‘фсымæр Гасситы Знауыр – Мæскуыйы Авиацион институты студент. Арæх æй бæрæг кодта, кавказаг лæппуйы раз æм сдзурын дæр ничи уæндыд. Йемæ базонгæ, сси йæ хæлар консерваторийы аспирант Мстислав Ростропович «кæд æм Цецилия йе ‘ргом раздахид»-ы хъуыдыимæ. Тæнтъихæг æрыгон виолончелист æй æгæрон уарзтæй бауарзта, йемæ аныхас кæнынмæ та йæ ныфс нæ хаста. Кавказаг чызгмæ йæ дзурджытæй ничи уæндыд хæстæгмæ аныхас кæнын.
Цецилия консерватори каст фæцис, фæлæ уыцы рæстæгмæ йæ рауагъдонтæн Ирыстоны куысты бынæттæ нæма уыд. Дзæуджыхъæуы оперон театр нæма байгом, æмæ æрыгон зарæггæнæг архайдта филармонийы камерон концертты, фæстæдæр та йæхæдæг дæр лæвæрдта концерттæ. Сыгъдæг меццо-сопрано, сценикон зæрдæисгæ ‘ддагбакастæй балхæдта адæмы зæрдæ. Иунæг оперæйы дæр нæ зарыд Циля, йе ‘нæниздзинады уавæр уый нæ амыдта. Оперон сценæйы йын цы нæ бантыст, уый сæххæст кодта Ирон театры, райдыдта дзы кусын 1954 азы. Уыцы рæстæг хæстæгдæр базонгæ зындгонд фæндырдзæгъдæг æмæ композитор Калманты Земфирæимæ. Земфирæ уыд ансамбль «Алан»-ы концертмейстер, сфæлдыстадæн лæггадгæнæг чызджыты та сиу кодта аивадмæ уарзондзинад, кæрæдзийыл æнувыд уыдысты.
Уæлахизы бонæй бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Цецилия «Алан»-ы ансамблимæ ацыд гастрольты Германимæ. Алы горæты дæр сыл райгæйæ, æмбæлдысты цæрджытæ. Сæ иуы, концерты фæстæ артисттæ сценæмæ куы рахызтысты, уæд бирæтæ уыдысты аив уæлæдарæсы, æрыгон чызг та хуымæтæг арæзт уыд æмæ ‘фсæрмы кодта семæ иу сценæйыл лæууын. Куы йæм бахатыдысты, уæд ма йын цы гæнгæ уыд. Ахæм уæлæдарæсы дæр сценæйы цæхæр кæй калдта йе ‘ддагбакастæй, уый концерты уæвджытæ æнæбафиппайгæ нæ фесты.
Æрхæсдзыстæм Ирон театры архивы Дзаттиаты Алыксандры чызг Цецилияйы Хъуыддаджы фыстытæй скъуыддзаг: «…Дзаттиаты Цецилия 1948 азы каст фæцис Чайковскийы номыл консерваторийы цур оперон студи. Йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ паддзахадон фæлварæнтæ нæ ратта. Æмбал Дзаттиаты чызгмæ ис, иннæтæй йæ чи хицæн кæны, ахæм миниуджытæ: эмоционалон цырындзæгдзинад, ис ын хорз хъæлæс, йæ бон у хи фæлхатын, æнцонæй райсы æндæр фæлгонц. Æппæт уыдæтты фæрцы зæрдæ дарæн ис, æмæ Ирон театры коллективæн пайдайаг æмкусæг кæй уыдзæн».
Æнæферохгæнгæ фæлгонцтæ сарæзта ацы театры: Дездемонæ – «Отелло», Зæлинæ – «Тæрккъæвдайы размæ», Зæлинæ – «Æфсымæртæ», Корделия – «Къарол Лир», Фатимæ – «Фатимæ»-йы. Уыцы ролы тыххæй театры архивы æрмæгæй автор базыдта, фæлгонцыл кусгæйæ, Цецилия кæй архайдта, хъайтар сылгоймаджы уд æдзух цæмæй байдзаг вæййы, уыцы æбæрæг хæрзаив бæллиц бахахх кæныныл. Уымæй Фатимæйы – хохаг сылгоймаджы сурæт рауад æнахуыр зæрдæмæдзæугæ. Уыцы хуызы куыста, цы йын уыд баргонд, уыдæттыл. Эпизоды ахъазыд аивадон киноныв «Сын Иристона»-йы, раттой йын Таймуразы мады роль. Егъау нæ уыд, фæлæ, киноныв чи федта, уыдон æй хорз бахъуыды кодтой, афтæ зæрдæмæдзæугæ йын рауад.
Ирон чызгæн Цецилия ном куыд æнахуыр уыд, æгасæй дæр афтæ рахаста йæ цыбыр цардвæндаг, æрдзæй лæвæрд ын уыд курдиат, æддагбакаст æмæ удысконд. Уæвгæ, йæ хиуæттæй бирæтæ уыдысты ахæм адæймæгтæ. Фыд Алыксандр уыд зындгонд æхсæнадон архайæг, Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы Сæрдар, фыссæг æмæ революционер. Ууыл дзурæг у, Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый къулыл фæйнæг. Цецилия уыд ирон литературæйы классик Хъуылаты Созырыхъойы хæрæфырт, йæ фыдыхо – Гуырдзыстоны адæмон артисткæ Дзаттиаты Соня. Йæ фырт Гасситы Знауыр та – Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар. Туг хæссы, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц.
Дзаттион Мæскуыйæ куы сыздæхт, уæд йæ курджытæ сарæх сты, равзæрста сæ къæйныхдæры, зындгонддæр æмæ цытджындæры – инженер Бутаты Барисы. Фæзынд сын хъæбул дæр, сæвæрдтой йыл ном Алан. Фæлæ сæ цард нæ ацыд, æмæ ахицæн сты. Мстислав Ростроповичæн та, фыццагау, йæ зæрдæйы уарзондзинады арт сыгъд. Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ цыд поезд, сбадт ыл йæ Циля, хæстæгдæр рæстæг хъуамæ фæстæмæ Мæскуымæ раздæхтаид, æмæ сæ цард баиу кодтаиккой. Ууыл баныхас кодтой дунейы зындгонд адæймаг æмæ Ирыстонæн адæмуарзон актрисæ. Фæлæ хъуыддаг нæ сырæзт. Йæ хъæбулыл хъуыдыгæнгæйæ, мад дыккаг хатт йæ амонд ссарыныл нал сразы…
Сентябры 1961 азы Дзаттион дæндаджы рыстимæ æрбаздæхт гастрольтæй, йæ уавæр фæуæззаудæр, æмæ мæйы фæстæ йæ цардæй ахицæн. Фæндаггон фыдбылызы фæмард йæ лæппу, курдиатджын дохтыр Алан дæр, йæ мадау ыл цыд æрмæст 37 азы… 2005 азы Ирыстонмæ Мæскуыйæ стахт Мстислав Ростропович, дидинджытимæ бацыд Цецилияйы уæлмæрдмæ, æрзоныгуыл кодта йæ ингæны раз æмæ загъта: «Фыццагдæр мыл уым чи сæмбæлдзæн, уый уыдзæн Уый». Дыууæ азы фæстæ йæ цардæй ахицæн…
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














