Йæ фæлтæрддзинадимæ базонгæ кодта

0
22

Травматологи æмæ ортопедийы зындгонд специалист, медицинон наукæты кандидат, Игорь Соловьевы æрхуыдтой Дзæуджыхъæумæ, цæмæй йæ фæлтæрддзинадимæ базонгæ кæна бынæттон дохтырты.

Тагъд медицинон æххуысы республикон клиникон рынчындоны сæйæг адæймагæн скодтой вазыгджын операци – йæ сины стæджы хуылфы цы къанау ис, уым ауагътой сæрмагонд æлхуый. Уый фæстæ йæ бафидар кодтой винтытæй.

Ома, ахæм операцитæ ацы рынчындоны дохтыртæ раздæр дæр æххæст кодтой, фæлæ Игорь Соловьевы бавнæлд бæрæг дары, рентген нывты нымæц зынгæ кæй фæкъаддæр, уымæй. Рынчынмæ тыны уæз къаддæр хауы, операцигæнджытæ дæр уымæй хызт цæуынц. Тагъд медицинон æххуысы республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Наниты Аскер куыд зæгъы, афтæмæй раззагдæр специалистты республикæмæ æрхоныны хъуыддаг хорз ахады дохтырты арæхстдзинæдтыл.

«Райсæм сæ практикон авналæнтæ, хирургон ногдзинæдтæ, уый нæ куысты иу хай у. Медицинон æххуысы хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæны, кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаг дæр рæзы. Ярославлы горæтæй нæм Игорь Николайы-фырт Соловьев ссыд, йæхæдæг цы операцийы хуыз сарæзта, уыдæттæ федтам. Уымæй нæ фæлтæрддзинадыл бафтыд, бузныг ын», – фæбæрæг кодта рынчындоны сæйраг дохтыр.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here