Фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг

0
54

Боциты Бароны райгуырдыл сæххæст 125 азы

Ивгъуыд æнусы 30-40 азты ирон литературæйы рæзтмæ ахадгæ æвæрæн чи бахаста, нæ ирон литературæйы уыцы зæрингуырдтæй иу у Боциты Тимофейы фырт Барон. Йæ цыбыр, фæлæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдæй бирæвæрсыг æмæ хъæздыг царды фæндаггаджы рæстæг ын цы æмдзæвгæтæ, прозаикон уацмыстæ, пьесæтæ, зонадон уацтæ ныффыссын бантыст, уыдонæй бирæты мидис æмæ хъуыды у абон дæр ахсджиаг.

Фидæны зындгонд фыссæг райгуырд 1901 азы 13 сентябры Цæгат Ирыстоны хæххон хъæу Тибы. Каст фæци хъæуы дины скъола. Советон дуг куы нæма ралæууыд, уыцы рæстæг Барон сæ хъæу æмæ Дзæуджыхъæуы кодта алыхуызон цæнгдых куыстытæ.  1923 азы бацыд фæскомцæдисмæ. Уый фæрцы йын фадат фæци ахуыр кæнынæн. Каст фæци Мæскуыйы Скæсæны адæмты университет, стæй та бацыд æмæ æнтыстджынæй сахуыр кодта Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн инстиуты аспирантурæйы (ныры Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт).

Аспирантурæ каст фæуыны фæстæ зæрдиагæй йæ цыбыр царды фæстаг бонмæ кодта сфæлдыстадон, иртасæн æмæ æхсæнадон куыст. Уыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Адæмон комиссарады Аивæдты управленийы сæргълæууæг (нырыккон æвзагæй дзургæйæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы министр), журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор, Фысджыты цæдисы сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ахуыргæнæг. Алы рæстæджыты арæхстджын разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театрæн, Наукон-иртасæн институтæн, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейæн. Уыд Нарты кадджыты иугонд текстты рауадзыныл кусæг паддзахадон комитеты æмæ Хетæгкаты Къостайы райгуырды 80 азы юбилей сбæрæг кæныны паддзахадон комитетты уæнг.

Хæххон æмæ быдираг хъæуты цæрæг ацæргæ адæмæй æмбырд кодта кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ. Фыста уацтæ адæмон сфæлдыстад æмæ нæ зындгонд фысджыты, поэтты, драматургты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Йæ хъус цæстуарзонæй дардта ирон литературæйы райдайгæ авторты курдиаты рæзтмæ. Цæстуарзонæй сыл аудыдта кæддæриддæр.

Йе ‘мдзæвгæты, прозаикон æмæ драмон уацмысты ирд æмæ алывæрсыгæй, мидисджынæй æвдыста хæххон фæллойгæнæг адæмы зын цард, сæ зæрдиаг фæллой æмæ æнтыстытæ царды алы къабæзты советон дуджы, граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты нæ бæстæйы æфсады, ирон æмæ æндæр адæмыхæттыты лæгдзинад тохы цæхæры æмæ хæсты фæсчъылдым, уарзондзинад Ирыстонмæ, Фыдыбæстæмæ, æрдз æмæ цæрæгойтæм, æнæуынондзинад – мæнгард æмæ фæлитойтæм, рæстаг адæмы бартæ къахыргæнджытæ æмæ магусатæм.

Йæ роман «Саст рæхыс» у автобиографион. Автор дзы лæмбынæгæй равдыста æвадат хæххон хъæуы адæмы цард, фæсивæды тырнындзинад рæстаг фæллоймæ, фæсивæды тырнындзинад ахуырмæ. Ацы уацмыс, мыхуыры йæ хицæн чиныгæй рауадзыны фыццаг азтæй суанг ныры онг дæр уарзон у ирон литературæйæн аргъгæнæг алы фæлтæртæн.

Боциты Барон æмæ йе ‘мсис хæлар, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, драматург, тæлмацгæнæг, поэт Плиты Грисимæ иумæ ныффыстой цалдæр пьесæйы: «Цард-мæ», «Æлдар æмæ Зондаби», «Нарты фæткъуы», «Уырытæ». Сæ алкæцымæ гæсгæ дæр алы азты Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры æвæрд æрцыд спектакльтæ, æхсызгонæй сæм каст театрдзауты алы фæлтæр дæр.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ир»-ы алы азты мыхуыры рацыдысты Боциты Бароны поэтикон æмæ прозаикон, драмон уацмысты æмбырдгæндтæ «Кæуыл худут?», «Цины бонтæ», «Фурд», «Октябры цин», «Лæг æмæ домбай», «Тохы фæйлауæнтæ», «Саст рæхыс» (хицæн чиныгæй рацыд цалдæр хатты), «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ»…

Курдиатджын композитортæ Алыккаты Ахполат, Тотиты Андрей, Ефим Колесников Бароны æмдзæвгæтæй сарæзтой зæрдæмæдзæугæ зарджытæ. Уыдон ныртæккæ дæр арæх фехъусæн вæййы концерттæ æмæ сфæлдыстадон изæрты, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны радио æмæ телеуынынадæй.

Боциты Барон йæ цардæй ахицæн 1944 азы 20 июлы. Зæрдæйы стыр хъыг æмæ кадимæ йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты.

Йæ фарн ын дарддæр, куыд поэт æмæ фыссæг, киносценарист, афтæ рæсугъдæй хаста йæ фырт Юри. Йе ‘мдзæвгæтæ, прозаикон уацмыстæ, кæд уырыссагау фыста, уæддæр дзы арæхстджын æмæ фæлгонцджынæй æвдыста Ирыстоны ивгъуыд æмæ абоны цард, фыдæлты удыхъæд, патриотизм, æрдз, уарзондзинад ныййарæг мад æмæ сылгоймагмæ. Чиныгуадзæн «Ир»-ы Юрийæн рацыд цалдæр поэтикон æмæ прозаикон æмбырдгонды. Уыд дæсны публицист, журналист æмæ Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ киностудиты сфæлдыстадон рæзтыл зæрдиаг архайджытæй иу. Фыста сценаритæ аивадон æмæ документалон кинонывтæм.

Æрæджы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы уыд Боциты Бароны райгуырды 125 азы кадæн йæ номарæн сфæлдыстадон изæр. Зындгонд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæджы цард, зонадон æмæ литературон бирæвæрсыг архайды тыххæй дзы радзырдтой РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис, йæ хæдивæг, прозаик Цомартаты Изæтбег, Ирон литературæйы музейы зонадон кусджытæ Цыхуырбаты Сергей æмæ ацы рæнхъыты автор.

Курдиатджын актер æмæ поэт Годжыцаты Георги аив бакаст Барон æмæ йæ фырт Юрийы прозаикон æмæ поэтикон уацмыстæй хицæн скъуыддзæгтæ.

Мысæн изæрмæ Ирон литературæйы музейы сæргълæууæг Бдайциаты Земфирæ бацæттæ кодта Боциты Бароны цард, æхсæнадон архайд æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстад æвдисæг къамты, чингуыты, хъуыддаджы гæххæттыты, къухфыстыты мидисджын равдыст.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ирон адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы солист Георгий Степанов хъисынфæндырæй ацагъта Бароны æмдзæвгæтыл фыст вокалон уацмысты мелодитæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here