Æдасдзинады фарстатæ

0
43

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй уыд республикон Оперативон штабы æмбырд. Боны фæткы сæйрагдæр æрныхас кодтой, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Бардзырдмæ гæсгæ, цардыуаджы æнæмæнг хъæугæ системæтæ æнæкъуылымпытæй цæмæй кусой, терроризм æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ тохы мадзæлттыл, æмæ æхсæнадон æгъдаухæлдтытæ не ’руадзыныл.

Æмбырды архайджытæ бæлвырд равзæрстой, республикæйы царды алы къабазы рæзты уæлæмхасæн мадзæлттæ, уыимæ ма æркастысты инфраструктурон куыстуæттæ æмæ организациты архайдимæ баст тæссаг хъуыддæгтæм. Уæлдай æргом аздæхтой, цæрджыты æдасдзинадæн тæссаг чи у, ахæм диверситы ныхмæ тохы фарстатæм.

Оперативон штабы куысты архайдтой барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæн ведомствæты разамонджытæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ æмæ Цæгат Ирыстоны районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ.

Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, республикæйы æдасдзинад æмæ æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны хъуыддаджы, æппæт структурæтæ æмæ ведомствæты нывыл æмгуыстадæн цы ахсджиагдзинад ис, уый. Кæронбæттæны ма регионы Сæргълæууæг фæнысан кодта, оперативон уавæры ивддзинæдтæ æмæ, цы фарстатæ рахастой рæгъмæ, уыдон куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ бæлвырд цæст дарын. Ноджы ма бахахх кодта, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты æнæмæнг æнгом æмархайд кæй хъæуы, уый.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here