Хъæуы уынгæн – поэты ном  

0
48

Колиты Виталийы мæлæт уыдис æнæнхъæлæджы цау, æмæ йæ бирæ хæлæрттæ, йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтæ æрвдзæфау фесты.

Курдиатджын фыссæг, поэт, публицист, тæлмацгæнæг райгуырд Хетæгкаты Къостайы хъæуы Хъæрæсе-Черкесы  Республикæйы, фæлæ, хæрз чысыл сабийæ йæ мадимæ кæм æрбынæттон, уыцы Æхсæрысæр нымадта йæ райгуырæн хъæуыл, æнæкæрон уарзтæй йæ уарзта, йæ поэтикон уацмысты ахсы зынгæ бынат.

Уымæ гæсгæ Æхсæрысæры уынгтæй иу, Витали кæм цард, уымæн поэты ном раттыны хъæуыхицау Дзидзойты Тасолтаны хъæппæрисыл адæм æхсызгонæй сæмбæлдысты æмæ йæ фарс рахæцыдысты.

Тасолтан куыд зæгъы, афтæмæй, рæзгæ фæлтæртæ хъуамæ зоной æмæ сæрыстыр уой, сæ хъæуы цавæр зынгæ адæймæгтæ цард, уыдонæй. Виталийы ном сæнусон кодтой, йæ сабибонтæ æмæ йе ‘взонджы бонтæ цы уынджы арвыста, уым.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Витали сæрыстыр уыд, Æхсæрысæры кадджын гражданины ном ын кæй раттой, уымæй. Цы загъдæуа хъысмæтæн, йемæ тохгæнæн нæй, йæ тæрхон фылдæр хатт æгъатыр вæййы. Фæлæ, кæд йæ зæххон цард фæци Виталийæн, уæддæр йæ ном цæрдзæн йæ уынджы, сæйрагдæр та, цы æвидигæ литературон бынтæ ныууагъта, уыдоны, æмæ сæ кæсдзысты, мадæлон æвзаг зынаргъ æмæ уарзон кæмæн у, уыцы дзыллæтæ. Ирыстоны историйы та баззайдзæн йæ ном, куыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Ирæф» саразджытæй иу. Бирæ азты дæргъы дзы, суанг йæ амæлæты онг, куыста сæйраг редакторы хæдивæгæй.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here