Уазджытӕ — Финляндийӕ

0
707

Знон нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав фембӕлдис Финляндийы паддзахады делегацийы уӕнгтимӕ.
Кадджын фембӕлды архайдтой Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы культурӕйы министр Милдзыхты Руслан, национ ахастдзинӕдты министр Цуциты Аслан.
Уазджытӕн ӕгасцуай зӕгъгӕйӕ, Битарты Вячеслав фӕнысан кодта, Цӕгат Ирыстоны бирӕ азты ӕнгомӕй кӕй цӕрынц 100 адӕмыхаттӕй фыл- дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ ис фадат се ‘взагыл дзурынӕн, се ‘гъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ бахъахъхъӕнынӕн. Республикӕйы царды активонӕй архайынц.
— Финляндийы дӕр цӕрынц не ‘мзӕххонтӕ, ӕмӕ разы сты сӕ царды уавӕртӕй. Уырны мӕ, абоны фембӕлд ахъаз кӕй уыдзӕн нӕ адӕмты хӕлардзинадӕн, Ирыстон ӕмӕ Финляндийы ‘хсӕн кӕй фӕзындзӕн фидар культурон ӕмӕ экономикон бастдзинӕдтӕ, уый. — Мах стыр аргъ кӕнӕм финаг ахуыргонд Шегренӕн. XIX ӕнусы кириллицӕйы бындурыл дамгъуат чи сарӕзта, уый номыл Дзӕуджыхъӕуы ис уынг. Уыцы хъуыддаг дӕр бӕтты нӕ дыууӕ паддзахады, — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг. Делегацийы сӕргълӕууӕг, Финляндийы минӕварады уӕнг Литти Хелантеря куыд загъта, афтӕмӕй сӕ балцы нысан у нӕ республикӕйы экономикон, туристон, хъӕууонхӕдзарадон ӕмӕ ӕндӕр гӕнӕнтимӕ ба- зонгӕ уӕвын.
— Ныридӕгӕн 900 финаг компанийы кусынц Уӕрӕсейы, сӕ фылдӕр сты Мӕскуыйы, Ленинграды облӕстты, Владивосточы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Фӕллой дзы кӕны 40 мин адӕймаджы бӕрц. Промышленность, базарад, арӕзтады объекттӕ, энергетикӕйы станцӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр технологитӕй ӕрмӕст стыр горӕттӕ нӕ, фӕлӕ регионтӕ дӕр хайджын куыд уой, уый тыххӕй нӕ фӕнды ӕмгуыстады бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнын. Амалхъомады райрӕзтӕн бындур сӕвӕрынӕн нӕ бахъӕудзӕн республикӕйы Хицауады ӕххуыс, — загъта Литти Хелантеря.
Нӕ республикӕйы алывӕрсыг райрӕзтӕн ахъаз чи уыдзӕн, ахӕм хъӕугӕ хъуыддӕгтӕн Хицауады ‘рдыгӕй ӕххуыс кӕй уыдзӕн, уымӕй фысымтӕ зӕрдӕ бавӕрдтой.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here