Зæрдæвæрæн æмæ Майрæмы куадзæн

0
927

 

Ирон адæм се ‘гъдæуттæм се ‘ргом тынгдæр аздæхтой, æмæ арæхдæр фæрсын райдыдтой нæ газеткæсджытæ иу кæнæ иннæ æгъдау бæрæгбон куыд растдæр кæнгæ у, уыдæттæй. Ныртæккæ сæ сагъæс сси Зæрдæвæрæн. Уымæн æмæ йæ, къæлиндартæ чи кæны, уыдон майы мæйы алы къуыритæ æмæ бонтæм бахастой. Цæмæн, уыцы фарстæн дзуапп раттын нæ зонгæйæ.

Иннæ ахæм æй чидæртæ бæттынц Чырыстон бæрæгбонимæ уæларвмæ йæ фыдмæ Чырыстийы ацыдимæ (Вознесение Господне). Цины бæрæгбонимæ, аргъуанты заргæ куы фæкæнынц, дзæнгæрджытæ куы фæцæгъдынц, уыцы бонимæ.

Ирон Зæрдæвæрæн та у мæрдты бон — æнкъард æмæ цæссыгкалæн бон æмæ æрвылаз дæр вæййы майы мæйы фæстаг цыппæрæмы. Афæдзы дæргъы чи амард, уыдоны ингæнтыл нæуузæлдæвæрæн, саив сæ кæныны бон, цæмæй сыл хæмпæлгæрдæг ма æрзайа, ууыл бацархайыны бон. Стæй сын, уалдзæджы цы халсар, дыргъ, гагадыргъ фæзынд, уый ныххæлар кæныны бон. Ацы аз Зæрдæвæрæн уыдзæн 31 майы.

Уыцы уагыл — сæрды цы халсар, дыргъ фæзынд, уый ныххæлар кæныны уагыл бæрæггонд цæуы Майрæмы куадзæн æрвылаз дæр августы фæстаг майрæмбоны. Кæд уый дæр Чырыстон диныл иузæрдионтæ бæоæгбон “Успение Пресвятой Богородицы”- имæ бæттынц, уæддæр. Уый та æрвылаз дæр вæййы мæйы уыцы- иу бон — 28 августы. Æмæ æрцæуы хуыцаубонмæ дæр. Ирон адæм хуыцаубоны уæлмæрдмæ дæр нæ цæуынц.

Газеткæсджытæ фæрсынц, ног мардæн йæ дыууиссæдзæм бон куы нæма ахицæн вæййы, уæд ын йæ Зæрдæвæрæн, Майрæмы куадзæн кæд кæнгæ сты, зæгъгæ, уымæй дæр уыдонæй мардæн йæ дыууиссæдзæм бонæй раздæр кæцы æрцæуы, уый кæнгæ у йæ дыууиссæдзæм бонимæ иумæ. Хицæн фынджыдзагимæ. Афтæ кæнгæ у Мæрдты куадзæн-комуадзæн дæр. Науæд йæ афæдзы бонæй фæфæстæдæр уыдзысты. Æмæ уый раст нæу, кæд ын йæ афæдзы кæнд фæстæдæр скæнынц, уæддæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here