Ирон æвзаджы цæрайæ цæры
Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг æмæ критик Хуыгаты Сергейыл сæххæст 85 азы
Хуыгаты Зауырбеджы фырт Сергей райгуырдис 1933 азы 15 майы Хуссар Ирыстоны Хуыгаты хъæуы. Райдайæн ахуыр райста йæ райгуырæн хъæуы. 1944 азы Хуыгаты бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйыхъæуы. Ам Сергей 1950 азы каст фæци астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультетмæ. Институты фæстæ Хуыгайы-фырт куыста Дагестаны, стæй та Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуыргæнæгæй. Уыцы-иу рæстæг фæсаууон- мæ ахуыр кодта М.Горькийы номыл Литературон институты. 1965- 1971 азты уыд Цæгат Ирыстоны телестудийы редактор. 1981 азæй абоны онг кусы чиныгуадзæн «Ир»-ы аивадон æмæ сывæллæтты литературæйы хайады хистæр редакторæй. Хуыгаты Сергей сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты. 1962 азы уæды æрыгон поэттæн Джыккайты Шамил, Ходы Камал æмæ Хуыгаты Сергейæн джиппы рацыд æмдзæвгæты иумæйаг чиныг «Бонвæрнон». Уый фæстæ хицæн чингуытæй — йæ уацау «Æхсырласæг», «Фæндаджы мæт» (æмдзæвгæтæ), «Хурвæндаг (радзырдтæ æмæ уацау), «Зарæг баззадис мемæ” (радзырдтæ æмæ уацау), «Ацы хъарм хуры бын» (роман æмæ уацау), «Уый дын Хепа» (юмористон радзырдтæ), «Уацаутæ», «Урс изæртæ» (радзырдтæ æмæ уацау), «Нарты Фарнæг» (роман æмæ радзырдтæ), «Хуры рæгъ» (æмдзæвгæтæ), «Сæнæфсиры цупæлттæ” (радзырдтæ æмæ уацаутæ).
Чингуытæ
(радзырд)
К уыддæр уыцы куыстмæ бахауд Ыхтол, афтæ нард кæнынмæ фездæхт. Мæйы бонмæ йыл йе ‘мкусджытæ гуырысхотæ кæнын байдыдтой. Чи-иу ыл сæ амбæлд, уый-иу ыл йæ цæстытæ ма сзылдтаид, афтæмæй ницæй тыххæй ахызтаид йæ иувæрсты. Уæззæуттæхæссæг чи у, бынæй æфтауцы кусæг стыр къахджын Тимош, уый йæм иу бон бирæ фæкасти, стæй бахудт.
— Хуыцауы тыххæй, машинæйы цалх дæ, æмæ дæ алы бон дымгæ ныккæнынц!
Ноджы йæм иу æгъдау уыди: уыцы нарæг ронæй-иу хъуамæ тынг æрбалвæстаид йæ астæу. Йæ гуыбыны нуæрттæ йе рисгæ куыд нæ кодтой, йе цъæх куыд никуы систы, уый стыр диссаг уыди! Гуыбын-иу дыууæ дихæй баззади. Иу хатт шофыртæй кæимæдæр фæдзурыныл. Ай йыл цъæл хъæр куы фæкæнид: “Ыхтол”. Уый йæм уæззау æрбазылдта йæхи.
— Дыууæ гуыбыны сарæзта, цыма Къобалайы сæгъ у! Ыхтол æнæввæрсон худт бакодта.
— Уый дæр нæ зоны! Къо- балайы сæгъæн æртæ гуыбыны уыди.
— Дæуæн æртæйæ дæр фæфылдæр уыдзысты, кæд ацы куысты афæстиат уай, уæд.
Æмæ дзы фæстиат та цæй тыххæй хъуамæ ма ауыдаид, лæвар ын æй куы нæ авæрдтой!
Лæппуйæ райдыдта кусын халсарты дуканийы — мидæгæй нæ, æдде, уартæ стыр фæндаджы был. Райсом-иу йе ‘ртыдзалх уæрдонгондыл цалдæр асыччы ныццамадта, уыдоныл-иу сæвæрдта йæ тухгæ стъол, стъолы уæлæ — тæраз æмæ гирты тæбæгъ, уæле-иу сыл йæ халат баппæрста æмæ-иу йæ тыйæ бонæй анцади уæрдонгондыл.
Сæрд-иу фæззæджы ‘рдæм куы фæуæзгæ, уæд та-иу харбызтæ уæй кодта Ыхтол. Уым ын стыр фæндаджы был сарæзтой, мæнæ, сырддоны ахст сырдтæ кæм фæбадынц, ахæм цыппæрдигъон къуым — йæ фæрстæ дæр æмæ йæ сæр дæр ставд телæй сахъаригонд æхгæд. Æхсæв дæр-иу семæ баззади харбызтæн: æнафæтты хъеллаугæнæг лæппутæ сæ мидæмæ рæхуыстой — кæм кардæй, кæм хъилы бырынкъæй. Кæд-иу харбызтæ бирæ нал уыдысты, уæд-иу сыл иуæрдæм бахæцыд æмæ-иу сæ фарсмæ бафæлдæхти йæ бæмбæджджыны зæрондыл. Фæлæ-иу фылдæр йедзаг уыд харбыздон æмæ-иу уæд уæле хуыссыд Ыхтол. Йæ фæрсчытæ-иу телтыл куыд нæ рыстаиккой, кæд-иу йæ быны цыдæр хъæбæр гæххæттытæ байтыгъта, уæддæр!
О, бирæ зынтæн ныффæрæзта Ыхтол.
Æмæ сæ ныр, тæригъæдгæнаг сылгоймаг искæй сидзæр лæппуйы сæрыл йæ къух куыд æрхæсса, афтæ йæ гуыбыныл йæ къух æрхæсс-æрхæсгæнгæ йæ цардæмбал Антисæйæн куы фæдзуры, уæд сылгоймаджы цъæх цæстытæ доны разилынц æмæ гæдыйы цæстытау æрттивын райдайынц…
Зын ын уыди, уæддæр æнæ хъинц, æнæ уынæрæй куыста райсомæй сау изæрмæ. Дуканийы хицау æм йæ хъус æрдардта æмæ йæ æртæ азы фæстæ мидæмæ баивта æмæ йæ уым баурæдта уæйгæнæгæй. Уым дæр уыцы æнæсайд змæлд — райсомæй изæрмæ æлхынцъытæ халæгау иу куыстæй цыди иннæмæ. Æртæ азы ма рацыди æви гыццыл фылдæр, æмæ хайады хицау пенсийы цæуын æрымысыд. Хицау ныс- сагъæс кодта: чи сарæхсдзæн кусджытæй уыцы бынаты? Æмæ та йæ цæстытæ Ыхтолыл куы æрхæциккой…
Кæцæй нал раздæхой, уырдæм аивгъуыдтой уыцы бонтæ…
Ыхтол йæ фатер баивта ногдæр æмæ уæрæхдæр фатерæй, æрттиваг дзаума дзы æрæвæрдта, дард скæсæйнаг бæстæйы кæй сарæзтæуыд, ахæм. Гъе æцæг, бæстæйы ном нæдæр Ыхтолы зæрдыл лæууы, нæдæр — Антисæйы зæрдыл, æмæ сæм сыхæгтæй исчи куы бауайы, дзаумамæ хæлæггæнгæ куы ныккæсы æмæ уый фæстæ куы афæрсы: «Цымæ, кæцон сты?» уæд Ыхтол æмæ Антисæйæ чи фæразæй вæййы, уый фæзæгъы: «Фæсарæйнаг». Къултыл нывтæ бакодтой, зынаргъ цырагъдарæнтæ æрцауыгътой. Нывтæ сын сæ зонгæ дæсны сарæзта, кæй — æхцайыл, кæмæн та сæ йæ ныхмæ æндæр исты дзаума самал кодта Ыхтол. Сæ иуыл уæлдай æнувыд сты ус æмæ лæг — стыр уаты пианинойы сæрмæ кæй бакодтой, ууыл: цыдæр æнахуыр пæлæхсар бæласы хихтыл æрцауындзæг иу-дыууиссæдз маймулийы æмæ худæгæй артæнхæлдтытæ кæнынц…
Иу хуыцауæхсæв сæм Антисæйы æмкусæг Олимпиадæ йæ лæгимæ хуынды æрбацыди. Ыхтолы мад Дзæрæхон æмæ дыууæ лæппуйæн хæринаггæнæны æрæвæрдтой фынг, сæхæдæг цыппарæй стыр уаты адджын бадт фæкодтой. Уый фæстæ музыкæ сифтыгътой, лæгтæ бадгæ баззадысты, сылгоймæгтæ уæттыл азылдысты. Цæугæ-цæуын-иу куы сæ иу фæлæууыди раздæр, куы се ‘ннæ æмæ та-иу сæ дуканийы хицауы кой кæнынмæ фездæхтысты.
— Уæдæ фаллаг хайады кусджытæм цæуылнæ исты дзуры? — йæ тымбыл къухтæ йæ синты сæр авæрдта Олимпиадæ. — Алы бон се ‘хсырыцъæрттыл дыууиссæдз авджы æхсыр куы аскъæрынц! Никуы сæ федтай: куыддæр æхсыр æрбаласынц, афтæ дзы дыууæ асыччы мидæмæ куыд ахæхæр кæнынц?..
Олимпиадæ йæ къухтæ æруагъта, сывæллæтты уаты къæсæрæй бахызт. Антисæ йæм цæхгæр фæзылд. — Махæн та нæ сæкæр гыццыл куы баумæл вæййы, уæд бæстæ йæ сæрыл сисы.
— Уæдæ!
— Йæ сырх фындз лæгмæ куы ныццаразы!
— Æмæ йын цы кодта, уый нæ зоныс? — йæ тъæпæн æрмттæй йæ синты фæлмæнтæ æркъæрцц кодта Олимпиадæ.
— Куы нæ. Цы йын кодта, цымæ?
— Йæ лæг ын æй ахордта! Фыдуд уыдис æмæ…
— Мæнæ æнæрцæугæ диссæгтæ! Гæр æмæ йын æй лыг акæн, хæргæ йын æй кæдæм кæныс!
— Сфæлмæцыди дзы, æвæццæгæн, æмæ уæд афтæ кæны нæлгоймаг, — зондамонæджы хуызы загъта Олимпиадæ. — Ныффыссын ыл хъæуы! Æмæ йæ адде кæной. Сынтъуйы дзы куы сæвæриккой, лæг ма уæддæр у… — йæ ныхасыл ма бафтыдта Олимпиадæ æмæ та æрлæууыд. — Уæ чингуытыл уын мæ цæст куы нæма æрхæцыд. Кæм уын сты, кæ? Хæрзаг уæм дунейы дзæбæх чингуытæ ис.
— Чингуытæ?! — фыр диссагæй йæ дзых фæзылын и Антисæйæн, стæй йæ цыма дуканийы хицау истæмæй фарста, уыйау сайыны зондыл фæхæст: — Чингуытæ… Нæ чингуытæ ам нæма сты. Нæ фыццаг фатерæй сæ нæма æрбаластам.
— Чиныг хорз у, — загъта та Олимпиадæ. — Хæдзары цыфæнды хорз дзаума ма сæвæр — чиныг дзы нæй, не сфидаудзæн. Max дæр нырма æрæджы балхæдтам. Мæнæ ай размæ дыууæ фондзыссæдз чиныджы куы рауагътой, иухуызæттæ, уыдон балхæдтам. Нæ сыхы иу идæдз цæры, йæ лæг фыссæг уыд. Гъемæ йын цырт цæмæй сæвæрдтаид, уый йæм нæ уыд. Æртæ мины сæ кодта — радтам ын. Мæгуырæн феххуыс удыбæстæ у. Дзæбæх тæрхæджытæ сын саразын кодтам. Уæдæ уый хуызæн чингуытæ, дуканиты кæй уæй кæнынц, ахæм мæгуырау тæрхæджытыл чи æвæры! Зынаргъ уыдысты: ссæдз тæрхæгæн — мин æмæ æрдæг, фæлæ æхца ницы у, æрбацæуы æмæ ацæуы. Уыдон та лæудзысты ‘мæ лæудзысты… Цымæ чиныг цас лæууы? Куыд никæй дзы афарстон. —
Æз дæр никæй афарстон, фæлæ хъуамæ бирæ лæууа чиныг.
— Бирæ лæудзæни, цы лæууын æй хъæуы…
Уазджытæ куы ацыдысты, уæд арф бандæтты æрбад тысты лæг æмæ ус.
— Дæуæн дæр æнæуи куы ницы ирвæзы, уæд уый куыд нæ æрхъуыды кодтай — нырыккон хæдзар æнæ чиныг нал фидауы, — уайдзæфтæ кодта ус. — Де ‘мбæлттæй дæр никуы никæмæ уыдтæ!
— Уыдтæн æмæ сын сæ чингуытæм кастæн? Цы хъуыддаг мæ и чингуытæм! —
Æрфæрс де ‘мбæлтты, æрзил дæ зонгæтыл, амæй фылдæр нæхи цæсты мауал бафтауæм. Уæддæр хорз уыди, æмæ фæцарæхстæн. Æндæр нæ худинаджы хъæр нæ хъуысти!
Мæй рацыдаид, æмæ Ыхтолмæ фæхабар чынди, уым æмæ, дам, уым иу ахуыргонд лæг царди. Æмæ, дам, уымæ цы нæ чиныг уыди, уымæ! Ныр йæхæдæг нал и, фырт, дам, кæцæйдæр æрцыди æмæ, дам, уæй кæны чингуытæ.
Дыккаг бон райсомæй уым балæууыдысты Ыхтол æмæ Антисæ. Дыууæ дынджыр уаты, къах кæм æрæвæрдтаис, уый нæ уыди чиныгæй — обæуттæ æмæ пырхытæй лæууыдысты.
Æвæццæгæн ма дзы Ыхтол æмæ Антисæйы размæ дæр уыди æлхæнджытæ. Лæг æмæ ус сæ цыды сæр бамбарын кодтой. Уый сæм фæхъуыста, фæхъуыста æмæ загъта:
— Мæнæ чингуытæ. Равзарут дзы. Аргъыл уый фæстæ бадзурдзыстæм, — йæхæдæг хæринаггæнæмæ айста йæхи. Стыр сихæрттæм уæхскуæзæй фæкуыстой Ыхтол æмæ Антисæ. Мæнæ, хæдзархалæнты æнæхъæн агуыридуртæ куыд æвзарай, афтæ февзæрстой чингуытæн се ‘нæхъæнтæ æмæ сæ нæуджытæ æмæ сæ кæрæдзиуыл фæцамадтой. Аргъыл бирæ нæ фæдзырдтой — дыууæ мины æмæ æрдæг. Лæг æмæ ус бацин кодтой — æгæр аслам дæр сын слæууыдысты. Уыцы бон сæ изæрæй сæ хæдзары балæууын кодтой. Дзæрæхон уый æппæт чиныг куы федта, уæд йе ‘рмттæ ныццагъта:
— Мæнæ дунейы диссæгтæ! Гæр æмæ нæм нырмæ иу чиныг дæр куы нæ уыд, уæд нæ æвиппайды айæппæт чиныг цæмæн бахъуыди?! Науæд бон-изæрмæ уæ куысты куы вæййут, уæд сæ кæсгæ та кæд кæндзыстут? Ничи йæм ницы сдзырдта фырт æмæ чындзæй. Æмæ йæм цы сдзырдтаиккой æниу? Зæронд, æнахуыр сылгоймаг!..
Дзæрæхон чингуыты алывæрсты æрзылди, сæ бæттæнтыл сын схæстытæ кодта. —
Мæ лæппутæн дзы фæйнæ дзæбæх чиныджы куы равзарин, уæд сыл сæхи ирхæфсиккой.
— Абабау! — йæ къухтæ фæпæлæхсар кодта Антисæ, — ныммыдул сæ кæндзысты, æмæ нæм сæ афтæмæй чи æрбаййафа, уый ныл ерры фæкæндзæн.
— Мæнæ хуыцауы диссæгтæ! Уыйæппæт чиныг балхæн æмæ дзы дæ сывæллæттæн…
— Фæлæуу-ма, гыцци, — бабустæ йыл кодта Ыхтол дæр. — Уыдон сывæллæтты чингуытæ не сты, стырты чингуытæ сты. Далæ сæ туджы аргъæй балхæдтон! Дзæрæхон лæугæйæ баззад.
— Уæд та сын дзы дыууæйæ иу чиныг раттут, нывтæ кæм и, ахæм. — Нæй дзы, нывтæ кæм ис, ахæм чингуытæ! — ныхасæн та йæхи фæхицау кодта Антисæ. — Ныууадзма нæ, нана, æнæ дæу дæр нæ фаг тыхсæм.
— Мæнæ хуыцауы диссæгтæ! — ногæй та загъта зæронд ус. — Гæр æмæ нын кæд тыхсыны хос йеддæмæ ницы сты, уæд нæ цæмæн хъуыдысты? Уацайрæгты бæстытæ сæ куы ныккодтат! Дæ зæрдмæ зæрдæйы, чингуытæ уыдзысты» æмæ сыл мæ сывæллæттæ сæхи ирхæфсдзысты.
— Сывæллæтты тыххæй сыл нæ акалдтам хъæбысы дзаг æхца. Ма сæ амидин кæн. Æнæуи дæр сæм кæуылты фæлæбурой, ууыл сты. Тыхæй ма сæ баиргъæвтам. Цалынмæ сыл сæ фыд схъæр кодта…
Дыууæ лæппуйы уæнгуагъдæй бадтысты фæлмæст зæронд лæгтау хæдзары ахизæны ныллæг бандоныл, афтæмæй сæ ныййæфта Дзæрæхон.
Мидæгæй чингуыты дыууæ кæроны лæууыдысты ныхæй-ныхмæ Ыхтол æмæ Антисæ. Ыхтол йæ гуыбыныл йæ тъæпæн арм æрæвæрдта, рæвдаугæ йыл æй цалдæр хатты æруагъта.
— Фестивалы-ма бафæрс, кæддæра… — Кæмæй зæгъыс, кæй бафæрсон? — фæтыхсти Антисæ. — Фестивалы… Уæртæ демæ чи кусы…
— Олимпиадæйæ зæгъыс?
— Гъо, гъо.
— Æмæ уæд афтæ зæгъ, уый йеддæмæ уанцон фестивал нæу.
— Цы уæлдай сæ и. Афæрс-ма йæ, кæддæра йæ зонгæ æрмдæсны кæм цæры. Max дæр уымæн саразын кæниккам тæрхæджытæ. Уыцы æвзæр тæрхæджытыл не сфидаудзысты ацы дзæбæх чингуытæ. — Уымæ цæттæ тæрхæджытæ дæр бæргæ уаид. Фæлæ ма æхцайæ исты аххæсдзынæ? — Исты амæлттæ кæндзыстæм. Уæдæ ацы дзæбæх чингуытæ… Уыцы сабаты æрбаластой æрмдæсныйæ дыууиссæдз тæр хæджы æмæ хуыцаубоны райсомæй бавнæлдтой чингуытæ æфснайынмæ ус æмæ лæг. Ыхтол тæрхæджытæ къулрæбын цыппар рæнхъæй равæрдта æмæ сæ мæсыгамад кæнын бай- дыдта. Антисæ чингуыты бæстытæ хæлдта. Лæджы архайдмæ йæ цæсты кæронæй бакаст, стæй йæ астæу сраст кодта.
— Олимпиадæтæн куыд сты, афтæ ма сæ сæвæрæм мах дæр.
— Æмæ сын куыд сты?
— Мæнæ афтæ: дыууæ — кæрæдзиуыл, стæй сыл дыууæ уæле ныхæй-ныхмæ, æмæ та сыл ногæй…
— Алæ, æмæ дын уыцы къæппæвæрдæй цас фæлæудзысты! Уæд та сæм исчи бавнæлдта сывæллæттæй, уæд нæ ракæлдзысты æмæ нæ ныппырх уыдзысты тæрхæгæй, чиныгæй!..
— Куы сæ ракалай, уæд бæгуыдæр ныппырх уыдзысты! Фæлæ… Мæ зæрды куыд бакæнын ис, уый зоныс? Нанайы сынтæг сын сæ разы сæвæрдзыстæм, сывæллæтты къух сæм куыд не ‘ххæсса. Уый та зæронд ус у, бон дæр фылдæр йæхи сынтæгмæ ласы… Улæфгæ дæр кæндзæн, чингуытæм дæр ничи æвналдзæн, мах дæр æнæмæт уыдзыстæм.
Ыхтол ныхъхъуыды кодта.
— Сынтæг чингуыты раз… Нæй, нæ дзы сфидаудзæн. Никуыма никæмæ федтон, сынтæг чингуыты раз уа, уый…
— Махмæ дæр æй ничи фендзæн. Уазджытæ æрцæуинаг-иу нæм куы уа, уæд- иу сынтæг айсдзыстæм. Галтæ ифтындзын ыл куы нæ хъæуы.
— Æндæра æнæуи афтæ рæсугъддæр у, — йæ сæр тæхудыгæнæджы тылд бакодта Ыхтол, стæй йæ цæнгтæ фæйнæрдæм тынг аивæзта — æдде бакæсгæйæ зынди хъæдæй арæзт дæлтъур дзуары хуызæн — къулмæ хæстæгдæр балæууыд æмæ цалдæр хатты æддæмæ раулæфыд: Афтæ сæ сæвæриккам…
— Сывæллæттæм дæхæдæг дзæбæх бартхъирæн кæн, Нанайæн дæр дæхæдæг зæгъ. Цас фылдæр хуысса, уыйас хуыздæр. Уадз æмæ йæхицæн улæфа…
— Æнæуи афтæ бирæ рæсугъддæр уыдзæн, ды куыд зæгъыс, афтæ…
Изæрмæ бирæ нал уыд, уæд чингуытæ æвæрд фесты. Сынтæг тæрхæджыты раз адаргъ кодтой æмæ сулæфыдысты ус æмæ лæг.
Ыхтол йæ хъуыддæгты фæдыл кæдæмдæр ацыд. Антисæ сынтæгыл йæхи æруагъта æмæ афынæй. Лæппутæ æмæ Дзæрæхон сихорæй нырмæ мидæгæй нæма уыдысты, хъыг, дам, нæ дарут æмæ сæ рарвыста Антисæ. Терчы был иу тымбыл обауыл фæбадтысты, Дзæрæхон сын аргъæуттæ фæкодта, ныр сындæггай æрцыдысты. Хæдзары уæллаг фисын цалдæр сылгоймаджы бадт. Дзæрæхонмæ фæйнæ-фæйнæ дзырды скодтой, æмæ уый дæр сæ фарсмæ йæхи æруагъта. Лæппутæ мидæмæ айстой сæхи. Къæсæрæй бахызтысты æмæ джихæй баззадысты: уыцы рæсугъд чингуытæ уыцы дзуарæвæрд тæрхæджытыл афтæ фидыдтой, афтæ фидыдтой… Бирæ сæм фæкастысты, сæ цæстытæ сыл фæраивазбаиваз кодтой, стæй сынтæджы дыууæ ныхмæ дыууæ бандоны æрæвæрдтой, схызтысты сæм æмæ уалæ тæрхæджыты сæр кæрæдзиуыл уæгъд амад чи уыди, уыцы стыр чингуытæм сæвнæлдтой…
Гыбар-гыбурмæ сыхæгтæ фæфæдис сты… Чидæр телефоны дохтыртæм адзырдта. Тагъдæххуысы машинæ кæмдæр хæстæг разынд, уайтагъд уым æрбалæууыд. Ыхтолыл дæр чидæр телефонæй фæхæст. Æрбахæццæ и æххуырсгæ машинæйæ.
Æрæджиау йæ цæстытæй ракаст Антисæ, фæлæ уынгæ ницыма кодта, бæрæг уыд — йæ цæстытæ уыцы афтид рауай-бауай кодтой хæдзары къуымты. Дохтыр йе ‘ххуысгæнджыты сынтмæ арвыста, рынчындонмæ, дам, ын æнæ ласгæ нæй. Йæхæдæг чингуытæм æркæстытæ кодта. Ыхтол бахизæны куыд æрлæууыд, афтæ лæугæйæ баззад. — Исчи уæ дохтыры куыст кæны, мыййаг? — йæ кæсæнцæстыты сæрты, йæм скасти дохтыр. Ыхтол йæ гуыбыныл йæ къух æруагъта. — Алæ… дохтыры куыст… Цæй дохтыры куыст?.. — Уæдæ уæм дохтырты чингуытæ цæй бирæ и?..














