Физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс

0
576

 

Тагъд рæстæджы Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрон байгом уыдзæн ног физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс. Объект арæзт цæуы республикæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй.

 

Ног комплексы æрбынæттон уыдзысты футболы, стритболы, воркауты, баскетболы, волейбол æмæ теннисы фæзтæ. «Ныртæккæ бындур æвæрæм баскетболы фæзтæн, уый фæстæ бавналдзыстæм футбол æмæ спорты иннæ хуызты фæзтæм», — радзырдта арæзтадон участочы прораб Гæззаты Ростислав.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй спортивон комплекс байгом уыдзæн Физкультурничы бон — 11 августмæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here