Уæд фыста «Рæстдзинад»

0
523

 

Ахæм бæхтæй хуым нæ бакæндзынæ

Брут. Нæ колхозы кусæг бæхтæм куы бакæсай, уæд сæ каутыл бабастой æмæ сыдæй мæлынц. Дзалайы мур сын куы баппарынц искуы-иу хатт, уæд æм фæлæбурынц æмæ сæ кæд фæйнæ комдзаджы фæуа, уæд хорз.

Уымæй дарддæр бонизæрмæ куы кæсай, уæд æртыгай бæхтæ тачанкæты сифтындзынц æмæ сæ цъыфты ратæр-батæр кæнынц, æппын сæ куы ницы хъуыддаг вæййы, уæддæр.

Куы бакæсай, уæд бæхтыл фыды мур нал баззад, афтæмæй та зæхх уалдзыгæндмæ цæттæ кæнынц. Холлæгтæ иу ранмæ æмбырд кæнæм, зæгъгæ, сыл сывæллæтты бафтыдтой ласынмæ æмæ сын ницы фæразынц, уынгтæм куы акæсай, уæд дзы хос йеддæмæ ницы фендзынæ. Афтæ стырзæрдæйæ куы кæсæм, уæд дардмæ нæ ацæудзыстæм.

Колхозы правлени цæмæ кæсы, цымæ?

Бега

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

16 мартъи № 62 (560)

 

Æртæ азы дæргъы йын нæ фидынц йæ мызд

Ногир. 1927 азы, стæй ма уый размæ азты дæр Бæззаты Димитыр фæкуыста хъæууон советы милиционерæй æмæ хъалагъурæй. Тынг æнувыдæй бæргæ фæкуыста, фæлæ Димитырæн йæ къухты нæ бафтыд йæ мыздæй 10 туманы бæрц æмæ нартхорæй 150 путы райсын.

Тæрхондонмæ бирæ фæрацу-бацуйы фæстæ райста æххæстгæнинаг сыф, фæлæ абоны онг дæр мызд йæ къухты нæма æфты. Фæтагъддæр хъæуы мæгуыр æнахуыргонд лæджы мызд раттыныл.

Диби

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

16 мартъи №62 (560)

 

Агроном нæм нæй

Карцайы колхоз йæхи барæвдзытæ кодта уалдзыгæндмæ, фæлæ нæм агроном кæй нæй, уымæй тыхсæм. Зылды æххæстком нын хъуамæ радта агроном æмæ нæ иумæйаг царды куыстытæ рæвдздæр цæуой.

Колхозы уæнг

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

8 апрель №80 (548)

 

Хъуыды дæр нæ кæнынц

Алагиры хъæууонхæдзарадон техникум уалдзæгмæ цæттæ кæныны куыстыты хъуамæ хуыздæрæй равдиса йæхи, иннæ зæхкусæг адæм дæр ма йæ фæзмой. Фæлæ йæ разамонджытæн уалдзæг сæ хъуыдыйы дæр нæй. Техникуммæ ис гутæттæ, похцитæ, æндæр кусæнгæрзтæ дæр æмæ кæмдæр хæррæгъæй лæууынц.

Техникумы хæдзарады хицауæн йæ кусæндзаумæттæ хъуамæ ныронг дæр рæвдз уыдаиккой, фæлæ сæ уый хъуыды дæр нæ кæны. Æвæццæгæн уалдзæгæн æрцæуын æнхъæл нæу. Бæхтæ сæм ис, фæлæ сæм зылд нæй, сæ фаджыс сæ уæлæ ныхъхъæбæр вæййы, афтæмæй сæм зилæг дæр ис, æхца дæр ын фидынц. Иу хъуг сæм ис æмæ йын адæм йæ синтæ ныххостой, нæ йæм зилынц æмæ рахау-бахау кæны адæмы кæртыты.

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

16 мартъи

 

 

 

Рæвдз кусынц

Дзуарыхъæу. Нæ кусæндзаумæттæ тагъд цалцæггонд фæуыдзыстæм. Хъæу дихгонд æрцыд бригæдтыл. Алкæмæндæр дзы йæ куыст бæрæггонд æрцыд. Фосæн аразæм скъæттæ, цæмæй тагъддæр æрцæуой иумæ конд.

Мухтарбег

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

16 мартъи №62 (560)

 

Цæттæ кæнынц сæхи

Ногиры цæрджытæ тынг зæрдиагæй бавнæлдтой сæ кусæнгæрзтæ цæттæ кæнынмæ. Кусæнгæрзтæ цалцæг кæнынц æртæ раны. Парти æмæ комфæсивæд сæ цæст тынг хорз дарынц куыстмæ.

ЗÆГЪОЙТЫ Г.

Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

16 мартъи №62 (560)

 

Хом дзул

Джызæлдонарæзты раздæр хорз дзул уæй кодтой, фæлæ йæ ныр фыцгæ нал кæнынц. Кусджытæ хъаст кæнынц, алы бон нын хом дзул ма дæттут, зæгъгæ, фæлæ сæм хъусæг нæй. Дзул дзæбæх афыцынæн дæр цымæ бирæ хардз хъæуы æви уый у дзулгæнæны хицауады аххос. Бафæрсын сæ хъæуы.

Рог барæг

 Газет «Рæстдзинад» 1930 аз,

 25 апрель №94 (562

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here