Фæсивæды хъомыладыл тынг арæх цæуы ныхас радиойы, газетты æмæ телеуынынады, фæлæ йæм нырма бирæ ныййарджытæ кæсынц куыдфæндыйы цæстæй. Ныййарджыты бæргæ фæфæнды сæ сывæллæтты хорз, раст схъомыл кæнын, фæлæ хатгай сæхæдæг дæр нæ фембарынц, куыд æмæ цæмæй райдайын хъæуы, уый.
Цæмæй саби раст хъомылгонд цæуа, уый тыххæй, фыццаджыдæр, мад æмæ фыд сæхæдæг хъуамæ уой æгъдауджын, цæрой хæларæй, уарзой фæллой кæнын. Сæ ныхас бинонты ‘хсæн хъуамæ уа нымад, фæзминаг хæдзары, сыхбæсты, куысты, сæ хистæртимæ ахастдзинæдты. Алы ныййарæджы дæр зæрдыл дарын хъæуы; мад æмæ фыд кæрæдзийы ратон-батон куы кæной, уæд сæ сывæллæттæн сæ зæрдæ ахуырмæ нал фæрайы.
Цæмæй сывæллон ныййарджытæн аргъ кæна, уый тыххæй сæхæдæг хъуамæ царды раст фæндагыл лæуд уой. Ныййарæг мæстыхуызæй куы кæса, æдзух сывæллоны нæмынæй куы тæрсын кæна, йæ фæрстытæн ын схуыстæй дзуапп куы дæтта, йæ уроктæ цæттæ кæнгæйæ йын уайдзæфтимæ куы æххуыс кæна, уæд сывæллон фæзæрдæцъæх вæййы, ныййарæгмæ афтæ хъæрмуд нал вæййы. Иуæй-иу фыд бинонты ‘хсæн йæхи фæдары æгæр сæрбæрзондæй, куыд æмбæлы, йæ хъæбулимæ афтæ фæлмæн ныхас нæ акæндзæн, саби цы чиныг кæсы, цы киноныв федта, уыдоны мидисыл. Афтæмæй та уый стыр хъомыладон хотых у.
Кæд хъыгаг у, уæддæр нырма ис бирæ ахæм ныййарджытæ, сæ сывæллæтты хъомылад æппæтæй дæр скъолайы бар чи бакæны.
Арæх ныййарджытæ сæ сабитæн æгæр буц митæ фæкæнынц. Афтæ сæм фæкæсы, æмæ сæм цæмæй цот хуыздæр хъусой, фылдæр сæ уарзой, уый тыххæй сæм хъæуы алы хатт дæр фæлмæнæй дзурын, сæ разы сæ æппæлын, сæ галиу митæ сын — æмбæхсын. Ахæм хъомылад æрхæсдзæн æрмæстдæр зиан. Ахæм уавæры сывæллон хивæнд, хиуарзон кæны, æмæ дзы куыдфæстæмæ рауайы мад æмæ фыдæн уынаффæгæнæг. Ныййарджытæ ма бæргæ бафæлварынц сæ рæдыд сраст кæнын, фæлæ æгæр ферæджы вæййы. Иуæй-иу мадæлтæ сæ цоты зæрдæ фелхæнынц лæвæрттæй: «Кæд коммæгæс уай, уæд дын балхæндзынæн велосипед». Ахæм митæ стыр зиан хæссынц хъомыладæн.
Скъола хъуамæ йæ домæнтæ бæстонæй æмбарын кæна ныййарджытæн. Уый тыххæй та хъуамæ ныййарджытæ арæхдæр цæуой скъоламæ, ахуыргæнджытæ семæ арæхдæр ныхас кæной хъомылады фарстатыл. Мад æмæ фыды рæстæгæй-рæстæгмæ абадын фæхъæуы урокты, байхъусын сæ цоты дзуаппытæм, хъуамæ нырыккон ахуырады домæнтимæ зонгæ кæной. Æнæмæнг æрвылбон бæрæг кæнын хъæуы сабийы боныг. Скъола æмæ бинонты ‘хсæн хъуамæ уа фидар бастдзинад, науæд рауайы афтæ, æмæ скъола иуæрдæм фæдзуры, бинонтæ та — иннæрдæм. Уæд сывæллæттæ сагъæсы бахауынц, кæмæ хъусой, уый нал фæзонынц. Сывæллон хъуамæ сæрыстыр уа, йæ мад æмæ йæ фыд кæм фæллой кæнынц, уыцы куыстуатæй, ныййарджытимæ хъуамæ иумæ цин кæна се ‘нтыстытыл. Уый тыххæй та ныййарджытæ сæ цотимæ цæрой куыд хорз æмбæлттæ, архайой ууыл, цæмæй сæ сæ цот мацы сусæг кæной. Уæд сывæллон кæны уæндондæр, æмæ хатт исты уæззау уавæры куы бахауы, уæд æргомæй радзуры ныййарджытæн йæ сагъæс, йæ уынаффæ. Ахæм уавæры сывæллонæн хъæуы феххуыс кæнын, цæмæй уыцы уавæрæй йæхæдæг фæндаг ссара рацæуынæн, æрмæст æм хъуамæ ныййарджытæ дарой сæ цæст.
Ныййарæг хъуамæ зона, йæ сывæллон кæм ис, уый, кæд хъазынмæ, уæд кæимæ, цавæр хъæзтытæ кæны.
Сывæллоны чысылæй райдайын хъæуы афтæ сахуыр кæнын, цæмæй йæ дзаума, йæ чингуытæ æвæра бæрæг бынаты. Йæ уæлæдарæс бафснайынмæ, йæ къахыдарæс ссыгъдæг кæнынмæ хъуамæ макæмæ æнхъæлмæ кæса. Телевизор алкæмæ дæр ис, фæлæ уый хъуамæ æвзæрæрдæм ма зына сывæллоны хъомыладыл. Скъоламæ райсомæй чи цæуы, уыдон хъуамæ сæ уроктæ сцæттæ кæной телевизормæ кæсыны агъоммæ, науæд сихорæй изæрмæ фæуыдзысты хъазыныл. Уый фæстæ — телевизорыл, уæдмæ сывæллоныл хуыссæг фæтых вæййы, уроктæ баззайынц æнæкондæй.
Иуæй-иутæ сæ сывæллæттæн дзурдзысты: скъоламæ æрæджы ма кæн, алы изæр дæ къæхтæ æхс, гæды ныхæстæ ма кæн, давын æвзæр у, магуса ма у æмæ афтæ дарддæр, афтæмæй та ацы миниуджытæй сæхæдæг хайджын нæ вæййынц. Сывæллон дæумæ кæсы, ныййарæг, дæу фæзмы æппæтæй дæр, æмæ йын ахæм хус ныхæсты бæсты у фæзминаг, дæумæ хъуамæ уой æппæт хорз миниуджытæ дæр. Уæд уый дæр цæудзæн дæ къахдзæфтыл.
Кæд хъыгаг у, уæддæр нæм ис ахæм ныййарджытæ, сæ сывæллæттæ «нана», «баба» дзурын куы базонынц, уæд сæ æнæфсарм дзырдтыл чи сахуыр кæны, стæй сæ уæд уазæджы кæнæ сыхаджы раз ардауынц уыцы æнæуаг ныхæстæ кæныныл. Цымæ æвзæр ныхæсты бæсты сывæллоны миддуне уæрæхдæр кæн, уый хуыздæр нæу?
Сывæллонæн, цы не ‘мбæлы, ахæм митæ куы кæна, куы рæдийа, уæд ын, нæмыны бæсты, æгъгъæд у бауайдзæф кæнын, йæ рæдыд ын бацамонын. Æнæмæнг дзы хъæуы раппæлын, кæд хæдзары, скъолайы, уынджы, сыхбæсты, исты хорз хъуыддаг сарæзта, уæд. Æппындæр нæ хъæуы сывæллоны раз гæды ныхас кæнын, сайын, æнæуаг митæ кæнын. Цы хъуыддаг райдыдтай, уый ахæццæ кæн кæронмæ, дæ дзырдæн у хицау, дæ куысты — фæзминаг, æгъдауджын, дæ сыхæгты, дæ бинонты ‘хсæн кæд хистæртæ ис, уæд сыл хъæуы узæлын, аргъ сын кæнын.
Бирæ скъоладзаутæн ахуыргæнæджы бацамынд вæййы сæйрагдæр, фæлæ иуæй-иу ныййарджытæ сæ цоты раз фæфауынц ахуыргæнджыты, скъолайы кусджыты. Ахæм мадзæлттæ стыр зиан хæссынц сывæллæтты хъомыладæн. Сабитæ аргъ нал фæкæнынц ахуыргæнæгæн æмæ уый, æнæмæнг, æвзæрæрдæм фæзыны се ‘гъдауыл дæр æмæ сæ ахуырыл дæр. Цыфæндыйæ дæр ныййарджытæ хъуамæ бар ма дæттой сæ цотæн скъолайы æмæ ахуыргæнджыты фыдгой кæнынæн. Архайын хъæуы ууыл, цæмæй скъола æмæ ахуыргæнджыты кад сывæллоны цæсты кæна фылдæр.
Иуæй-иу фыдæлтæ арæх расыгæй фæцæуынц сæхимæ, фæкæнынц æнæфсарм митæ, хыл, загъд, фæдзурынц æвзæр дзыхæй, бинонты сызмæнтынц. Ахæм цотæн адджын куыд хъуамæ уа сæ фыд. Урокты бадгæйæ дæр бæрæг вæййынц ахæм æфхæрд, æнæрæвдыд сывæллæттæ. Свæййынц хивæнд, мæстыгæр, мадзура, нал фæкæнынц сæ уроктæ. Ахæм рæстæджы ахуыргæнджыты хъæуы къæрцхъус уæвын. Цæмæй сывæллон дыууæрдыгæй дæр æфхæрд ма баййафа, ма адзæгъæл уа, бынтон ма фæцуда, уый тыххæй аразын хъæуы æппæт хуыздæр мадзæлттæ, ссарын хъæуы æфхæрд сывæллоны зæрдæмæ фæлмæн æмæ хъæугæ «дæгъæл». Ахуыргæнæгæн йæ хæс у ахæм сывæллоны бинонтæм арæх цæуын æмæ семæ иумæйаг æвзаг ссарын, уавæр банывыл кæнын.
Мад æмæ фыд сæ цоты хъомыладыл æмхуызон дзуапп дæттынц, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, ныййарджыты æмбырдмæ æрцæуынц æрмæст мадæлтæ. Цæмæн?
Зын æмæ вазыгджын у хъомыладон куыст. Фæлæ хъуамæ алы ныййарæг дæр зона, сывæллон раст фæндагыл куы ‘рлæууа, уæд уый кæй у фидæны амонд. Йæ хъысмæтмæ йын куыдфæндыйы цæстæй кæсын та у фидæны хъизæмар, фидæны цæссыгтæ æмæ зиан бинонтæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр.
ДЫГЪУЫЗТЫ-БУТАТЫ Зинæ, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, Ногир














