Кæдмæ халдзысты нæ нывгæнджытæй иуæй-иутæ æрдзон закъæттæ æмæ кæдмæ ныв кæндзысты Сыгъзæрин Уастырджийы бæхы æртæ къахимæ? Цымæ фыццагдæр кæй сæры сæвзæрд уыцы æнæфенд, æнæгъдау хъуыды? Цымæ уыцы нывгæнæг Нарты кадджытæ искуы рафæлдæхта, бакаст дзы уæд та ма дыууæ таурæгъы фæд-фæдыл? Зын зæгъæн у! Уымæн æмæ Нарты кадджыты мах æмбæлæм æртыкъахыг бæхыл! Ома, арткъах бæх!
Уастырджи у Хуыцауæй зæхмæ минæвар, дард фæндæгтыл цæуы, æмæ йæ бæх дæр хуымæтæджы бæх нæу, фæлæ у цæрдæг, æнæрцæф, цæхæркал. Уæдæ афтæ: Уастырджийы бæх уыд цыппæркъахыг, æмæ йын йæ цыппæрæм къах ма дæр мигъты æмбæхсут, ма дæр хæхты фæстæ. Уастырджийы ныв кæнынмæ чи бавналы, уымæн худинаг у Нарты кадджытæ нæ зонын. Зæдты æмæ дауджыты нывтæ кæныны размæ уал, æвæццæгæн, фæхъæуы Нарты кадджытæ æмæ ирон адæмон сфæлдыстад биноныгæй сахуыр кæнын. Æвронг зондæй æмæ сын сыгъдæгзæрдæйæ аргъ скæнын. Уый та иу боны куыст нæу!
Дзырдæн, цæмæй дын аргъуаны дзуары нывтæ кæнынмæ бар лæвæрд æрцæуа, уый тыххæй уал хъуамæ иу-цалдæр азы фæцæрай моладзандоны, дæ уд фæсыгъдæг кæнай æрвылбоны кувынæй, сахуыр кæнай, дæ размæ цы нывгæнджытæ уыд, уыдоны куыстытæ, æмæ дын æрмæстдæр уæд ис бавналæн дзуары нывтæ кæнынмæ. Махмæ та, æвæццæгæн, дæс—фынддæс гаджидауы фæстæ бавналынц (бахатыр сын кæнæд!) нæ Сыгъзæрин Уастырджийы ныв кæнынмæ. Æмæ дзы чи йæ хорз зонгæйы сбадын кæны æртæкъахыг бæхыл, чи та, авджыдзаг ын чи бахæссы йе ‘рмадзмæ, уый цæсгом равдисы. Æмæ афтæмæй йæ «Уастырджи» æртæкъахыг бæхыл рараст вæййы уæлæрвтæй зæхмæ фæчеппфæчепп, фæхау-фæхаугæнгæ.
Æмæ ма уый цы! Фæлæ бынтон диссаг уый у, æмæ Уастырджимæ кувæн бонты Урсзачъе Уастырджи газеттæ æмæ журналты фæрстыл «рараст» вæййы йæ куывддонтæм æртæкъахыг бæхыл. Ахæм нывтæ диссагæн бакæнынц «Ирон бæрæгбæтты къæлиндар»-ты дæр.
Бахатыр кæнут, нæ «цытджын» нывгæнджытæ, нæ мыхуыры кусджытæ, нæ «Ирон бæрæгбæтты къæлиндар»-тæ аразджытæ, нæ Иры дзыллæ, чидæриддæр афтæ хъуыды кæны, æмæ Уастырджийы бæхæн æртæ къахы ис, уыдон се ‘ппæт дæр, фæлæ Уастырджийы бæх дæр у Хуыцауы сфæлдыст, цыппæркъахон, æрмæст — цæхæркал. Уастырджи-иу ыл Хуыцауы фæндæй куы абадт, уæд-иу йæ цæфхæдтæ цæхæр акалдтой. Цæхæр та у арты æмнысаниуæг дзырд. Ардыгæй рацыд: Уастырджийы ‘ртыкъахыг бæх, ома, арткъах, цæхæркал бæх.
Мæ хъуыдытæ бафидар кæныны тыххæй æрхæсдзынæн дæнцæгтæ ирон адæмон сфæлдыстадæй:
«Уыцы афон Уастырджи ратахт йе ‘ртыкъахыг бæхыл, йæ егар дæр йемæ, афтæмæй, æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд…»
«Абадт йе ‘ртыкъахыг бæхыл Уастырджи æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл цуангæнгæ рафардæг ис йæ егаримæ».
Чиныг «Нарты кадджытæ»,
Паддзахадон рауагъдад, 1946.
«Раст уыцы афон бæрзонд уæлæрвтæй
Уастырджи, ратахт йе ‘ртыкъахыг бæхыл».
«Уастырджи абадт йе ‘ртыкъахыг бæхыл
Æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл,
Цуангæнгæ, рафардæг йæ егаримæ».
Чиныг «Нарты кадджытæ»,
Паддзахадон рауагъдад, 1949.
Бирæтæм афтæ фæкæсдзæн, æмæ Уастырджи æцæгæй дæр æртæкъахыг бæхыл бадти, фæлæ ма текстмæ лæмбынæгдæр æркæсæм, бакæсæм дзырд æнæ апострофæй:
«Уыцы афон Уастырджи ратахт йæ артыкъахыг бæхыл…»
Дзырд цæуы артыкъах бæхыл. Æртæкъахыг бæх куы уыдаид, уæд та йæ кастаиккам: «Уыцы афон Уастырджи ратахт йæ æртæкъахыг бæхыл…
» Æртæ къахы æртæкъахыг кæм сты, уый ирдæй зыны Къостайы «Лæскъдзæрæн»-ы:
— Кæд æртæ, æртæ цы давы?
— Фынг — æртæкъахыг…
Фынг æртыкъахыг нæу, фæлæ æртæкъахыг! Уæдæ Уастырджийы бæх ‘ртыкъахыгæй куыд агæпп ласта æртæкъахыгмæ?
Дарддæр кæсæм адæмон сфæлдыстады:
“Хуыцау зæдтæ æмæ дауджытæн бæрнон хæрзтæ куы лæвæрдта, уæд Уастырджи загъта:
«Мæн хъæуы бæхты рæгъау, æз хъуамæ хохæй быдырмæ бæхыл цæхæркалгæ тæхон».
Чиныг «Фыдыуæзæджы таурæгътæ»,
чиныгуадзæн «Ир», 2014.
«Уастырджи абадтис йæ бæхыл æмæ йæ бæхы цæфхæдтæ цæхæркалгæйæ фæцæуы». «Уастырджи æмæ Удхæссæг».
(Уый дæр уым.)
«Уастырджи дын уæрыччы йæ фæсарц авæрдта æмæ дæлæ фæтæхы цæхæртæ калгæ». (Уый дæр уым.)
«Уастырджи та хæхты, гоби къæдзæхты æмæ бæрæг обæутты абон дæр цæхæртæ калы, æххуыс кæны мæгуыр фæндаггон адæмæн, йæ номыл скодтой найфæттæ, кувæндæттæ, мæсгуытæ, гæнæхтæ». (Уый дæр уым.)
Уæдæ Уастырджийы бæх уыди æрткъах, йæ цæфхæдтæй цæхæркал бæх, æмæ мауал хæццæ кæнæм æрткъах æмæ æртæ къахы. Фыццаджыдæр, Уастырджи æмæ йæ бæхы аивæй чи равдыста, уыдон уыдысты нæ курдиатджын нывгæнджытæ Дзантиаты Юри æмæ Саккаты Эльбрус. Уым Уастырджи йæ бæхыл рараст йæ куывддонтæм æмæ йæ бæхы цæфхæдты цæхæрæй рухс кæны кувæн бынат æмæ, куывды чи цæуы, уыдоны фæндаг дæр, уыимæ, ныррухс алфамбылай æрдз дæр. Аив фæлгонц сарæзта Челæхсаты Магрез дæр. Фæндид мæ, нæ иннæ нывгæнджытæ дæр раст куы кæсиккой ирон адæмон сфæлдыстад æмæ сæ куыстыты уæлдæр куы исиккой нæ адæмы монон культурæ.
Монон культурæ та канд Уастырджийы бæхы къахимæ баст нæу. Нæ нывгæнджытæн сæ иннæ нывты дæр арæх фенæн ис æртыгай кæрдзынтæ æртæ фæрскимæ нывгондæй. Уый хорз у, фæлæ уыдон дæр зыгъуыммæ ныв кæнын райдыдтой нæ нывгæнджытæ. Хуыцаумæ цы æртæ кæрдзынæй фæкувынц, уыдон иуырдæм нæ фæиртасынц, фæлæ æртæрдæм, æртæ фæрсчы та вæййынц рахиз фарсы фыццаг æртæ фæрсчы æмæ æвæрд вæййынц дæлгоммæ. Иуæй-иу нывты фæндзæм, æхсæзæм, æвдæм æмæ иннæ фæрсчыты æрдджытæ уæлгоммæ фæлдæхтæй разынынц, се стджытæ Хуыцауы цæстмæ ныццыргъ вæййынц, афтæмæй. Цымæ уый цас раст у Хуыцаумæ кувгæйæ?
Хуыцауы, Уастырджийы, иннæ зæдтæ æмæ дауджыты кадæн æртæ кæрдзыны æртæ фæрскимæ ныв кæныны размæ лæмбынæгдæр кæсын хъæуы ирон адæмон сфæлдыстад. Иучысыл бафæзмæм, аргъуаны дзуæртты нывтæ кæнынæн цы фæтк ныффидар, уый. Зонын хъæуы, фынгыл кувынмæ фыдджынтæ, картофджынтæ, цæхæраджынтæ æмæ фæрсчыты лыггæгтæ не ‘вæрдтой нæ фыдæлтæ. Æрмæстдæр хæбизджынтæ æмæ кусарты рахизфарсы базыг, раззаг æртæ фæрсчы дæлгоммæ æвæрдæй æмæ раззаг хуылфыдзаумæттæй физонæг! Кæд нæ нæ нывгæнджытæ æмæ «Ирон бæрæгбæтты къæлиндар» аразджытæ æгъдауыл ахуыр кæнынц, уæд уал сæхæдæг раздæр уыцы æгъдæуттæ биноныгдæр сахуыр кæнæнт. Æгъдауыл талф-тулф æмæ æзфæраздæронæй кусын нæ хъæуы, фæлæ лæмбынæг æмæ нывыл.
Афтæмæй царды фæндæгтыл алчидæр дзæбæхæй цæуæд. Урсзæлдаг зачъе Уастырджи нæм йе ‘ртыкъахыг бæхыл, ома, арткъах бæхыл, цæхæркал бæхыл Хуыцауæй хорз уац хæссæг уæд бæрæгбоны дæр æмæ къаты боны дæр.
КОКАЙТЫ Тотрадз














