Æ Л У Т О Н

0
680

Генералиссимус Сталины бæрзæйсæттæн цæфтæ знагæн

Адæймагæй æнаххосæй цасфæнды тугтæригъæдтæ куы фæдзурай, «цъыфы» йæ куы сæвдулай, уæддæр искуы йæ рæстдзинад сбæрæг уыдзæн, адæммæ ирдæй разындзæн. Йæ амардæй абонмæ Сталинæй æвзæрæй, фыддзинад æмæ фыдракæндæй цы нал загътой, ахæм, æвæццæгæн, нал баззад. Фылдæр æрымысæггаг хабæрттæ. Суанг ма нæ телеуынынадæй дæр райхъуыст, Мæздæджы район нæ республикæ рагæй агуырдтой, фæлæ нын æй Сталин нæ лæвæрдта, зæгъгæ. Æмæ, дам, Сталин куы амард, уæд нын æй радтой. Афтæмæй та Мæздæджы район Цæгат Ирыстоны сконды ис 1944 азæй, Сталин та амард 1953 азы.

Уæрæсейы чидæртæ сæхи тынг хъарынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз Г. Жуковимæ бабæттыныл, Сталин, дам, дзы ницы сахадыдта. Ома, шахмæттæй хъазæг нæ рамбылдта, фæлæ фигурæтæ. Уыцы æнæбындур хатдзæг фæсарæнты ахуыргæндтæ дæр ма ницæмæ дарынц æмæ дзы иуæн цалдæр азы размæ Англисы рацыд чиныг ахæм сæргондимæ «Сталинский маршал Жуков». Амæй бæрæг у, чи дзы уæлдæр у, уый. Уæдæ дзы цыфыддæр знаг æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстзæрдæ адæмы знаг Адольф Гитлер та афтæ загъта: «Сила русского народа состоит не в его численности или организованности, а в его способности порождать личности масштаба Сталина. По своим политическим и военным качествам Сталин намного превосходит и Черчилля и Рузвельта. Это единственный мировой политик достойный уважения.

Наша задача — раздробить русский народ так, чтобы люди масштаба Сталина больше не появились».

Ацы хъуыдытæй бæрæг у, Гитлер кæимæ хæцыд, йæ размæ цы стыр хæс æрæвæрдта, уый æмæ йе ‘ппæт хъарутæ, фыд-зонды тæрхæттæ дæр сарæзта уыцы нысанмæ. Фæлæ йын дзы ницы рауад. Сталин ын цы ныхсæттæн цæфтæ ныккодта, уыдоныл базгъæлæнтæ сты йæ тыхтæ æмæ йæ кæнонтæ. Хæсты ветерантæ æмæ иннæ хистæр фæлтæртæ хорз хъуыды кæнынц уыцы бæрзæйсæттæн дæс цæфы. Æрцыдысты 1944 азы Баренцы денджызæй Сау денджызмæ дæрддзæджы. Уыдон сæргой фæкодтой фашистты, æмæ лидзæг фесты дард Хурныгуылæнмæ.

Фыццаг цæф сыл æрцыд 1944 азы январы Ленинграды бынмæ. Хæцыдысты дзы Ленинграды Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Говоров), Волховы Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Мерецков).

Дыккаг цæф — январы кæрон — февралы Украинæйы Рахизфарсы. Хæцыдысты дзы Украинаг 1-аг, 2-аг, 3-аг Фронттæ (командæгæнджытæ — маршæлтæ Жуков æмæ Конев).

Æртыккаг цæф — апрель æмæ майы. Хъырым ссæрибар. Хæцыд дзы 4-æм Украинаг Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Толбухины).

Цыппæрæм цæф — июны Карелы зæхкъубалæджы. Хæцыдысты дзы Ленинграды Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Говоров) æмæ Карелы Фронт (командæгæнæг — маршæл Мерецков).

Фæндзæм цæф — июлы Белоруссийы æмæ Литвайы. Хæцыдысты дзы Белорусаг 1-æм Фронт (командæгæнæг — маршæл Рокоссовский) Белорусаг 2-æм Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Захаров), Белорусаг 3-æм Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Черняховский), Прибалтикæйаг 1-æм Фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Баграмян).

Æхсæзæм цæф — июны æмæ æппæт сæрды. Суæгъд Хурныгуылæн Украинæ. Хæцыдысты дзы Украинаг 1-æм Фронт (командæгæнæг — маршæл Конев), стæй Ковпак æмæ Вершигорайы партизанты иугонд.

Æвдæм цæф — августы. Ясеко-Кишиневы къордтæ. Румын суæгъд кæнын. Хæцыдысты дзы Украинаг 2-æм æмæ 3-æм Фронттæ (командæгæнджытæ — æфсады инæлар Малиновский æмæ маршæл Толбухин).

Æстæм цæф — сентябрь-октябры. Суæгъд Прибалтикæ. Хæцыдысты дзы Ленинграды Фронт æмæ Балтийы Флот.

Фарæстæм цæф — 1944 азы сентябрь-октябрæй 1945 азы февральмæ. Украинаг 4-æм Фронты хæстонтæ абырстой размæ цæугæдæттæ Тиссæ æмæ Дунайы æхсæн зæххытыл, суæгъд кодтой Венгри, баиу сты Югославийы æмцæдисон æфсæдтимæ (командæгæнæг — маршæл Б. Тито) æмæ суæгъд кодтой Фæскарпаттæ.

Дæсæм цæф — 1944 азы октябры. Сырх Æфсад æмæ Цæгатаг Флот абырстой цæгаты ‘рдæм æмæ Заполярьемæ, фашисттæ дæрæнгонд æрцыдысты Норвегийы. Адон хуымæтæджы æмбал Сталины знагæн бæрзæйсæттæн цæфтæ нæ рахуыдтой. Уый разамындæй сæ снысан кодтой, уый зондамындæй æххæстгонд æрцыдсты. Æмæ Гитлеры æрдонгтæн сæ хъару асаст, Берлинмæ бабырсын ахæм зын нал уыд. Уæдæ Н. Хрущевы хуызæн æнæхсæст æмæ сæлхæр политиктæ, Сталин,дам, æфсады размæ бырстытæ глобусмæ гæсгæ лыг кодта, хæсты райдайæны та, дам, фæтарст æмæ цалдæр боны йæхи нал равдыста, уыдон дæр æрымысæггаг даутæ кæй сты, уый дæр рабæрæг. Цалдæр азы размæ бæстæйы Хицауады телеканалæй Подольскæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архивтæй цы репортаж æвдыстой, уым бæлвырд документтæм гæсгæ фыццаг æхсæв Сталинмæ йæ кабинеты немыцаг фашистты æрбабырсты фæдыл уыд Хицауады æнæаргъæвгæ æмбырд. Цæуыл дзырдтой, цы уынаффæтæ рахастой, уыдон фыстæй лæууынц архивы. 1935 азы францаг фыссæг Анри Барбюс уыд Советон Цæдисы. Æрзылд бæстæйыл, фембæлд Сталинимæ. Куыд фæзæгъынц, йæхи цæстытæй цы федта, йæхи хъустæй цы фехъуыста адæмæй, уыдон ныффыста иу чиныджы. Хонгæ та йæ ракодта «Сталин». Уырыссаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодтой. Æрхæсдзынæн дзы Сталинæй цытæ дзуры, уыдонæй иу хабар: «Сывæллонау худын чи зоны, уый сæ уарзы. Уымæн сты æртæ — хъомыл Яшæ, дыууæйæ чысылтæ: цыппæрдæсаздзыд Вася æмæ астаздзыд Светланæ. Йæ цардæмбал Надеждæ Аллилуева фарон амард… Сталин йæхицæн фырт загъта Артем Сергеевæй, йæ фыд æнæнхъæлæджы фыдбылызы бахауд 1923 азы æмæ фæмард. Фыдау рæвдауы Джапаридзейы дыууæ чызджы, сæ фыды сын англисæгтæ фехстой Бакуйы». А. Барбюс йæ чиныг та балхынцъ кæны афтæ: «Человек с головою ученого, с лицом рабочего, в одежде простого солдата». Хæсты фæстæ Генералиссимус И. Сталины

Иуæндæсæм цæфыл та нымад æрцыд, АИШ-ы долларыл йæ къух кæй систа, уый. Уæд долларæн аргъгонд цыд сыгъзæринæй. Советон Цæдисы банкты цасдæриддæр АИШ-ы доллартæ уыд, уыдон сын иууылдæр арвыста æмæ сæм сыгъзæринæй цас цыд, уый бæрц æрбаласын кодта. АИШ-ы доллар ныртæккæ гæххæтт йеддæмæ ницы уал у, афтæмæй йын ис стыр аргъ, æмæ дзы дунейы бæстæтæй хъазы, йæхи хъæздыг кæны. Уымæй ма сын уынаффæтæ дæр кæны. Уымæн нал быхсынц Уæрæсейы Федераци, Китай, Инди æмæ иннæ стыр бæстæтæ. Архайынц, кæрæдзийы мидæг сæхи æхцатæй базар кæнын райдайыныл. Уым стыр хъæппæрис æвдисы УФ-йы Президент В. Путин.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

 

Ирон зарæг

Лæууынц æрыгон цардбæллон лæппутæ, ас лæгтæ, урсзачъе зондджын зæрæдтæ. Лæууынц æнгом. Иу сты сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, иу — сæ зæрдæйы уаг, сæ тырнындзинад. Сæ зæрдæты цæф баиу, æмæ хъуысынц сæ нæргæ рæсугъд хъæлæстæ. Амонæг базары, йæ зарæг ын ацахсынц иннæтæ, сисынц æй æмæ йæ æрмынæг кæнын нал уадзынц.

Хъуысы зарæг, кадгæнæг ирон зарæг. Уый райгуырдис хæхты: æхсæрдзæнты сæх-сæх, тъыфыл цæргæсты базырты пæр-пæр, зæйты æмæ знæт цæугæдæтты гыбар-гыбурмæ, сæрибар æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг ирон лæджы ныфсхаст зæрдæйы. Зæлы Иры хæхтыл лæгдзинады зарæг. Адæмы уарзондæр фыртыл æй снывæзтæуыд. Уый, хæхтау, сæрыстыр æмæ домбай, тызмæг æмæ æхцон у. Намысыл æй скодтой адæм. Козбаудзинад æмæ æхсины лæгтимæ йын иумæйагæй ницы ис. Йе ‘нæуынон сты. Ссæнды сæ йæ быны, марды рохы амæттаг сæ кæны.

Цы диссаг дæ, ирон лæгдзинады зарæг. Цас тых æмæ намыс, кад æмæ рæстдзинад æмбæхст дæ ис! Æвидигæ суадонау, гуырыс æмæ гуырыс адæмы зæрдæйы. Куы знæт вæййыс, бауромæн дын нал вæййы æмæ срæдувыс. Агайыс лæджы зæрдæ, æрызгъалыс ын йæ цæссыг. Афтæмæй йын фыдæлтæй туджы æртахæй зынаргъдæрæн баззад. Нæ йæ æрæппары адзалы раз дæр. Ахæм дæ ды! Домбай дæ, дæ ныхмæ лæууæн нæй.

Куы та булæмæргъы зардау хъуытаз хъæлæстæй спæр-пæр кæныс дунемæ. Фæузæлыс йе ‘нкъарæнтыл. Æдзухдæр ныл тауыс сæрыстырдзинад, царды рæстдзинад æмæ намыс, кæныс нæ ныфсджындæр, цардбæллондæр æмæ лæгуарзондæр.

Зарынц къордæй. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты иннæтæ дæр. Хъæрдæрæй йæ систа æгас Ирыстон. Ацахстой йæ æгомыг хæхтæ, урсбарц æхсæрдзæнтæ, фыййауы уадындз ныззарыд семæ.

Зæлы зарæг, лæгдзинады зарæг, кадгæнæг ирон зарæг, æмæ йын æрмынæггæнæн нал ис. Уымæн æмæ йæ адæмы зæрдæйæ срæдывта лæджы намыс. Намысæн та мæлæт нæй.

 

Куы — афтæ, куы — уфтæ?

Диссаг та куыд нæ стæм мах, ирон адæм, нæ фыдæлты дин нын фаг нæу æмæ ныххæцыдыстæм алы динтыл. Хион нæм нымады нал у: йæ уынаффæ, йæ ныхас ын ницæмæ дарæм. Фæлтау нæм æцæгæлæттæ кæцæй цы æрбадзурынц, уый æцæгмæ райсæм

Цалдæр азы размæ дæр ма бирæтæ хъæддыхæй тох кодтой марды дыууиссæдзæм боны æгъдауы ныхмæ. Фидарæй дзырдтой, нæ фыдæлтæ йæ нæ кодтой, зæгъгæ. Уæд «Рæстдзинад» фыста: «Нæ фыдæлтæ нæ, фæлæ ма йæ суанг скифтæ дæр кодтой». Историйы фыд Геродот (цард нæ азнымады размæ IV æнусы) куыд фыс- сы, афтæмæй, дам, скифтæн сæ хæстон разамонджытæ кæнæ паддзæхтæй исчи куы амæлы, уæд ын йæ мард 40 боны дæргъы хъæуæй-хъæумæ ласынц æмæ йыл адæмы кæуын кæнынц. Уæдмæ йын зæппадз æрцæттæ кæнынц, уым æй бавæрынц æмæ йыл бирæ сыджыт ныккалынц, обау дзы куыд рауайа, афтæ. Нæ фыдæлтæм дæр æрхæццæ уыцы мардæгъдау, фæлæ сæм хæххон зынвадат царды аххосæй бирæ цыдæртæ æххæст кæныны хъару нал уыд. Æмæ сын фадат куы фæци, уæд та йæ кæнын райдыдтой. Уымæн æмæ ацы æгъдау æрмæст чырыстон динæй нæ цæуы. Уæлдæр куыд загътон, афтæ чырыстон дин куы нæма уыд, уæд дæр æй нæ рагфыдæлтæ-скифтæ кодтой.

Ирон адæмæй бирæтæ кæд æрæджы дæр ма дыууиссæдзæм боны ныхмæ дзырдтой, уæд ыл ныр та бонæй-бон иузæрдиондæр кæнынц. Æмæ йæ сабаты — мæрдты бон кæнын дæр нал уадзынц, фæлæ сауджынты амындмæ гæсгæ йæ амардæй дыууиссæдз боны кæд- мæ æрцæуы, къуырийы раст уыцы бон. Суанг ма хуыцаубоны дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу — Хуыцаубоны уæлмæрдмæ цæуын дæр нæ фæтчы. Сабаты мæрдты бон у, æмæ сæ кæндтæ уæд кæнгæ сты! Дыууиссæдзæм бон дæр — йæ амарды дыууиссæдзæм бонмæ æввахсдæр сабаты.

Ам уæлдай митæ ницæмæн хъæуы, нæ фæтчы, марды дæр нæ хъæуынц. Стæй, хабар цы адæммæ фæкæнынц, уыдоны сæр дæр хъуыды кæнын, æф- сæрмы кæнын сæ хъæуы. Кусгæ бон сæ сæ куыстæй цæмæн цух кæнын кæныс? Цы бонмæ цæуы, ууыл ныц- цæхгæр уæвыны ницы æгъдау ис! Алагиры районы ма йæ бирæ рæтты ныр дæр йæ æртыккаг сабаты куы скæнынц. Афтæ Ставд-Дурты хъæуы дæр.

Марды ныгæнæн боны мæрдджынтæн сыхбæстæ, хъæубæстæ, æрцæуæг адæм æхцайæ цы æххуыс бакæнынц, уый дæр ма сабæттаг куы хонæм. Сабаты изæртæн фынджыдзæгтæн æххуысæн.

Марды дыууиссæдзæм бонмæ æмæ афæдзы кæндмæ-иу раздæр чи хъусын кодта, уый хуыдтой хабаргæнæг. Æмæ-иу адæм кæрæдзи фарстой: «Хабар дæм уыди?» Хабар дæм куы нæ уа, уæд дын хистмæ цæугæ нæу. Уымæн æмæ мæрдджынтæ фынгтæ æрцæттæ кæнынц бæрцæй. Йæ боны дæм хъæргæнæг куы нæ уа, афтæмæй йæ куы фехъусай, уæд æй кæд дæ хæсыл нымайыс, уæд дын цæугæ у.

Раст нæ кæнынц дыууиссæдзæм бон æмæ афæдзы кæндмæ хабар радиойæ, телевизорæй, газеттæй чи хъусын кæны, уыдон дæр. Телефон алкæмæ дæр ис, æмæ дын, кæмæ æмбæлы, уыдонмæ бадзурын кæн. Кæннод алчи йæ сæрмæ нæ хæссы иумæйаг хъусынгæнинаджы фæдыл цæуын, стæй æмбæлгæ дæр нæ кæны.

Иннæ ахæм нæ бæрæгбæттæ. Уæлдайдæр та афæдзы райдайæны. Чидæртæ сæхи ахæм «зондджынæй» равдисынц, сæхи алцызонæг скæнынц: бæрæгбæтты бонтæ афтæ схæццæ-мæццæ кæнын кæ- нынц, æмæ адæм æддæгмидæг ауайынц. Алы аз дæр рауайы афтæ. Ирыстон уыдон аххосæй Ногбон сбæрæг кæны æртæ хатты. Ног æмæ зæронд нымадæй нын æгъгъæд нæу, фæлæ ма йæм бафтыдтой цыппæрæмы Ногбон дæр. Гъе ныр ма нæ рагфыдæлты Ногбон 21 мартъийы куы сбæрæг кæнæм, уæд уый та уыдзæн цыппæрæм хатт.

Уырыс дæр Петр I агъоммæ Ногбон бæрæг кодтой 1 сентябры, фæлæ йæ уый йæ уынаффæйæ дунеон къæ- линдармæ гæсгæ 1 январмæ раивын кодта. Æмæ йæ абон дæр бæрæг кæнынц 1 январы. 14 январы Ногбон хонæм зæронд нымадæй. Зæронд нымад дæр Уæрæсейы сæдæ азы бæрцы размæ ивд æрцыд ногæй, фæлæ йæ Уæрæсейы чырыстон аргъуан нæ ивы. Æмæ мах дæр уыдон фæзмæм.

Цыппæрæмы Ногбон дæр ирон адæммæ фæзынд зæронд нымадмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ-иу ын сбæрæг кодтой йæ бон. Уымæй уæлдай ма хыгъд цыд Цыппурс дæр. Цыппурс ирон адæммæ у комуадзæны бæрæгбон. Уый размæ-иу цыппор боны ком дардтой. Комдарæн рæстæг та-иу райдыдта, Джеоргуыбайы Уастырджимæ кувæн бонты йе ‘рвитæн æхсæв цы къуыримæ æрцæуы, уый цыппæрæмæй фæстæмæ нымайгæйæ. Цыппор — дыууиссæдз боны цы къуыри фæуой, уый цыппæрæмы вæййы Цыппурс. Цыппурс чырыстон дингæнджытæ Чырыстийы райгуырдимæ кæй бабастой æмæ уымæй къуыри фæстæдæр Ногбон кæй вæййы, уымæ гæсгæ ирæттæ дæр сæ цыппæрæмы Цыппурсæй къуыри фæстæдæр цыппæрæмы кæнын райдыдтой Ногбон.

 

 

Нæ дуджы бæрджытæ

Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславыл Интернеты мысынц алыхуызон æнæрцæугæ галиу хъуыддæгтæ. Цъыф ыл чи калы, уыдонæй алчидæр арт æндзары йæхи гуылы бын. Чи дзы йæ хъарм æмæ пайдайаг бынатæй фæхаудта, чи республикæйы мулкæй лæварæмхасæнтæй йæ къухы цы бафтыд, уыдонæй æрттæдæлармæй аззад, чи та дзы халоны дзыхæй рувас цыхт æрхауынмæ куыд каст, афтæ цæмæдæр æнхъæлмæ каст, фæлæ йын дзы ницы рауад. Æмæ сæ маст калынц Битары-фыртыл. Адæмы йыл ардауынц. Дзæгъæлы? Республикæйы рæстзæрдæ адæм уынынц, хорзæй цы скодта æмæ ма йын саразын цытæ бантысдзæн, уыдон. Æмæ фидарæй сты йæ фарс.

 

Хæлофы дуг скодта, хорз адæм! Æмæ къæрцхъусдæр ут уæ митæм, уæ хъуыддæгтæм, цæмæй хионы, хæстæджы, сыхаджы, æцæгæлоны зæрдæхудты ма бацæуат. Науæд фæсмойнаг фæуыдзыстут. Цард æрмæст абонæй нæу! Райсом дæр ма дзы ис. Æмæ ууыл хъуыды кæнын хъæуы. Бирæйæ бирæгъ дæр не ‘фсæды. Адæймаджы та — цæрынæн бирæ нæ хъæуы. Хион-хæстæг- дзинад, адæймагдзинад æмæ дзы сыгъдæг цæсгомæй зынаргъдæр ницы ис. Уыдон цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты алкæ- мæн дæр. Æмæ уæд къæмдзæстыг никуы никæй раз уыдзынæ.

lll Нæ фыдæлтæм сылгоймаг йе ‘фсарм, рæсугъд æгъдау æмæ мадзурайæ йæхицæн кад кодта. Ныр та йæ хæйрæг цыракæноныл, кæцæй цы ратоныныл бафтыдта. Æмæ уымæн сæхи дæр æвгъау нал кæнынц. Сæ хъæр æмæ цъæхахст та нæ хæдзæртты нæ, нæ уынгты дæр æрвнæрдау хъуысы.

lll Ныры дуджы цыракæнонтæ нын нæ истори, нæ культурæ, не ‘взаг уарзын кæнынц уырыссагау, сæхæдæг сæ рæстмæ нæ зонынц, афтæмæй. Сæ фылдæр та ирон уæвгæйæ сæ мадæлон æвзагыл сæ къух раджы систой.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here