ФÆЛКЦ-йыл сæххæст 100 азы. Уый кадæн канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр цыдысты кадджын мадзæлттæ.
Знон Дзæуджыхъæуы, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты территорийыл — Фæсомцæдисонты парчы бындур сæвæрдтой Фæскомцæдисы 100 азы кадæн ног цыртдзæвæнæн. Архайдтой дзы нæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, фæскомцæдисы ветерантæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ.
Фæскомцæдис советон царды цы стыр æмæ ахсджиаг бынат ахста, уый амонын нæ хъæуы, йæ рæнхъыты чи уыдис, фæскомцæдисоны билет йæ къухтæм чи райста æмæ йын йæ риуылдаргæ нысанимæ хицæн чи нæ кодта, уыцы фæлтæртæн.
Фæскомцæдисы историйы фæдыл бæлвырд радзырдта 70- æм азты Цæгат Ирыстоны Фæскомцæдисы обкомы фыццаг секретарь Хæтæгты Владимир.
— Уымæй хуыздæр рæстæг мæ царды æз нæ хъуыды кæнын. Мах сабыр дунейы арæзтам социалистон цард. Граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстыты нæ бæстæйы æрыгон фæсивæд, уыдонимæ ирон фæсивæд дæр, фæскомцæдисы тырысаимæ хъæбатырæй лæууыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ. Куыд нæ ис ацы ран номæй-номмæ зæгъæн, сæрибар дуне нын йæ тугæй чи балхæдта, уыцы фæскомцæдисонтæ, цыколайаг дыууæ æфсымæры Гасанты 13-аздзыд Омарби æмæ 14-аздзыд Ханафийы хъайтардзинады тыххæй. Сæ рæзгæ удтæ нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы рæсугъд фидæны сæраппонд. Афтæ Баситы Чабæхан, Дзотты Лазыр, Зæнджиаты Владимир. Баситы Чабæханы хуыдтам уырыссаг Зоя Космодемьянская. Фашистты фæндтæн чи нæ сразы æмæ хъизæмарæй кæй амардтой, уыцы æрыгон ахуыргæнæджы. Дæнцæгтæ — бирæ, се ‘ппæт нымад чи фæуыдзæн. Фæлæ фæскомцæдисонтæ арæзтой амондджын цард, сæ рæсугъд хъуыддæгтæй бафыстой сæ хæс. Фæскомцæдисы тырысайыл цы бирæ хæрзиуджыты нысантæ ис, ахæм майдантæ æмæ ордентæ æндæр тырысатыл фенæн нæй. Уыцы организаци нæ схъомыл кодта, радта нын амондджын цард, рæсугъд фæндæгтыл нæ акодта æмæ нæ зæрдæты арфы дæр хуыздæр мысинагæй уымæн баззад, — загъта Хæтæгты Владимир.
ЦИПУ-йы президент, профессор Мæхæмæтты Ахуырбег та радзырдта, фæскомцæдис цы намысджын фæлтæртæ схъомыл кодта, сæ кад æмæ намысы хъуыддæгтæ нæ бæстæйы æмæ Ирыстоны историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст кæмæн æрцыдысты, цы стыр бынат ахста ацы организаци нæ царды, уый фæдыл. Фæскомцæдисы организацийы 100 азы кадæн ног цыртдзæвæн Фæскомцæдисонты парчы саразыны бынаты фыццаг дур сæвæрыны бар лæвæрд æрцыд Хæтæгты Валодя æмæ Кучиты Агуыбейæн.
Бæрæгбоны мадзæлттæ дарддæр цыдысты Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны. Ацы ран РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæтæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн æмæ радзырдта, хуымæтæджы организаци кæй нæ уыдис, фæлæ хорздзинады, рæстдзинады хъуыддæгтæ хæссæг, æмгомдзинады, уарзты æмæ æвзонгады стыр æгæрон тых.
Уый фæстæ Битарты Вячеслав паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта нæ республикæйы алы куыстуæтты намысджын фæллой чи кæны, æрыгонæй абонмæ Ирыстоны æмæ нæ бæстæйы хорзæн йæ куыст чи аразы, уыцы адæймæгты. Майдан «Ирыстоны намыс» — лæвæрд æрцыд Æгъуызарты Русланæн, Дзанæгаты Олегæн, Джыбылаты Владимирæн, Абаз Хасановæн æмæ Геннадий Стреляевæн. РЦИАланийы Кады гæххæттытæй та хорзæхджынгонд æрцыдысты: Гугкаты Дмитри, Дзестелты Барис, Хъамбегаты Раисæ, Кертанты Руслан, Дулаты Олег æмæ Тотраты Светланæ.
Кадджын мадзалы Сфæлдыстадон галуаны хъомылгæнинæгтæ аив кастысты æмдзæвгæтæ, концертон программæйæ барухс кодтой бæрæгбоны архайджыты зæрдæтæ.


САУТÆТЫ Тамилæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон














