ПУХАТЫ Дианӕ ахуыр кӕны Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты 3-ӕм курсы. Йӕ фидӕны дӕсныйад — райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнӕг. Кӕд нырма йӕхӕдӕг хӕрз ӕрыгон чызг у, уӕддӕр бирӕ уарзы сывӕллӕттимӕ архайын.
Йе ‘мбӕлттимӕ арӕх цӕуынц скъолатӕм, рӕвдауӕндӕттӕм. — Куы базыдтон, нӕ институты бархионты къорд ис, уый, уӕд мӕн дӕр бафӕндыд сӕ рӕнхъыты ӕрлӕууын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ искӕмӕн баххуыс кӕнын, — зӕгъы Дианӕ. — Бархион хъуамӕ уа ӕнӕхин, цӕстуарзон, ӕнӕзивӕг адӕймаг. Искӕй амындӕй кӕнӕ уынаффӕйӕ нӕ, фӕлӕ барвӕндонӕй кӕна йӕ куыст, уӕд дӕ архайдӕй уыдзынӕ зӕрдӕрухс. Дианӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕрыгӕтты ‘хсӕн бирӕ ис ахӕмтӕ, йӕхи чи нӕ фӕриссын кӕндзӕн, зӕгъдзӕн, рӕстӕг мын нӕй, зӕгъгӕ. — Бархионты змӕлд хъӕугӕ у, ӕмӕ ноджы фылдӕр куы уаиккам, уӕд хорз уаид, — зӕгъы Пухаты чызг. Ивгъуыд къуыри Хицауады хӕдзары схорзӕхджын кодтой ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Доброволец России — 2018»-ы регионалон къӕпхӕны уӕлахиздзауты. Конкурсы сӕйраг нысан — Уӕрӕсейы бархионты культурӕ парахат кӕнын, ӕхсӕнады хӕлардзинады, кӕрӕдзийӕн ӕххуысмӕ цӕттӕдзинады фӕлтӕрддзинад фидар кӕнын. Йӕ саразджытӕ сты Фӕсивӕды хъуыддӕгты федералон агентад, Уӕрӕсейы сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕды граждайнаг ӕмӕ патриотон хъомылады паддзахадон кусӕндон, Бархионты центрты ассоциаци ӕмӕ РЦИ-Аланийы фӕсивӕды хъуыддӕгты комитет. Конкурсы архайджытӕй ӕппӕты кӕстӕрыл цӕуы аст азы. Уӕлахиздзаутӕй алчидӕр бацӕттӕ кодта йӕхи социалон проект, афтӕмӕй йӕ курдиат конкурсмӕ балӕвӕрдта. Нӕ разагъды чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕн арфӕ ракӕнынмӕ ӕмӕ уӕлахиздзаутӕн ӕвдисӕндартӕ раттынмӕ ӕрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Джусойты Руслан.
— Бузныг уӕ архайдӕй! ӕхсызгон у, ахӕм хорз фӕсивӕд нӕм кӕй хъомыл кӕны, уый. Кӕддӕриддӕр ӕххуысхъуаг адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууын мах- мӕ кадыл нымад уыд. Уымӕн-иу расидтысты зиутӕ, раздӕр скъоладзауты ‘хсӕн уыд «Тимуровонтӕ». Абоны фӕлтӕры минӕвӕрттӕй зӕрдӕ рухс кӕны. Йӕхимӕ уыцы хӕс чи райста, уыдонӕй фидӕны, ӕнӕмӕнг, рауайдзӕн хорз специалисттӕ, бӕрнондзинад исын, искӕй рыст дӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг айсын — уыдон сты адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕ. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, ахӕм ӕнӕфидгӕ, ӕнӕаргъ ӕххуысхъом куыд уат, уый, — загъта Фадзайты ӕхсарбег.
ГУГКАТЫ Жаннӕ Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон














