Илас Æрнигоны райгуырдыл 10 декабры сæххæст 130 азы

0
709

 

Поэты куырыхон ныстуан

 

Илас Æрнигон… Ирд æмæ рухс поэтикон ном. Дзурынц: номæвæрæг дæсны у. Тогызты Газакк ацы фæсномыг йæхиуыл, æвæццæгæн, йæхæдæг сæвæрдта. Йæ фыццаг уацмыстыл-иу бафыста ном Илас Мызурон дæр. Фæлæ ирон литературæмæ бацыд æмæ дзы æрфидар рæсугъд ном Илас Æрнигон. Илас йæ фыды ном уыд. Æрнигон цы нысан кæны, уый ничи зоны. Лæг у номгæнæг. Поэтæн йæ ном цас ирд æмæ рухс у, уыйас тар æмæ æрхæндæг у йæ хъысмæт. Йæ царды хабæрттæй бæрæг цы у, уыдон кадавар сты. Йæ уæззау фæндаг дæрдтыл æрзылд. Йæ сусæг зынтæ йын ничи зоны. Хъыгагæн, ничи сæ базондзæн

Хорз лæгæн зын цæрæн у — адæмæй хæс дары. Илас Æрнигон йæ адæмæн цырагъдарæг уыд. Алы хъуыддаджы дæр. Адæмы фарнæн ахъаз цы у, уым та гыццыл хъуыддæгтæ нæй.

Абон ирон æвзаг скадджын и. Чи йæ сæфта, уыдон дæр дзурынц: «Не ‘взаг — нæ хæзна». Æниу уый бынтон раст хъуыды нæу. Ис æнæ хæзнайæ цæрæн, æнæ ‘взагæй цæрæн нæй. Æвзаг адæмæн сæ цард у, сæ монон цард, сæ удон уæвынад.

Илас Æрнигон хорз æмбæрста уыцы фæтк. Æрыгон ахуыргæнæг дины скъолайы сабитæн амыдта сæ мадæлон æвзаг, уый æххуысæй та уырыссаг æвзаг. Нæ фæцыд ахæм куыст скъолаты разамынды зæрдæмæ. Сæ быцæу расайдта хъаугъа, æмæ лæппуйы бахъуыд йæ куыст ныууадзын. Тас ын уыд ахсынæй, æмæ йæ сæр фесæфта дард бæстæм. Уый уыд 1910 азы. Илас Æрнигоны удхæрттæн сæ райдайæн уыд ирон æвзаджы сæраппонд.

Æрнигон фæхауæггаг Ирыстонæй. Йæ фæндаджы фыццаг сагъæстæй равзæрд æмдзæвгæ «Хæрзбон». Уый у зæрдæхалæн хъарæг, Фыдыбæстæйæ æнæбары чи фæиппæрд, ахæм адæймаджы хъысмæтыл. Уæззау æмæ трагикон у уыцы хъысмæт. Лæг райгуыры, цæмæй цæра æмæ фæллой кæна йæ фыды зæххыл, сæрибарæй дзура йæ мады æвзагыл, кæна «барджын æгъдæуттæ æмæ барджын ныхæстæ».

Уыцы хорзæхæй æнæхай у Æрнигоны герой. Уый суры йæ цард, нæй йын фæндаг Иры сау къæдзæхы риуыл. Цы ма уа уымæй егъаудæр трагеди! Æвзæрæн цы у? Æвзæрæн, йæ гуыбын æфсæст кæм уа, уым ын — Фыдыбæстæ. Фæлæ Æрнигоны герой патриот у, хъуыдыгæнæг, сагъæсгæнæг адæймаг. Йæ зæрдæ нæ ивы йæ райгуырæн хæхтыл, мæгуыр æмæ æвадат бæстæйыл. Къостайы «А-лол-лай»-ы мад йæ фыртæн фæдзæхсы: нæ хæхты дæ цард уыдзæн зындоны цард, фæлæ сæ уæддæр ма суæлдай кæн, ма сæ бафæллай. Стыр у уыцы Мад, куырыхон! Йæ Зæрдæ — хур.

Уый рухс йæ туджы чи хæссы, уымæн нæй амонд æцæгæлон зæххыл. Уымæ гæсгæ Æрнигоны геройы риссаг фарст у: «Мæ хæхтæй дард цы у мæ цард?» Ницы. Уый мæлæтæй нæ тæрсы, тæрсы æгады мардæй.

Афтæ вазыгджын хуызы æвдисы поэт адæймаджы хъысмæт. Æвдисы, лæджы амонд Райгуырæн бæстæйы уавæрæй кæй цæуы, уыцы æцæгдзинад. Уыимæ поэт æрæмных кодта социалон уавæртæ æмæ адæймаджы æфсарм, уыдоны быцæуæй æвзæры уды моралон хъизæмар, — уый та поэтæн у лæгæвзарæн фæрæз. Æрнигоны лирикон герой уыцы фæлварæны бавдисы йæ лæджыхъæд: уымæн ис мæлæт, фæлæ йын нæй басæттæн, нæй йын йæ бæллицтæ аивæн, нæй йын дæлдзиныгæй æгад кæнæн. Гъе, уымæ гæсгæ йæ трагедийæ дæр æвзæры рухс æмæ ныфс.

«Хæрзбон»-ы цы хъысмæт æвдыст ис, уый Октябры агъоммæ уыди типикон. Иры фæсивæд цардагур зылдысты зæххы алы кæрæтты — чи барвæндæй, чи та — æнæбары. Сæ иуты бæллиц уыд Харбинæй дæс мины схæссын (Пæсæйы зарæг). Фæлæ уыд æндæртæ, Ирыстоны хъысмæтыл чи сагъæс кодта, ахæмтæ. Иу ахæм адæймаджы хъысмæт нын æвдисы Æрнигоны æмдзæвгæ «Куы ‘ркастæн». Уый уыны йæ бæстæйы зынтæ, хъусы йын йæ хъæрзын, зоны йын йæ хъыгтæ. Афтæмæй араст цæгатмæ гарзагур, зондагур.

Бæгуыдæр, разынд, уыцы фæндтæ кæмæн бантыстысты, ахæм фæсивæд. Уыдон систой тохы тырыса æмæ адæмы разæй цыдысты сæрибарыл тохмæ. Æрнигон йæхæдæг дæр,йæ герой дæр бахаудтой æндæр уавæрты,царды зилдухæнты, рæстæджы тымыгъты. Фадат у аразæг. Æмæ хъусæм тыхст адæймаджы хъаст:

 

Мæ ныфс мын сау дымгæ фæхаста,

Мæ фæндтæ нал æсхастой рæз:

Кæмдæр сæ сау лæппу ныббаста,

 Кæмдæр сæ бавæрдта бынуæз.

Бæласыл сау дымгæ куы ‘рцæуа,

 Куы ныууой къалиутæ хæрз пырх, —

Фæззæг ма цардхуызæй куыд лæууа,

Куыд хъæуа хорз дыргътау йæ дыргъ?

 

Уый у, фыццаджыдæр, поэтæн йæхи царды ныв. Æрнигон афтыд Харбинмæ, куыста Китайы фæндæгтыл, ахуыр кодта Владивостокы. Цалдæр хатты йæ абырджытæ ахастой уацары, фæлæ-иу раирвæзт алы мадзæлттæй. Иу дзырдæй, карз уыдысты лас тымыгътæ. Фæлæ ихдзагъд бæлас бынтон нæ бахус. Илас Æрнигон æцæгæлон зæххыл Харбины ирæттæн сарæзта ирон чиныг — къорд экземпляры дзы рауагъта йæхи хардзæй. Ахуырдзаутæн амыдта ирон æвзаг, ирон æгъдау, ирон зарæг. Арæзта литературон изæртæ, дзырдта нæ культурæйыл, нæ историйыл, цæмæй «Ирон арты зынг ма ахуысса, уый тыххæй». Уый сгуыхт хъуыддаг у, уæзданы куыст. Лæджы фарнæн сæфæн нæй, курдиат ныккæндæй дæр суадзы рухсы тынтæ.

Нæ поэтæн Ирыстонмæ æрбаздæхын бантыст æрмæст 1934 азы. Кæддæр, 24 азы размæ йæ бæстæйæ куы фæхауæггаг, уæд хæхтæм дзырдта: «Æллæх, мæ бон,цæрынæй уемæ мæнæн нæ бафсæсти мæ уд!» Ныр цардæфхæрд æмæ фæлладæй куы сыздæхт, уæд нал бафсæст хæхтæн сæ уындæй дæр. Бæстæйы сæрмæ йæ сау базыртæ айтыгъта сау пъæззы. Хæрам, нымудзын, дау кæнын, уыдон — йæ сау сынтытæ. Тæссаг уавæры уыд адæймаг, дзæбугæй хъæсдарæджы астæу бахауд курдиат. Æртын æвдæм азы цагъды фесты Иры хуыздæртæ. Æмбисондæн баззадысты Æмбалты Цоцкойы ныхæстæ: «Иры фарн фæцæуы, Иры фарн, лæппутæ!» Илас Æрнигон дæр нæ хæрзæджытæй уыд æмæ бахаудта фæрæты бынмæ. Уыцы фыдракæнд æрцыд 1938 азы 5 январы. Иу уыд, æмæ йæ мæлæт фæндзайаздзыдæй, иннæ уыд æмæ йын йæ фыстытæ бакодтой арты амæттаг. Зæрдæ риссы, зæрдæ фæрсы: цымæ цы хæзнатæ басыгъд уым, цы диссæгтæ дзы уыд? Нæй дзуапп. Тар у культы амæттæгты хъысмæт.

Æрнигоны уацмыстæй нæм цы баззад, уыдон — цагъды уæлдæйттæ. Рауад сæ æрмæст иу къаннæг чиныг. Фæлæ уый у бирæ томтæй уæзгæдæр æмæ зынаргъдæр. Уый у ирон аив дзырды егъаудæр æнтыстытæй. Поэт йæ дзырдыл куыста зæрингуырдау: йæ алы уацмыс дæр у æххæст, æнæлаз, нывæфтыд. Йæ ныхас у мидисджын, хъары зæрдæмæ, уымæн æмæ у сыгъдæг, ирд, музыкалон. Иттæг дæсны арæзт у уацмыстæн сæ композицион нывæзт.

Цæвиттонæн æрхæссæм æмдзæвгæ «Арфæ ракæн». Уый у лирикон шедевр. Йæ мидис — арф, патриоты фæндиæгтæ, йæ хъуыды — бæрзонд, йæ фидауц — алæмæт. Адæймаг кувы арвмæ, куры йæ бæстæйæн фарн æмæ амонд.

Цардæй бафсад, арв, нæ Иры,

Ратт нæ бæстæн, арв, бæркад.

Арв, нæ Иры фос уæд бирæ,

 Хос уæд арæх, хор уæд зад.

 

Уыдон сты адæмы æнусон бæллицтæ, лæджы фæндиæгтæ. Фыццаг дыууæ рæнхъы тигътыл поэт æрæвæрдта сæйраг дзырдтæ — цард æмæ бæркад. Иннæ рæнхъыты сын сæрттивын кодта сæ арф мидис, сæ уæвыны фæрæзтæ: фос — хос — хор. Æнæнхъæлæджы нæу сæ равæрд, уырзæй æвзæрст сты ацы дзырдтæ, сæ зæлыны уагыл. Поэт зоны, бæркад æххæст фарн нæу, æмæ куры рухс æмæ уарзондзинад (патриотон æнкъарæнтæ), æрмæст уыдон сбæрзонд кæндзысты адæймаджы, æрмæст ахæм адæмы руаджы уыдзæн бæстæйы фарн æмæ амонд. Æмдзæвгæ, раст цыма «Хуыцауы» комы тæфæй равзæрд, афтæ зыны. Уый у æнувыдæй кувын, æрмæст хъæрæй нæ, фæлæ зæрдæйы сулæфтæй. Уыцы миниуæг бæлвырддæрæй зыны фыццаг строфайы, — уый у кæронбæттæн дæр. Арæзт у, арф улæфт чи æвдисы, ахæм мыртæй (А,Р,Ф) æмæ æмбисонд у йæ зæлынад.

Арфæ ракæн, арв, нæ бæстæн,

Арф дæ фарнæй бамбæрз мах.

Арв, нæ бæстæм, арв, нæ фæзтæм

Амонд арæхдæр æздах.

Ацы уацмыс у патриотизмы гимн. Ирдæй нын æвдисы куырыхон лæджы стыр æмæ уæздан хъуыдытæ.

Бæрцæй — цъус, мидисæй хъæздыг æмæ ахадгæ у Æрнигоны лирикæ.. Уым нывæфтыд æрцыдысты йæ заманы Ирыстон æмæ ирон лæджы хъысмæт сæ алы хуызты. Ацы фæткыл поэт дарддæр хæццæ кæны Къоста æмæ Секъайы традицитæ. Йæ уæззау нывтæй зæрдæ æнкъуысы æмдзæвгæ «Æнамонд Ирыстон». Зынгæ бынат ахсы йæ поэзийы иунæджы тæригъæддаг хъысмæт («Сагъæс», «Бæлас», «Æрымыс-иу мæн»).

Поэт кад кæны адæмы гуманизмæн, сæ зæрдæйы рæдау рухсæн, æвдисы адæмы тыхтæ, сæ цардбæллон сагъæстæ. Социалон быцæуты фарсмæ æвæры моралон фарстытæ — сæ сæйрагдæртæ сты сæрибар æмæ намыс, зæгъы: «Сæрибар — нæ тых». Æвдисы, ирон æгъдæуттæй лæджы уæздан æмæ намысджын чи кæны, уыдон тых («Зарæг», «Цæй, мæ бæхыл райсом бонæй»). Ирон лирикæйы хæзнатæ сты «Иунæджы зарæг» æмæ «Рауай-рацу (Туаллаг зарæг)». Фыццаджы фылдæр ис æнкъард сагъæстæ, дыккаджы сыгъдæг æхсæрдзæнау кæлынц нæрæмон зæрдæйы уаз æнкъарæнтæ, æхсæвы дард цырæгътау йæ алы ныв, йæ алы дзырд кæнынц фæлмæн рухс.

Хъæздыг æмæ хуызджын сты Æрнигоны поэтикон ахорæнтæ, арф æмæ æххæстæй æвдисынц æхсæнадон фæзындтæ, уды цард, æнкъарæнты фæлхъазæнтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр дзы ис тар ахорæнтæ, æрхæндæг нывтæ — афтæ домдтой йæ рæстæг æмæ йæ уавæртæ, — фæлæ йын хицон сты сатирæ æмæ хъæлдзæг ныхас дæр. Уымæн хуыздæр æвдисæн йæ номдзыд радзырд «Челе» æмæ драмон ныв «Уайсадæг чындз».

Илас Æрнигоны сфæлдыстады уидæгтæ цæуынц йæ дуджы цардæй. Æниу поэт æмæ стыр цауты ‘хсæн гæрæнтæ уыди, — уавæртæ, фадæттæ. Фæлæ курдиатджын фыссæг цы федта, цы бавзæрста, цы хъуыды кодта, уыдон нывæзта бæрзонд аивады мадзæлттæй. Йе сфæлдыстады хъомыл ын цырын кодтой патриоты æнкъарæнтæ. Йæ сомы баста Ирыстоны номæй,йæ бæллиц уыд Ирæн фыртæн сбæззын, йæ фæдзæхст уыд: «Кадджын дарæм азæй-азмæ, цæй, нæ Ирæн мах йæ ном!» Уый уыд куырыхон поэты ныстуан. Æрнигон цард æмæ куыста уый сæраппонд. Уыцы куыст ын йæ ном скодта адæмæн уарзон, йе сфæлдыстад — æнусон.

ДЖЫККАЙТЫ Шамил.

(«Рæстдзинад»-ы архивæй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here