Мæскуыйы Кремлы галуаны уыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады цур Финансон университеты 100 азы юбилейы фæдыл кадджын æмбырд. Университеты кусджытæн сæ бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодтой Цæгат Ирыстоны
Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады пресс-службæ.
Нæ республикæйы минæвæрттæ Финансон университеты ректор Михаил Эскиндаровæн радтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы арфæйы фыстæг. «Финансон университет æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн ис рагон æмæ пайдайаг æмгуыстад. Университеты разамынды рæдау ахастдзинады фæрцы республикæйы минæвæрттæн ис бæстæйы кадджындæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иуы профессионалон ахуырад райсыны фадат. Уый тыххæй мах университеты разамындæн бузныг зæгъæм», — загъд ис Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы фыстæджы.
УФ-йы Хицауады цур Финансон университет ныртæккæ у бæстæйы раззагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иу. Университет бæрæг дары йæ инновацион программæтæй, хорз бастдзинæдтæ йын ис дунейы кадджындæр ахуырадон центртимæ дæр. Финансон университеты дæлхайæдтæ æмæ минæварадтæ кусынц бирæ уæрæсейаг регионты (йæ филиал æнтыстджынæй кусы Дзæуджыхъæуы дæр). Ныртæккæ Финансон университеты ахуыр кæны 50 мин студентæй фылдæр. Йæ рауагъдонтæ кусынц федералон центр æмæ регионты финансон структурæты, хъалонты, къазнайад æмæ æндæр службæты.
Кадджын æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан, Финансон университеты дзæуджыхъæуккаг филиалы директор Уырымты Зæирæ æмæ æндæр уазджытæ.
Нæ уацхæссæг














