Актер, режиссер, драматург…

0
800

Темыраты Давиды райгуырдыл сӕххӕст 95 азы

Актер, режиссер, театриртасӕг ӕмӕ педагог Темыраты Давиды номимӕ баст у Дыгурон театры истори. Дыгурон паддзахадон театр сӕрыстыр у йӕ аивадон разамонӕгӕй. Уый ӕппӕт рӕстӕджыты дӕр хъӕздыг уыд сфӕлдыстадон царды цаутӕй, уыдис ын йӕхи хӕдхуыз сфӕлдыстад, никӕимӕ хӕццӕ кодта. Уый уымӕн, ӕмӕ цы хъуыддагыл хӕст уыд, ууыл уыд ӕнувыд.

Ирыстон ӕдзухдӕр тӕхудиаг, кадджын уыд курдиатджын актертӕй. Фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн дӕр ирдӕй зынд Темыраты Давиды хӕдхуыз курдиат, куыд актер ӕмӕ режиссер, афтӕ. Нӕ фыдӕлтӕ дзырдтой: «Адӕймаг дӕр бӕласӕй уӕлдай нӕу, цӕры райгуырӕн зӕххы сойӕ ӕмӕ йын уый дӕтты тых, адӕймаджы хи ӕвӕлхатт миниуджытӕ». Темыраты Давиды режиссеры удыхъӕды миниуджытӕ, сфӕлдыстадон цӕхӕр ӕмӕ театриртасӕджы хъуыдыкӕнынад фӕзындысты Дыгурон театрыл ӕмӕ йын радтой царды хъомыс, ирд уӕлтӕмӕн. Уыдӕтты фӕрцы цыбыр рӕстӕгмӕ ӕвзонг актерты хъазтыл театрдзаутӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой, театр сси сӕ уарзондӕр бынӕттӕй иу.

Аивадон разамонӕг ӕмӕ театралон администратор кӕд иу адӕймаджы мидӕг бирӕ хатт быцӕу кодтой, уӕддӕр ӕнувыд уыдысты сӕ куыстыл, тырныдтой иу нысанмӕ — театрдзауы театрмӕ раздахынмӕ, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарой. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад.

Темыраты Давид, Ирыстоны театралон архайджыты зынгӕдӕртӕй иу, йӕ театримӕ ӕрзылд нӕ республикӕйы ӕппӕт хъӕутыл дӕр, ӕмӕ йыл кӕмфӕндыдӕр зӕрдиагӕй ӕмбӕлдысты. Уый сарӕзта, ӕнусон фарстытӕ ӕмӕ бӕрзонд уӕлмонцтӕ кӕй баиу кодтой, уыцы актерты театр. Темыраты Давиды ӕвӕрд спектаклтӕ чи федта, уый сӕ никуы ферох кӕндзӕн. Абон дӕр цӕры ӕмӕ театрдзауты ӕмбырд кӕны Дыгурон театр. Ам кусынц ӕрыгон курдиатджын актертӕ: Цъугкиты Сослан ӕмӕ Хадаты Альберт, Кокайты Тимур ӕмӕ Хъараты Алик, Малиты Фатимӕ ӕмӕ Хадаты Алинӕ, Сечъынаты Элитӕ ӕмӕ Бичилты Фатимӕ.

Курдиатджын актер ӕмӕ режиссерӕн йӕ бӕллиц сӕххӕст: ссардта, раздӕры театралон культурӕ ӕмӕ фӕстаг рӕстӕджы театры ногдзинӕдты цы тӕгтӕ иу кӕнынц, уыдон. Темыраты Давиды спектаклты традици ӕмӕ ногдзинад ныхмӕвӕрд нӕ уыдысты. Раздӕры ӕвӕрд спектаклтӕ-иу  цыма сӕ хӕрв аппӕрстой, афтӕ-иу ногӕй сӕ хуыз скалдтой. Ӕмӕ уымӕн бамбарӕн ис, рӕстӕг ӕй йӕхӕдӕг бафидар кодта. Темыры-фырт у дыгурон театралон культурӕ ӕмбырдгӕнӕг. Йӕхимӕ цы уӕззау хӕс райста, уый ахсджиаг уыдис нӕ национ театрӕн.

Темыраты Давиды хъуыдымӕ гӕсгӕ, нырыккон театралон культурӕйӕ хъуамӕ ӕххӕст уа театры аивадон разамонӕг. Уыцы хъуыды йӕм сӕвзӕрд, Борис Щукины номыл уӕлдӕр театралон училищӕйы ахуыргӕнӕгӕй куы куыста, уыцы азты. Дыгурон театр саразыны хъуыды та йӕм ӕрцыд, Тотраты Барис йӕ аивадон разамонӕг куы уыд, уӕд. Курдиатджын режиссеры нӕ фӕндыд зноны цардӕй цӕрын, уымӕн ӕмӕ ног театрмӕ уыд ног рӕстӕджы домӕнтӕ, хъуыдис ног спектаклтӕ сӕвӕрын. Цӕмӕй сын уыдаид бирӕ цӕрӕнбон.

Темыраты Давиды къухы режиссеры ӕнтыстдзинад уымӕн бафтыд, ӕмӕ йӕм уыдис йӕхи цӕстӕнгас йӕ алфамбылай дунемӕ, йӕхи театралон дуненкъарынад. Фӕлтӕрдджын профессионал, стыр нывгӕнӕг йӕхи темӕимӕ, цардыл йӕхи хъуыдыимӕ ӕдзухдӕр ӕнцой кӕны уыцы миниуджытыл. Ӕмӕ цас ӕгъатырдӕр у драматург ӕмӕ режиссеры лӕмӕгъдзинӕдтӕм, уыйас сценӕйы хъайтар бӕлвырддӕр, зӕрдӕисгӕдӕр у. Гъе, уымӕ гӕсгӕ агуырдта алывӕрсыг курдиаты хицау актерты, цӕмӕй сӕ хъазт адӕмы зӕрдӕмӕ цыдаид.

Режиссеры куыстмӕ цы цӕстӕй каст, уый бӕлвырдӕй зынд йе ‘вӕрд спектаклтыл. Уыдонӕй алкӕцы дӕр уыд зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас, актер — иртасӕг ӕмӕ драматург — аналитик кӕм архайынц, ахӕм. Кӕд нырыккон театры алыхуызон хуызтыл ӕмбӕлд, уӕд йӕ режиссеры мадзал — Станиславскийы хуызӕн, фӕлӕ Хуыгаты Геор, Юлий Тамерьян, Бекъойты Розӕ кӕнӕ Дзиуаты Анатолийы хуызӕн нӕ.

Темыраты Давиды спектакл уыд национ бӕрӕгбон Джеоргуыбайы хуызӕн. Уым ис бирӕ архайджытӕ, цы ран сӕйраг архайӕг, фӕнда йӕ ӕви йӕ ма фӕнда, уӕддӕр ӕмархайд кӕны бӕрӕгбоны иннӕ архайджытимӕ. Уыцы театралон аксиомӕйӕ уый саразы зӕрдӕскъӕфт сценикон архайды текст. Рӕстӕггай, изӕрмилты ӕндӕргты хуызӕн, махмӕ разынынц Бертольд Брехты риторикон мадзалы элементтӕ. Уый та ахуыр кодта, ома, адӕймагӕн аргъ кӕнын хъӕуы, йӕхи тыххӕй цы хъуыды кӕны ӕмӕ дзуры, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ митӕм гӕсгӕ. Темыраты Давиды дӕр ӕппӕты фыццаг ӕндӕвта адӕймагӕн йӕ ми, кӕцы ист у ӕхсӕнадон цауы ӕмвӕзадмӕ. Уымӕй бары йӕ ахаст адӕймагмӕ, уӕлдайдӕр та театралон хъайтармӕ. Уымӕн та йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, йӕ хос у фӕлдисӕн куыст кӕнын, архайын. Гъе, уымӕн хаты режиссер йӕхи сӕрибарӕй Пушкины пьесӕты («Цигантӕ» ӕмӕ ӕндӕрты). Ахӕм ахаст ӕм ис Проспер Меримейы хъайтартӕм дӕр «Африкӕйаг уарзондзинад», уыдон ын ӕдзухдӕр агайынц йе сфӕлдыстадон фӕлгӕнӕн.

Давиды режиссеры аивады уӕрӕхдзинад уый мидӕг уыдис, ӕмӕ зыдта алы актерӕн дӕр йӕхи хӕс бакӕнын. Уый бӕрӕг уыдис, Дыгурон драмон театр Карло Гольдонийы «Мирандолина» куы равдыста, уӕд. Дыгурон театры аивадон разамонӕджы сӕйраг миниуӕг уый нӕ уыд, ӕмӕ режиссерты размӕ ӕвӕра архайгӕ хӕс, фӕлӕ сын сӕ хуыздӕры кӕй ӕвзӕрста, йӕ хъайтартӕй историон персонажтӕ аразгӕйӕ. Ӕндӕрхуызон ахаст ӕм уыдис цардыуаджы сюжеттӕм: режиссер архайдта цардыуагон цъар ӕмӕ цыргъ театралон кульминаци ссарыныл. Ӕндӕр ныхӕстӕй дзургӕйӕ, адӕймаджы уды цард хъуамӕ байгом уа историон цардыуагон цауты, цы ран архайджытӕ кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ сты алыхуызон бынӕтты.

Темыраты Давид йӕ фӕстаг хӕсыл нымадта, цӕмӕй театрдзауты зонды ныффидар уа цардмӕ зӕрдиаг ахаст. Уый цыфӕнды уавӕрты дӕр ӕууӕндыд ивгъуыды уды фарныл, фӕлӕ йын уӕлдай зынаргъдӕр уыд Тотры-фырты традици, цыфӕнды уавӕрты дӕр интеллигентон ӕгъдау равдисыны тыххӕй. Бӕрӕг уыд, режиссеры сфӕлдыстадон мадзал ӕмӕ зондахаст, нывгӕнӕг цы зондыл хӕст у, уый. Уый та сфӕлдыстадон адӕймагӕй домы хиуылхӕцындзинад, ахъуыдыгонд санчъехтӕ.

Дыгурон театры аивадон разамонӕг нӕ йӕхимӕ здӕхта йӕ драмон сфӕлдыстадӕй, цард ӕмӕ адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ махмӕ ӕрбацӕуынц курдиатджын авторы уацмысты фӕрцы. Уыдоны нын цымыдисаг сты канд нывгӕнӕг йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ дун-дунейы ӕнӕкӕрондзинады ӕнкъарынад, драмон уацмысы кӕй батайы, уый.

Темыраты Давиды ном хорз зындгонд уыд Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы театралон ӕхсӕнады. Йӕ пьесӕтӕ ӕвӕрд цыдысты республикӕйы театрты, ӕвӕрдтой сӕ зындгонд режиссертӕ, дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты арӕх фӕзынынц ӕрмӕджытӕ, вӕййынц телеравдыстытӕ, радиобакастытӕ, уыдоны автортӕ йе сфӕлдыстадыл дзургӕйӕ, Темыраты Давиды хонынц Дыгурон театры фыд-бындурӕвӕрӕг.

Темыраты Давид ныффыста ссӕдз пьесӕйӕ фылдӕр, уыдонӕй дыууадӕс сӕвӕрдтой республикӕйы алыхуызон театралон коллективтӕ. Нӕ драматургийӕн стыр нымӕцтӕ сты. Уымӕй уӕлдай, уый ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта фыдыбӕстон авторты дыууадӕс уацмысы. (И.Тургенев, М. Мусиенко), фӕсарӕйнаг авторты уацмыстӕ (П.Мериме, Г. Гейерманс). Куыд театриртасӕг, афтӕ ныффыста чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ, Уырыссаг драмтеатры, Сланты Къостайы, Мерденты Юрийы, Таутиаты Солӕманы, Тӕбӕхсӕуты Балойы, Туаты Дауыты ӕмӕ ӕндӕрты тыххӕй.

Темыраты Давид драмон уацмыстӕм йе ‘ргом уайтагъд нӕ аздӕхта, уый ма фыста радзырдтӕ ӕмӕ очерктӕ дӕр, фӕлӕ, хъыгагӕн, хицӕн чиныгӕй уагъд не ‘рцыдысты. Фӕлӕ аивадон уацмыстӕ кӕсын бирӕ кӕй уарзта, уый зоны ӕппӕт Ирыстон дӕр. Радиойӕ цы поэтикон, драмон ӕмӕ прозаикон уацмыстӕ каст, уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цымыдисаг уыдысты, фӕлӕ бындуронӕй куыста драмон сфӕлдыстады. Рухс федтой йӕ бирӕ чингуытӕ. Уыдонӕй иу — «Цӕргӕсты хох» — ӕвдайӕм азты хуыздӕр драмон уацмысы ӕппӕтцӕдисон конкурсы райста кадджын ӕртыккаг преми. Давид пьесӕты ӕдзухдӕр ӕвдыста йӕ адӕмы историйы зынгӕдӕр цаутӕ. Фӕлӕ йе сфӕлдыстады сӕрмагонд бынат ахста историон темӕ. Тызмӕг романтикон зӕлынад ис йӕ пьесӕтӕ «Аланты Нана»-йы — Тимуры ныббырсты амӕттӕгты номарӕн. Фӕлӕ адӕмы ‘хсӕн уӕлдай зындгонддӕр уыдысты йӕ нырыккон цардыл фыст пьесӕтӕ. Уым автор ӕвӕрдта ирон ӕхсӕнады бирӕ тыхстаг фарстатӕ.

Иу рӕстӕг драматурджы сфӕлдыстадон архайд иуцасдӕр фӕсыкк, Уырыссаг театры, Фысджыты цӕдисы ӕмӕ Культурӕйы министрады разамонджыты куыст кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ. Иуӕй-иутӕ нал ӕууӕндыдысты, исты ма ныффысдзӕн, ууыл. Фӕлӕ та йӕхиуыл ногӕй схӕцыд, Дыгурон театрӕн бындур куы сӕвӕрдта, уӕд. Уый сси йӕ дарддӕры царды мидис. Йӕ спектаклтӕ йын чи федта, хӕстӕгдӕр йе сфӕлдыстадон цардимӕ чи базонгӕ, уыдонӕн сӕ бон зӕгъын у, Темыраты Давид кӕй уыд ӕцӕг аивадон разамонӕджы дӕнцӕг. Уыимӕ, Дыгурон театры артисттӕ сӕхиуыл нӕ фервӕрссыдысты, театрдзауты ӕппӕлӕн ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстой, фӕлӕ сӕхимӕ ӕркастысты домагдӕр цӕстӕй. Уыдон, фыццаджыдӕр, хъуыд хъуыддаджы ныхас, цӕстуарзон критикӕ. Ӕмӕ уый се ‘фсӕрмдзӕстыгӕй, кӕнӕ сӕхиуыл не ‘ууӕндыдысты, уымӕй нӕ уыд, фӕлӕ Темыраты Давид театралон аивады нывыл цардыл нымадта йӕхицӕй ӕмӕ, кӕимӕ куыста, уыдонӕй домын. Ӕппӕт уыдӕттӕ хорзӕрдӕм зындысты йе ‘вӕрд спектаклтыл. Алы спектакл дӕр-иу сын уыдис премьерӕйы хуызӕн, сценӕйы-иу ныууагътой се ‘ппӕт тыхтӕ дӕр. Ӕмӕ-иу курдиатджын фӕсивӕды удуӕлдай хъазт чи федта канд сӕйраг ролты нӕ, фӕлӕ фӕрссаг нывты дӕр, уыдонӕн уый дзурӕг уыд, Дыгурон театры театралон этикӕйыл. Театрдзаутӕ-иу цымыдисы бацыдысты: «Сӕ сусӕгдзинад цы у?» Театры аивадон разамонӕг-иу ӕй бамбарын кодта хуымӕтӕг ныхӕстӕй: «Мах стӕм хӕхтӕм хизӕг альпинистты иу командӕйы хуызӕн: кӕнӕ хъуамӕ иууылдӕр схизӕм йӕ цъупмӕ, кӕнӕ та иумӕ ахауӕм сӕрсӕфӕнмӕ».

Къахдзӕфӕй къахдзӕфмӕ, азӕй азмӕ — аст азы дӕргъы — Темыраты Давид сарӕзта коллективы этикон фӕлгонц. Уыцы фӕлгонц йӕ номимӕ абон дарддӕр хӕссынц Дыгурон театры актертӕ.

Хозиты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here