Бутаты Таймураз — РЦИ-Аланийы наукӕты сгуыхт архайӕг

0
408

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бафыста, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы проректор, медицинон наукӕты доктор Бутаты Таймуразӕн РЦИ-Аланийы наукӕйы сгуыхт архайӕджы ном раттыны тыххӕй Указ. Уыцы ахсджиаг цауы фӕдыл Бутайы-фыртӕн арфӕ ракодта республикӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз.

«Дӕ фӕллойадон фӕндаг рауадис ӕнтыстджын, республикӕйы цӕрджытӕн дӕ зындгонд адӕймаг. Цы стыр фӕлтӕрддзинад дӕм ис, уый абон ӕнӕвгъауӕй лӕвар кӕныс фидӕны дохтыртӕн, зӕрдиагӕй кусыс ӕрыгон фӕлтӕримӕ. Наукӕйы ӕмӕ специалисттӕ цӕттӕ кӕныны дӕм ис стыр сгуыхтдзинӕдтӕ, ӕмӕ дын бузныг уӕд», — бафиппайдта Хицауады Сӕрдар.

Бутаты Таймураз республикӕйы разамынды ахӕм ахаст ӕмӕ стыр хӕрзиуӕджы тыххӕй загъта бузныджы ныхӕстӕ. Бутайы-фырт у медицинон наукӕты доктор, доцент, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ РЦИ-Аланийы, Хуссар Ирыстоны республикӕйы сгуыхт дохтыр, «Роспотребнадзор»-ы кадджын кусӕг, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады иттӕг хорз кусӕг, «Кады нысан» ӕмӕ «Хӕлардзинад»-ы орденты ӕмӕ «Фыдыбӕстаг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады раз сгуыхтдзинӕдты тыххӕй» сыгъзӕрин майданы кавалер.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here