Стыр музыкалон аивад — Ирыстоны

0
469

Дзӕуджыхъӕуы 28 сентябрӕй 6 октябрмӕ цӕуы ӕппӕтадӕмон ӕртыккаг кавказаг фестивал «Мариинаг — Дзӕуджыхъӕу». Мадзалӕн бындур сӕвӕрдта Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмон артист, Мариинаг театры генералон директор ӕмӕ аивадон разамонӕг Гергиты Валери. Ӕмӕ ныр ӕртыккаг хатт цӕуы. Ацы культурон цауӕн стыр ахадындзинад  канд Ирыстоны нӕй, фӕлӕ ӕнӕхъӕн Цӕгат Кавказы дӕр. Фестивалмӕ бирӕ уазджытӕ ӕрцыд. Хъуыддаг афтӕ рауад, ӕмӕ уый баиу иннӕ ахӕм егъау культурон мадзал — Театралон марафонимӕ. Дыууӕ цауы дӕр кадджын уазджытӕ уыдысты УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Ольгӕ Голодец, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев ӕмӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Театралон марафоны фӕстӕ уазджытӕ ӕрбацыдысты фестивалмӕ ӕмӕ журналисттӕн симфонион оркестры концерты размӕ радзырдтой, цы федтой, уый фӕдыл сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ тӕлмӕнтӕ. Ольгӕ Голодец куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы аз Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты Указмӕ гӕсгӕ Театры азыл нымад у, ӕмӕ уый фӕдыл бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ цыдис ӕмӕ цӕуы нӕ бӕстӕйы алы регионты. Уый загъта:

— Театралон марафон райдыдта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ дард Владивостокӕй, 17 январы ӕмӕ дзы абоны онг архайдтой 100 театрӕй фылдӕр. Тынг хорз хъӕппӕрис у. Марафоны фӕрцы театралон къордтӕн иттӕг хорз фадат ис кӕрӕдзийы сфӕлдыстад фенынӕн, национ уд лӕмбынӕг ӕмӕ арфдӕр банкъарынӕн. Ӕхсызгон тӕлмӕнтӕ дзы райстон, стӕй Цӕгат Кавказы театралон марафон ӕппӕты фыццаг Дзӕуджыхъӕуӕй кӕй райдыдта, уый та мын ноджы ӕхсызгондӕр у. Цӕгат Кавказы театралон сфӕлдыстад афтӕ хъӕздыг ӕмӕ мидисджын у, уый, раст куы зӕгъон, уӕд нӕ зыдтон. Ацы марафонӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ мӕ уырны, ӕрвылазон кӕй суыдзӕн, уый. Уӕрӕсе зындгонд у дунейы хуыздӕр театралон скъолатӕй, ӕмӕ архайдзыстӕм федералон ӕмӕ регионалон бюджетты бындурыл сын ӕххуыс кӕныныл, — загъта Ольгӕ Голодец.

Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав радзырдта, Цӕгат Ирыстоны театралон аивады историйӕ скъуыддзӕгтӕ. Номӕй-номмӕ ранымадта, театралон аивадӕн Цӕгат Ирыстоны бындур чи ӕвӕрдта ӕмӕ кӕй удуӕлдай куыстӕй рӕзыд ӕмӕ хъӕздыгдӕр кодта сӕ репертуар, уыцы адӕймӕгты. Загъта, театралон марафон канд культурон мадзал нӕу, фӕлӕ ма нӕ бӕстӕйы алы адӕмты кӕрӕдзиуыл хӕлардзинады тӕгтӕй дӕр кӕй бӕтты, уый фӕдыл.

— Уӕрӕсейы театртӕ бирӕ ис. Фӕлӕ, кӕд сӕ менталитет алыхуызон у, уӕддӕр ӕппӕт уацмысты дӕр рӕсугъд фидӕнмӕ тырнындзинады апп ӕвӕрд ис. Театралон аивад ӕнӕмӕнгхъӕугӕ у кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕн дӕр. Ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ацы аз дӕр Театры азыл хуымӕтӕджы нымад не ‘рцыд. Марафоны Цӕгат Кавказӕй ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй цы ӕппӕт театралон къордтӕ федтам, уыдон уыдысты тынг цымыдисаг, ӕмӕ мах банкъардтам, ӕнӕ театрӕй ӕхсӕнадӕн уӕвӕн кӕй нӕй, уый, — загъта Битарты Вячеслав.

Гергиты Валери та концерты размӕ журналисттӕн фехъусын кодта, Дзӕуджыхъӕуы йӕ зӕрды кӕй ис цӕгаткавказаг культурон центр саразын, уый.

— Ӕз дӕр ӕмӕ театры солисттӕ дӕр архайдзыстӕм арӕхдӕр Ирыстонмӕ цӕуыныл. Уымӕй уӕлдай тынг ахсджиаг у кавказаг культурон центры арӕзтад. Культурон центрӕн проект бацӕттӕ кодта францаг архитектор Ксавье Фабр. Проекты аргъ у 4 миллиард сомы. Бетъырбухы Мариинаг театры концерттӕдӕттӕн зал дӕр Ксавье Фабры проект уыдис. Ирыстон культурӕйы артдзӕст уыд рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр, ӕмӕ мӕ фӕнды ацы чысыл, фӕлӕ цымыдисаг ӕмӕ аивадӕй хъӕздыг горӕтмӕ дунейы хъуыстгонд музыканттӕ арӕх куы цӕуиккой ӕмӕ дзы егъау культурон мадзӕлттӕ куы аразиккой, уый, — загъта Гергиты Валери.

Концерт райдайыны размӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы сценӕйы нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав Гергиты Валерийы схорзӕхджын кодта, 2019 азы бындур цы ног хӕрзиуӕгӕн ӕвӕрд ӕрцыд, уымӕй — «Цӕгат Ирыстоны кадджын гражданин»-ы риуылдаргӕ нысанӕй. Кадджын ном ӕппӕты фыццаг лӕвӕрд ӕрцыд Гергиты Валерийӕн.

Фестивал хъӕздыг у классикон музыкӕйы алы уацмыстӕй. Концерт райдыдта симфонион оркестр Гергиты Валерийы разамындӕй ӕмӕ акодта Мусоргскийы «Рассвет на Москва-реке», зӕгъгӕ, уацмысӕй.

Къуырийы дӕргъы стыр аивадуарзджытӕ фендзысты Чайковскийы номыл ӕппӕтадӕмон премийы лауреаттӕ ӕмӕ дунейы зындгонд оперон зарӕггӕнджыты ӕмӕ музыкантты. Байхъусдзысты Берлиоз, Джузеппе Верди, Адольф Адан ӕмӕ Пуччинийы уацмыстӕ ӕмӕ композицитӕм.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here