Адӕмы фӕрныгадӕн, Ирыстоны размӕцыдӕн

0
339

Ацы ӕнӕрынцой змӕлды, згъорды нӕ ферох вӕййы, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ, фӕстӕмӕ акӕсын цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ скӕныны тыххӕй. Афтӕмӕй та нӕ размӕ уыцы ӕууӕл хоны, дӕтты нын ног нысантӕ ӕвӕрыны фадат. Ивддзинӕдтӕ дӕр уӕд фӕбӕрӕг вӕййынц нӕ алы боны царды. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав йӕхимӕ Цӕгат Ирыстоны граждӕнты, республикӕйы цардарӕзты тыххӕй бӕрнондзинад куы райста, уӕдӕй рацыд ӕртӕ азы.

Сусӕггаг нӕу, суанг ӕнустӕ ӕмӕ ӕнусты размӕ дӕр Уырысы паддзахад хъӕрзыдта ӕвзӕр, пырхгонд фӕндӕгтӕй. Суанг ма историйы дӕр дзырддагӕй баззадысты. Кӕд сӕ ныр бынтон ӕвирхъау схонӕн нӕй, уӕддӕр нӕ бӕстӕйы регионты нырма тынг бирӕ ис, бындуронӕй рацаразын кӕй хъӕуы, ахӕм фӕндӕгтӕ. Нӕ раздӕры разамынд цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм ӕргом цӕуылнӕ здӕхтой, ууыл нал дзурдзынӕн, фӕлӕ Битарты Вячеслав бавнӕлдта, сӕ фӕстӕ цы бирӕ вазыгджын лыггӕнинаг фарстытӕ ныууагътой, уыдонмӕ. Уырдӕм ахӕсгӕ сты фӕндӕгтӕм базилын, аразын, ӕдас сӕ кӕнын.

Ӕрмӕст Мӕздӕгмӕ комкоммӕ фӕндагыл куы дзурӕм, уӕд ын ис стыр ахадындзинад, куыд экономикӕйы, афтӕ политикӕйы дӕр. Нӕ цардарӕзты иунӕг ахӕм къабаз нал баззад, ӕмӕ дзы ивддзинӕдтӕ ма цӕуа. Ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы юбилейтӕ кӕддӕриддӕр кадджын уавӕры ацӕуынц, йӕ райгуырды 160 азы бонимӕ бастӕй ӕрмӕст Цӕгат Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Мӕскуыйы цалдӕр культурон центры уыдзӕн ахъаззаг фембӕлдтытӕ, бӕрӕгбоны ӕндӕр хъуыддӕгтӕ. Ахӕм парахат культурон-аивадон хъуыддӕгтӕн ис стыр ахадындзинад. Уӕрӕсейӕгтӕн, ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрбацӕуӕг адӕмӕн фӕуыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы ӕвӕджиауы сфӕлдыстадимӕ базонгӕ уӕвыны фадат.

Бӕрӕгбӕтты архайджытӕ Къостайы базонгӕйӕ, базондзысты Цӕгат Ирыстон, сӕ зӕрдӕ сын фӕцагайдзысты нӕ рагон истори, нӕ культурӕ, нӕ цардарӕзт. ӕппӕт ацы нысантыл ӕххӕссы Битары-фырт, ӕмбары, республикӕйы рӕзтӕн ахъазгӕнӕг цавӕр хъуыддӕгтӕ фӕуыдзысты, уыдӕттӕ. ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, дӕргъвӕтин азты ӕнӕвнӕлдӕй, ӕрдӕгкондӕй цы нысантӕ, проекттӕ баззадысты, уыдоны тыххӕй дӕр. «Мамысон»-ы комплекс цӕмӕй йӕхиуыл схӕца, Уӕрӕсейы Хицауад ӕм йе ‘ргом  ногӕй раздаха, уый охыл Битарты Вячеславы тынг бирӕ бахъуыдис архайын. ӕппӕты бӕрзонддӕр ӕмвӕзады, Уӕрӕсейы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведев рахаста уынаффӕ, ӕмӕ «Мамысон»-ӕн лӕвӕрд ӕрцыд сӕрмагонд экономикон нысаниуӕг.

Дзӕуджыхъӕуы цӕрджыты рагӕй дӕр тынг тыхсын кодта завод «Электроцинк»-ы зианхӕссӕг архайд, бирӕ фӕлтӕртӕ архайдтой йӕ куыст ын бауромыныл. Фӕлӕ дзы ницы уадис, ӕрмӕстдӕр Битарты Вячеславы фӕндфидар къахдзӕфтӕ, уынаффӕтӕ фӕбӕрӕг сты. Адӕмы хъӕлӕс ӕм фехъуыст, сӕ сагъӕс, сӕ мӕт сын иттӕг хорз бамбӕрста. ӕрмӕст ацы ран нӕ дары бӕрӕг йӕ ахаст республикӕйы цӕрджыты алыбоны тыхстаг фарстытӕм. ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъӕу, район нал баззад, нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг кӕй нӕ бабӕрӕг кодта, бӕстон ӕмӕ йын зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕм нӕ рауад.

Ме ‘мхъӕуккӕгтӕ — дурдуйрӕгтӕ тынг ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты республикӕйы Сӕргълӕууӕгыл, рӕгъмӕ цы фарстытӕ рахастой, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай цыбыр рӕстӕгмӕ конд ӕрцыдысты. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ барухс вӕййынц ӕргом ныхасӕй, ахӕм фембӕлдтытӕ сын сӕ ныфс фидардӕр кӕнынц. ӕрмӕст фембӕлдтытӕй аразгӕ нӕу адӕмы фӕрныгад, фӕлӕ сӕ фӕстӕ бӕлвырд хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый у ӕргом ӕмӕ йын ӕнӕ бафиппайгӕ нӕй. Битары-фырт у ирыстойнаг амалхъомады хуыздӕр минӕвар, Хӕххон хъӕууонхӕдзарадон институты рауагъдон, зӕххы куыст зӕрдӕйӕ чи ӕнкъары, ахӕм адӕймаг. Уый республикӕйы разамонӕг суӕвгӕйӕ дӕр, уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕнӕрвӕссонӕй нӕ ракӕсдзӕн хуымӕтӕг адӕймагмӕ, сӕ тыхстдзинӕдты сӕрты нӕ ахиздзӕн. Мӕн уырны, бӕрзонд политикон бынат ахсгӕйӕ дӕр, ирон адӕмы хуыздӕр ӕгъдӕуттыл дарддӕр дӕр хӕст кӕй уыдзӕн, уый.

Дзидзойты Валери, историон наукӕты доктор, профессор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here