Египетæй сыздæхтысты

0
896

Зындгонд куыд у, афтæмæй, æдасдзинады до-мæнтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы Хицауад уынаффæ рахаста, цæмæй Египетимæ авиацион бастдзинад рæстæгмæ æхгæд æрцæуа.

Египеты ныртæккæ сæ фæллад чи уадзы, уыцы дæс-гæй мин уæрæсейæгтæ фæстæмæ здæхын райдыдтой. Уыимæ, уыцы бæстæмæ туристон балцы ацæуынвæнд чи кодта, уыцы адæмæн фадат ис сæ балцæгты æхца райсынæн, кæна та æндæр бæстæмæ абалц кæнынæн.
УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы  Сæйраг  управленийы  пресс-службæ  куыд хъусын кæны, афтæмæй61 ирыстойнаг туристы ныри-дæгæн Египетæй сыздæхтысты—уыдоны сæрмагонд хæдтæхджытæй  сластой  аэропорт «Минеральные Воды»-мæ. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæк-кæ  уыцы  бæстæйы сæ  фæллад уадзынц40 цæгат-ирыстойнаджы. Уыцы адæм дæр24 ноябры æмгъуыдмæ хъуамæ Ирыстонмæ сыздæхой.

РЦИ-Аланийы Туризмы комитет æмæ туристон ком-панитимæ æмархайд кæнгæйæ, УФ-йы Æнæнхъæлæ-джы  уавæрты  министрады  РЦИ-Аланийы  Сæйраг управлени сарæзта, фарстамæ йæ цæст чи дары, ахæм оперативон штаб. Уымæй уæлдай, аэропорт»Дзæуджы-хъæу»-ы  кусы  министрады  специалистты  сæрмагонд къорд.

Æппæт фарстатæ дæр сбæлвырд кæнæн ис Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы»комкоммæ бастдзинады» линийы телефонæй: 8-867-239-99-99.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here