Паддзахадон исбонад æмæ экономикæйы райрæзт

0
1309

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар БИТАРТЫ Вячеславы амынддзинадмæ гæсгæ ныртæккæ бæрæггонд цæуы, раз-дæр республикон исбонады цы объекттæ уыдысты, уыдоны приватизацийы фæтк. Сæрмагонд æргом здæхт цæуы, алы орга-низацитæ æмæ кусæндæттæ зæххы фæ-рæзтæй куыд пайда кæнынц, уымæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы зынгæ æгъдаухæлдтытæ сбæрæг сты Дзæуджыхъæуы зæххы фæ-рæзтæ приватизаци кæнын æмæ арендæйы дæттыны
хъуыддаджы. Уыцы æгъдаухæлдтыты бындурыл уголо-вон хъуыддаг сарæзтой республикæйы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министры хæди-вæджы ныхмæ. Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, æмбæлгæ ведомствотæ лæмбынæг акастысты, республикон ис-бонады зæххытæй куыд пайдагонд цæуы, уымæ дæр. «Паддзахадон исбонадæй пайда кæныны тыххæй цы бадзырдтæ сарæзтæуыд, уыдоны барадон бындур ныр-тæккæ специалисттæ бæлвырд иртасынц. Нæ респуб-ликæйы зæххы фæрæзтæ чысыл ис, уымæ гæсгæ, алы гектар дæр хъуамæ пайдайаг уа, фæлæ, хъыгагæн, зæххы фæрæзтæм æбæрнон ахасты дæнцæгтæ дæр ис. Мидфæрæзтæ агурын æмæ бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæныныл куы дзурæм, уæд зæрдыл дарын хъæуы— зæххы фæрæзтæ дæр хъуамæ кусой эконо-микæйы райрæзтæн», — ахæм хъуыдыимæ раныхас кодта Битарты Вячеслав.

Республикæйы дарддæр цæуы паддзахадон исбонад æмæ зæххы фæрæзты инвентаризаци. Цæгат Ирысто-ны Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрады специалисттæ уыцы куыст райдыдтой Æрæфы районæй. «Инвентаризаци уал ахицæн кодтам районы æртæ цæрæн бынаты. Фембæлдыстæм бы-нæттон администрациты разамонджытимæ, бæстон æркастыстæм бадзырдтæ æмæ æндæр документтæм», — радзырдта паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахаст-дзинæдты министр Тедеты Руслан.
Уыцы иу рæстæг министрады специалисттæ кусынц Горæтгæрон районы Майскæйы поселочы дæр.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ
РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here