Ноджыдæр ма иу пъæлицæйаджы æрцахстой

0
905

УФ-йы Слестгæнæг комитеты РЦИ-Аланийы управленийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæ дарддæр цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ, 2015 азы 2 ноябры республикæйы Мидхъуыддæгты министрады службæгæнджыты ныхмæ цы уголовон хъуыддаг арæзт æрцыд, уый фæдыл. Пъæлицæйæгты азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 286 статьяйы 3 хайы пункт «а»-мæ гæсгæ(куысты æххæстбартæ ницæмæ даргæйæ, тыхæй спайда кæнын). Зындгонд куыд у, афтæмæй 2015 азы 31 октябры горæт Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты управленийы хайадмæ баластой 39-аздзыд бынæттон цæрæг Цъыккаты Владимиры(азымджын æй кодтой адæймаджы æнæниздзинадæн знаггад ракæнынæй). Йемæ ныхас кодтой уголовон агуырды хайады кусджытæ. Æхсæвы Цъыккайы-фырты уæззау цæфтæй баластой Республикон клиникон рынчындоны реанимацион хайадмæ. Йæхимæ не’рцæугæйæ, нæлгоймаг райсомæй амард. Уыцы цауы фæдыл Слестгæнæг комитет цы уголовон хъуыддаг сарæзта, уый фæл-гæты фыццаг бон æрцахстой Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты управленийы уголовон агуырды хайады дыууæ кусæджы. Ныр Слестгæнæг комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы уголовон хъуыддаджы фæлгæты æрцахстой ноджы-дæр ма иу пъæлицæйаджы. Слест цæуы дарддæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here