Кобесты Чермен ацы хатт уыд æртыккаг

0
1051

Инвалидты спорты рог атлетикæйæ Катары цы дунеон чемпионат ацыд, уым Уæрæсейы командæ бацахста2-аг бынат. Нæ бæстæйы иугонд ко-мандæйы уыди ирон зынд-гонд спортсмен Кобесты Чермен. Тынг æй бахъыг-дардта, йæ къах цæф кæйуыд, уый, æмæ ацы хатт æрлæууыд3-аг бынатыл 100 метрмæ згъоргæйæ.

Чермены тренертæй иу, инвалидты спортивон клуб «Стимул»-ы директор Гаглойты Валери зæгъы: — Чермены йæ цæф куы нæ бахъыгдардтаид, уæд, æнæмæнг, йæ фадат уыд дæргъмæ гæпп кæнынæй æмæ 100, 200, 400 метрмæ згъоргæйæ, æппынкъаддæр 1-2 сыгъзæрин майданы рамбулын. Ныр бацархай-дзыстæм, цæмæй йæ цæф бадзæбæх уа, æмæ фидæн аз Паралимпаг хъæзтытæм цæттæйæ ацæуа

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here