Фæндаггон фыдбылызты чи фæмард, уыдоны æрымысыдысты

0
950

2005 азы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблей рахаста уынаффæ, цæ- мæй ноябры æртыккаг хуыцаубоны æппæт адæмтæ дæр бæрæг кæ- ной, фæндаггон фыдбы- лызты чи фæмард, ахæм адæмты мысæн бон. Ацы боны фылдæр мадзæлттæ рæзгæ фæлтæрмæ арæзт кæй сты, уымæ гæсгæ йæ горæт. Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой знон — майрæмбоны. Цæмæй, улæфты боны, скъолаты ахуыргæнинæгтæн сæ бæрны цæуын ма хъæуа. Мысæн боны нысан у, иу хатт ма адæмæн фехъусын кæнын, цы стыр бæллæхтæ цæуы фæн- дæгтыл, уыдоны тыххæй. Уæлдайдæр — нæ республикæйы. Ацы аз нæ республикæйы регистрацигонд фæндаггон фыдбылызты бæрц у 585, уыдонæй 98 адæймаджы фæмард, хъыгагæн, уыдысты сывæллæттæ дæр, 849 та райстой алы хуызы цæфтæ. Адæймаг машинæйыл куы сбады, уæд хъуамæ, фыццаджыдæр, ууыл ма архайа, зæгъгæ, видеоисæн камерæйы цурты куыд асыффыт кæнон. Уымæн æмæ дæ камерæ куы фæнысан кæна, уæд ивар бафиддзынæ, фæлæ цард нæ балхæндзынæ. Уæлдай нæу, шофыр дæ æви хуымæтæг фистæгдзæуæг. Хъуамæ алчидæр кæса фæндаггон нысантæм æмæ хъахъхъæна айдагъ йæхи уд нæ, фæлæ йæ фарсмæ чи ис, уый уд дæр. Ацы, æмæ æндæр фарстаты фæдыл, знон æрдзырдтой, Дзæуджыхъæуы Штыбы фæзы нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъæппæрисæй цы мысæн бон уыд, уым. Архайдтой дзы нæ Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады Паддзахадон автоинспекцийы разамынды сæрдары хæдивæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Бекъойты Артур, нæ республикæйы Сæргълæууæджы цур сывæллæты барты фæдыл æххæстбарджын Кокайты Артур, машинæ скъæрджыты æппæтуæрæсеон æхсæнады сæрдар Гокъоты Алан, æхсæнадон архайджытæ æмæ скъолаты минæвæрттæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here