Газет «Терские ведомости»-йæн

0
992

Знон Таматы Владимиры уынджы цыппорæм хæдзары къулыл кадджын уавæры байгом номарæн къæй Цæгат Кавказы æппæты рагондæр газет «Терские ведомости»-йы номыл. Мадзалмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты, Хицауады, горæты администрацийы, чырыстон дины, æхсæнадон организациты æмæ дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Ацы бафæзминаг хъуыды æрцыд газет «Терские ведомости»-йы абоны генералон директор Таутиаты Хъазы- бегмæ. Йæ фæндон ын хъуыддагæй сæххæст кодтой нæ горæты администрацийы разамынд æмæ, йæ адæмы историйыл иузæрдион чи у, уыцы хæрзгæнджытæ. Уыдон та сты Дзæуджыхъæуы технологон центр «Баспик»-ы директор Хъулаты Сослан æмæ федераци «Юность России»-йы сæрдары хæдивæг Абайты Алан. Номарæн къæй скодта курдиатджын скульптор Сабеты Георги. Номарæн къæй байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Æлбегаты Барис, телерадиокомпании «Алани»-йы директор Хъуысаты Тимур æмæ йæ кармæ гæсгæ нæ горæты æппæты хистæр адæймаг Абайты Муратæн. Мадзал амыдта Хъайтыхъты Тамарæ. — Нæ горæты истори бахъахъхъæнын махæй кæсы алкæмæ дæр. Абон, не ‘рбамбырды сæр дæр ууыл дзурæг у. Дзæуджыхъæу куыд раджы, афтæ ныр дæр у историон-культурон центр. Нæ уазджытæ фыццаджыдæр сæ цæст ахæссынц, нæ фыдæлтæй нын цы бынтæ баззад, уыдонæн куыд кад æмæ куыд лæггад кæнæм, ууыл. Æмæ нæ вæййынц райгонд. Афтæ, дарддæр дæр хуыздæр æмæ активондæрæй хæццæ кæнын хъæуы ацы уагæвæрд, — арфæ ракæнгæйæ загъта Къесаты Станислав. Газеты ахадындзинады тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Æлбегаты Барис, Цыбырты Людвиг, Хъуысаты Тимур, Хъулаты Сослан, фыд Саввæ æмæ иннæтæ. Ацы бæстыхайы революцийы агъоммæ, 1899-1918 азты уыд газет «Терские ведомости»-йы редакци æмæ Терчы облæсты типографи. Ныртæккæ та дзы ис Дзæуджыхъæуы хуыйджыты ли- цейы ахуырадон-практикон куыстуæттæ. Цæгат Кавказы фыццаг газет «Терские ведомости» фыццаг хатт рацыд  Дзæуджыхъæуы 1868 азы 1 янва- ры. Нымад уыд, уæды Терчы облæсты хицауады сæрмагонд газетыл. Мыхуыр дзы кодтой уынаффæтæ æмæ хъусынгæнинæгтæ. Сæ рæстæджы дзы мыхуыры цыдысты поэт-демократ Хетæгкаты Къостайы, историиртасæг-публицист Туккаты С. æмæ публицист Цæголты Георгийы æрмæджытæ. Йæ фыццаг редактор уыд АдильГирей Кешев. Октябры революцийы фæстæ 1918 азы газет æхгæд æрцыд. Æмæ 2011 азы фæстæмæ йæ историон уидæгтæм æрыздæхт Ирыстонмæ. Нæ хъæппæрисджын фæсивæды минæвæрттæ Таутиаты Хъазыбег æмæ Андрей Донченкойы фæндон æмæ архайдæй ног йæ куыст кæны. Мæй дыууæ хатты Цæгат Кавказы федералон зылды цæрджытæн рацæуы газет «Терские ведомости».

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here