Нæ нын фаг кæны йæ æргом, йæ ныфсы ныхас

0
1183

Ныр фондз азы бæрц ирон адæмы цыфыддæр знаджы фыдæй не ‘хсæн нал ис ДЖЫККАЙТЫ Шамил. Æмæ йæ амæлæтæй цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц нæ рис къаддæр нæ кæны, фæлæ фылдæр. «Ныр ма нын Шамил куы уаид!” Уыцы хъуыды нæ арæх ацахсы. Абон у Джыккайты Шамилы райгуырæн бон, Хуыцау нын æй куы радта, уыцы бон, æмæ йын йæ рухс ном æрымысыны тыххæй лæвæрд цæуы ацы æрмæг.

ци наци кæмæй вæййы, ахæм лæгтæ. Нацийы сæрфаты лæгтæ. Æмæ знаг йæ къух æрмæст Шамилмæ нæ систа, фæлæ махмæ дæр — æппæт ирон адæммæ. Бахъавыд нæ кад, нæ намыс, нæ фарн фæкъахыр кæнынмæ. Уыцы уавæр махæн алкæмæн дæр у зонинаг, æмæ нæхи æрæмбарæм тæссаг дуджы. Йæхи чи нæ æмбары, зоны, уыцы адæмæн фидæн нæй, сæфты къахыл лæуд у. Ацы ахсджиаг фарстайы, хъысмæтаразæг фарстайы раз Шамил йæхи иунæгæй кæй æнкъардта, уый ахъуыдыйаг у алы иронæн дæр. Ныддихтæ, ныггæлиртæ стæм алы динты, сектæтæ, диалекттæ æмæ ныхасыздæхтытыл. Чи нæ цы диныл хæцы, уый йæхи бар у. Фæлæ мах, фыццаджыдæр, иууылдæр стæм иу адæм, нæ фыдæл иу у. Ариаг адæм стæм. Æмæ уый у сæйрагдæр. Нæ фыдæлтæн фырттæн цæуылнæ бæззæм, уый уыд Шамилы стыр сагъæс. Æмæ йыл куы Стыр зарæг кодта, куы Стыр хъарæг! Кæд исты хуызы бахъарид мæ адæммæ, зæгъгæ. Фæстагмæ хуымæтæджы нæ рахызт публицистикæмæ, кæд мæ дзыллæтæ хуыздæр бамбариккой, зæгъгæ. Æмæ нæ фæрæдыд. Йе ‘мдзæвгæты, поэмæты æмæ драмæты цы цардаразæг фарстатæ иста, уыдон уацтæм куы рахаста, уæд йæ кæсджытæ дзæвгар фæфылдæр сты. Æрыхъуыстой йæм биноныгдæр. Уымæн хорз æвдисæн стæм мах, газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ. Йæ гуырахастджын уацтæ фылдæр мыхуыргонд цыдысты «Рæстдзинад»-ы, æмæ сæ газеткæсæг куыд зæрдиагæй агуырдта æмæ каст, уый мах зыдтам сæ ныхæстæй, сæ фыстæджытæй. Иу уацы бын та йæ ном фыст не ‘рцыд, газет джиппы уадзгæйæ куыддæртæй ахауд. Уац Шамилы фыст кæй у, уый хæрзæнцонæй базыдтой газеткæсджытæ, æмæ нæ срастгæнинаг радтын дæр нæ бахъуыд. Шамилæй хатыр ракуырдтам, æмæ нын афтæ: «Æппындæр ма ма тыхсут, уац хъуыддагæн исты феххуыс уæд, уый йеддæмæ кæйфæнды фыст дæр уæд». Ахæм уыд йæ удыконд, йæ зондахаст. Йе сфæлдыстады, уæлдайдæр та йæ уацты тыххæй Шамил бирæ арфæйаг, æхсызгон ныхæстæ фехъуыста. Фембæлгæйæ уа, телефонæй. Дзырдтой йæм куыстмæ, сæхимæ. Æмæ йын йæ разы æвæрдтой ноджы стырдæр хæстæ. Кусын æй нæ уагътой, æрулæфт ын нæ лæвæрдтой, фæлæ дзы никуы никæй зæрдæхудт райста. Уынаффæ кодта семæ, хъуыста сын сæ зæгъинæгтæм, дзуапп лæвæрдта сæ фæрстытæн. Дæлдæр мыхуыр кæнæм, сæ иуæн йæ бирæ фæрстытæн газеты фарсыл цы дзуаппытæ радта, уыдонæй иу хай, йæ адæммæ йæ уарзондзинад, йæ тох, йе ‘нæбасæттондзинад, йæ зæрдæйы конд æмæ зондахаст хуыздæр кæм зыны, уый. «Ды фыссыс: «Нæ хуыздæр аивадон курдиаты хицау бады æмæ къæбæр амал кæны. Уый æргом фыдракæнддзинад у». Цы курдиаты хицау дæн, уый нæ иртасдзынæн. Фыдракæндæн тæрхонгæнæг — адæм æмæ истори. Сæттын ыл: къæбæр амал кæнын. Мамæлайы къæбæр. Поэт дæр Хуыцауы комы тæфæй нæ цæры, нæй йын хæддзæргæ цард. Æз дæн хæдзардарæг — ис мын бинонтæ. Æгъдау кæнын цины дæр æмæ зианы дæр. Деканы бынаты кæй ныссагъдтæн, уымæй раст зæгъыс. Уый мæ амонд нæу. Уым барвæндонæй нæ дæн — ирон факультет у ирон культурæйы артдзæст, ирон дзырд æмæ аивад кæй фæрцы цæрынц, уыдоны куырдадз, æмæ йын хъæуы разамынд дæттын. Бирæтæм уый кæсы пайдайы куыст. Рæдийынц! Æз дæн цумайы лæппу. Мæ пайда — хардз æмæ фыдæбон. Уыныс мæ дæхæдæг, цæуын фистæгæй, фæлæ сæрыстырæй. Ницы мæм ис мулкæй, фæлæ æдзухдæр вæййын хæрзарæзт, хæрдхуыз æмæ æртхуыз. Никæй уæрдоны бадын æмæ дæн сæрибар, нæ мæ хъæуы искæй зарæг кæнын, искæй уадындзмæ кафын. Хæсджын никæмæй дæн, къæмдзæстыг дæр афтæ. Кусын æхсæвæй-бонæй, мæ куыст къæбæрваг кæны, æмæ цæрын «мæгуыр æмæ уæзданæй». Раст зæгъыс: мæ рæстæг хардз кæнын адæмы æмæ классикты сфæлдыстад мыхуыры уадзыныл, программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ фыссыныл. Раст æвæрыс фарст: уыцы хъуыддæгтæ мæнмæ цæмæн хауынц? Ахæм уайдзæфтæ хъусын бирæтæй. Дзурынц: «Нартæ æмæ Къоста баззайдзысты Нартæ æмæ Къостайæ, дæхи номыл исты сараз». Кæй нæ фæнды, уый амæлæд. Гал кæм нæй, уым уæныг ифтындзынц. Махмæ дзурæг — бирæ, кусæг — стæм. Мæнмæ æрхаудтой уыцы куыстытæ. Уый мæ хъысмæт у. Мæ уаргъы баст цы ‘рцыди, уымæн æнæ хæсгæ нæй. Адæмæн сæ дзырдон хæзнатæ архивæй рахæссын æмæ чингуыты радтын — уый стыр, ахсджиаг æмæ æхсызгон хъуыддаг у. Домынц æй нæ культурæ, нæ адæмы фарн, нæ национ идейæ. Рауагътон «Ирон таурæгътæ». Рацыд, Ирыстоны чи нæма уыд, ахæм стыр тиражæй. Адæм æй ахастой хæлофæй. Æвæццæгæн, хъæуы. Нарты зонæм скъуыддзæгтæй кæнæ иугонд текстæй. Нæ сыхаг адæмтæ ныл даутæ кæнынц: ирмæ нæй Нарты эпос, æндæра сæм уаид академион рауагъд. Быхсæн ис ахæм уавæрæн? Нæй. Æмæ куысты бын фæдæн. Пайда дзы нæ кæнын, хæрзиуæг дзы нæ исын, бузныг мын ничи зæгъы. Уыйхыгъд мæ цæсгом сыгъдæг кæны адæм æмæ фидæны раз. Бæстон уадзын хъæуы нæ классикты сфæлдыстадон бынтæ. Ацы хъуыддагыл фысджытæ кусынц — Нафи, Æхсар æмæ æз. Иннæтæй йæхицæн зын ничи кæны. Алчи æндзары æрмæст йæхи гуылы бын. Бирæ «ахуыргæндтæ» бирæ азты фæистой мызд, фæлæ кæронмæ нæ ахæццæ сæ куыст. Мæнмæ та æрхаудта Арсен, Елбыздыхъо æмæ Гинойы чингуытæ уадзын. Уый дæр фæдисы куыст, аврал. Сæ уацмыстæ сын халгай æмæ дзырдгай уыгътон архивты, зæронд чингуыты, газетты, журналты. Елбыздыхъойы тыххæй мæ тардтой мæ куыстæй. Гаппо æмæ Ахмæты нæмттæ рохуатæй кæй систон, уый тыххæй мын цæттæ кодтой ахæстон. Мæ куыст — хъизæмар, мæ мызд — маст æмæ æфхæрд. Уый дæр мæ хъысмæт у. Уыцы чингуытæн ис историон, культурон æмæ национ ахадындзинад. Уыдон адæмæн мæхи фыстытæй зынаргъдæр сты, æхсызгондæр хъæуынц. Æвзаг æмæ литературæйы рæзтæн хъæуы скъола, скъолайæн хъæуы ахуыргæнæг, ахуыргæнæг æмæ ахуырадæн хъæуы чиныг. Куыд ныууадзон уыцы куыст, куы ничи йæ кæны, уæд? Нæй мын Парнасы цъуппыл бадæн æмæ сæрибарæй зарæн. Нæ Цæдис фехæлд, нæ ахуыргæндтæ къæссавæлдæхт фесты, сæ фылдæр советон уæрдонæй ног хицауады уæрдонмæ багæпп ластой æмæ сын систой хъырнын. Скъолатæн арæзт цыд ног программæ. Демократ-фысджытæн бар уыд программæ саразынæн. Нæ сарæзтой! Уый хыгъд мыл хахуыртæ хастой министрадмæ, мæ хæлæрттæ мыл хъаст кодтой Президентмæ. Сæ нысан уыд революцион æмæ советон литературæ программæйæ сисын, нæ номдзыд фысджытыл марды сыджыт бакалын. Тохы бацыдтæн, мæ хæлар, тохы. Нæ сын бантыст. Уыцы тох цыди цалдæр азы. Ныр мын зæгъ: цы ‘мбæлдис уæд мæнæн — стихтæ фыссын æви нæ литературæ хъахъхъæнын? Мах стæм цард æмæ уавæрты дæлбар. Раст загъта Некрасов: «Мне борьба мешала быть поэтом, песни мне мешали быть бойцом». Афтæ у нæ хъысмæт. Ирыстоны цæрæн нæй сфæлдыстадон куыстæй. Нæ гонорар — цъиуы комдзаг. Хъæуы нæ мыздыл кусын. Ирон фыссæг рацыд мæгуыр хæдзарæй, йæ уавæр — къуындæг, йæ куыст — удхар. Нæ классиктæй иу томæй фылдæр ничи ныффыста. Нæ сын уыд фадат. Пъæззыйау сыл бадти мæгуыры цард. Мæхи нæ раст кæнын, æфсæнттæ нæ мысын. Мæ бонтæ батыдтон æлхъывд уавæрты. Нæ мын уыди сабидуг. Никуы мæ равдæлд хъазынмæ. Авдаздзыдæй абонмæ нæ зонын сæрибар бон, уæгъд мæ никуы суагъта сау куыст. Цæмæй хъуыды кæнай æмæ фыссай, уый тыххæй сæрибарæй цæрын хъæуы сфæлдыстадон дунейы. Æрвылбон хъæуы ног тæлмæнтæ, балцы цæуын, дуне уынын. Мæнæн нæ уыд æмæ нæй ахæм фадат. Æрæджы газет «Северная Осетия» фыста, мæнæй уый, дам, улæфты рæстæг йæхи ирхæфсы хæхты, æхсæрдзæнты раз. Цæттæ гæды ныхас! Ссæдз азы дæргъы никуы уыдтæн æрдзы хъæбысы. Мæ фæндаг — хæдзарæй куыстмæ, куыстæй хæдзармæ. Ницы уынын æмæ ницы зонын. Нæй тæлмæнтæ, æмæ нæ судзы сфæлдыстадон монц. Уый поэтæн хъаймæт æмæ мæлæт у. Нымайыс мæ зынтæ, фæлæ дæ ферох ис мæ сæрниз. Уый мын калмау къорд азы æхсыны мæ уд, цъиры мæ сæрымагъз. Фæлæ уый нæу мæ дзуринаг. Ис уымæй фыддæр низтæ. Ирыстон хъузгæй уæлдай нæу, нæй дзы сæрибарæй стæлфæн æмæ сызмæлæн. Нæ эпос Ирыдзыхъы нæ сæвзæрд, — уым авналæнтæ нæй кадæггæнæг æмæ геройæн. Эпос сæнтыст, Алтайæ Дунаймæ цы тыгъдад ис, уым, скифтæ афæдзбалцы куы цыдысты æмæ дунеты диссæгтæ куы уыдтой, уæд. Гыццыл малы кит нæ сырæздзæн, цæргæсæн арвы тыгъдад — йæ хæтæн. Ирыстоны мынæг у литературон цард. Мигъау ныл уæззауæй æрбадт застой. Змæлд кæм нæй, уым нæй рæзт æмæ æнтыст. Нæй быцæутæ. Нæй цыренгæнæг фæрæзтæ. Фысджытæй алчи бады айчы хъузджы, сакъадахыл, Салтыков-Щедрины премудрый пескары цард кæны æмæ цыдæртæ мысы. Сугтæ арты кæрæдзи зынгæй судзынц, бæхтæ дугъы кæрæдзи хынцмæ уайынц. Махæн нæй дæсны чиныгкæсæг. Цалдæр адæймаджы нымады нæ цæуынц. Нæ интеллигенцимæ сæ номы æууæлтæ нæй. Сæхи Иры пехуымпар æмæ сæрхъызой чи хоны, уыдон ирон чиныг сæ къухмæ нæ исынц. Кæсын дæр æй нæ зонынц. Сæ фылдæрæн ирон æвзаг у хатиаг æвзаг. Кæд поэтæй Мæскуыйы раппæлой, уæд адонæн дæр райхъал вæййы сæ цымыдис. Уæддæр æй нæ кæсынц, æрмæст джискъус кæнынц. Уæззау уавæры ис поэзи. Зынтæй йæ æмбарынц ныры адæм. Мæ уацты фæдыл мæм æрбадзырдта сæдæ адæймаджы. Мæ стихтæ афтæ нæ хъарынц сæ зæрдæтæм. Æгуыдзæг уавæры ис театр дæр. Фылдæр æм цæуынц сылгоймæгтæ. Кæцæй æндавынц хуымæтæг ирон сылгоймаджы Гамлеты сагъæстæ кæнæ Бесæйы бæллицтæ? Равдис ын чындзытæ æмæ файнустыты хъаугъатæ, разар ын Пæсæйы фæндон, æмæ дæ бузныг уыдзæн. Уымæн Софокъылæй Михакъыл хæстæгдæр æмæ æхцондæр у. Алы жанр дæр у фæрæз хъуыдытæ дзурынæн. Æмæ фыссын уацтæ. Зонын æй, уац иу бон цæры, поэзи — æнусты. Фæлæ цы пайда у мæнæн стихтæ кæсын? Фæци поэзийы дуг. Ахицæн. Царды нал ис романтикæ. Нал ис уарзт, рæсугъддзинад æмæ героизм — аивады суадæттæ. Ралæууыд базарады дуг. Нæ бæстæ фестад армукъа. Уым ис загъд, хъæр, сайд, мард. Йæ уынæры нæ хъуысы лирæйы зæлын. Уым бабын аивад, йæ бынат ын бацахста балаган, клоунтæ æмæ маймулиты хъазт. Лæг иу бон цы фыдуацтæ фехъусы, уыдон фагæй уæлдай сты зæрдæдзæф æмæ игæрхæлдæн. Махмæ иутæ «кусынц» миллиардтæ, иннæтæ — миокардтæ. Иу — æлдар, æрдзæтæ — цагъар. Тæрсын, райсом исчи бацахсдзæн нæ кæрт æмæ мын нал уыдзæн уынгмæ рацæуæн. Бирæ фысджытæм æрхауд офистæ, цæуынц сæрмагонд машинæты, ис сын дачæтæ, хæрынц царды хъаймагъ. Цæуылнæ стауой уыдон демократи? Цæуылнæ калой цъыф нæ фароны дугыл? Æз цæуын æрдуйын хидыл. Нæй мын фыды зæхх, нæй мын, цы хъахъхъæнон, уый. Уæдæ мын зæгъ: цæуыл зарон æз? И?! Æз канд сфæлдыстадон кризисы нæ дæн. Æз дæн трагикон уавæры. Æрцыдтæн саст æмæ дæрæн. Æз уыдтæн иунæг, нæ мыл уыд фæхæцæг æмæ аудæг, нæй мын сæрхъызой. Уыдæттæн быхстон, ныр дæр сын хъæцин. Фæлæ мын цард аласта мæ ныфсы цæджындзтæ. Демократи мын амардта мæ идеалтæ, сæ хурхыл бахæцыд мæ бæллицтæн. Æз зонын: райсом абонæй уыдзæн фыддæр. Исбон уыдзæн фылдæр, уарзт, æфсарм æмæ амонд — къаддæр. Фылдæр уыдзæн æрратæ, къæрныхтæ æмæ лæгмартæ. Уымæн æмæ нæй закъон, нæй тæрхон. Алцыдæр — уæййаг æмæ æлхæд.» Шамил, куыд фæзæгъынц, уыд йæ фæстаг туджы æртахы онг дæр æцæг поэт, рæстдзинады, адæймагдзинады сæраппонд хъазуат тохгæнæг. Уымæй арфдæр цымæ чи банкъардта æмæ сæ йæ царды тырысайыл чи ныффыста Плиты Грисы æмдзæвгæ «Поэт»-ы рæнхъытæ: Зæххыл ис иу Хуыцау — Рæстдзинад, Ды иунæг уымæн дæ цагъар. Уыцы Рæстдзинады уый уыдта йæ адæмы хуыздæр фидæн, сабыр цард. Æмæ сæ сæрыл тохы нæ зыдта фæллад, йæхиуыл ауæрдын, тæрсын. Йæ зæрдæ дывыдон арты сыгъд, Ирыстонмæ фыдгул дыууæрдыгæй куы бырста, нæ разагъды фæсивæд Фыдыбæстæйы сæрвæлтау мæлæты дзыхмæ сæхи куы æппæрстой, уæд. Кæд ыл искуы цины хур ракаст æмæ йын йæ зæрдæйы къуымтæ дæр ныррухс кодта, батавта, уæд уый æнæмæнг уыд, 2008 азы 26 августы — Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл куы банымадта, уæд. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæм бадзырдтон, Дмитрий Медведевы райгуырæн бон æрцæйхæццæ кодта, æмæ, зæгъын, ын уый фæдыл газетмæ дæ арфæйы ныхас куы ныффыссис. Уый мын тыхстхуызæй афтæ: — Æз Медведев æмæ Путинæн мæ уд дæр раттин, нæ алыварс балбирæгъты кæй ныссабыр кодтой, Хуссар Ирыстоны кæфхъуындары дзыхæй кæй ратыдтой æмæ йæ хæдбар паддзахадыл кæй банымадтой, уый тыххæй. Фæлæ мæ ныртæккæ не ‘вдæлы… Æмæ мын хатырæй фæуæд. Йæ уд æцæгдæр радта! Царды æппæты фылдæр кæй уарзта, уыдоны сæрвæлтау: Рæстдзинад æмæ йæ ирон адæмы сæрвæлтау. Æмæ уымæй ссис æнæмæлгæ, адæмы ‘хсæн рухстауæг, Рæстдзинады фæдисон, тæнзæрдæйæн ныфсдæттæг. «Не знаг нæ былмæ фæтæры», зæгъгæ, фæдис кодта Къоста йæ рæстæджы. Ныр та нæ нæхи къухтæй мары. Æмæ уый ноджы стырдæр мардæрцыд у. Уыцы фыддзинады раз нæ кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууын хъæуы. Кæрæдзимæ фаутæ агурыны бæсты, кæрæдзийы хъæр куы бамбариккам, уæд нын тыхгæнæг тых не ссарид. Шамил уыд нæ нацийы фарны æмæ намысы астæуккаг цæджындзтæй, нæ адæмы цæсгомæвдисæг, нæ ныфсытæй, æмæ æнусты дæргъы фæлтæртæн Къостайау уыдзæн, сæхи цы бæрзæндмæ ивазой, сæ адæмæн сæ хорзракæнд кæуыл барой, ахæм размæхонæг нысан. Йæ марджытыл та мæрдырох бафтдзæн, æмæ сæ абон куыд ничи зоны, афтæ ничитæй баззайдзысты. Шамил, ды та нын нæ лæмæгъдзинад ныххатыр кæн, зын рæстæджыты дæ фарсмæ нæ балæууыдыстæм, дæ хæс, дæ рис дын нæ фæкъаддæр кодтам, иунæгæй кæй аззадтæ, æмæ дæм тугдзых знаг йæ маргæйдзаг къух бакæнын кæй бауæндыд, дæ сæрыл, хъæддыхæй кæй не сдзырдтам, уый тыххæй. Дæ адæмы сæраппонд тохы барын нæ зыдтай, сæхицæн та сын се ‘гуыдзæгдзинад нæ барстай, барстай сын сæ рæдыд, фæлæ сæ домдтай йе сраст кæнын. Ныр дæр та дæ бараг фæлмæн зæрдæ фæтасдзæн, ныххатыр нын кæндзынæ, кæй дæ нæ бахъахъхъæдтам, уый. Æмæ мæрдты æгъдауæй хæрзмæ ауддзынæ дæ радтæг адæмыл, сæ хорздзинадыл. Нæ уыдзынæ махæй ды рох, зæды бынаты нын уыдзынæ, æмæ кувдзыстæм дæ курдиатæн, дæ зонд, дæ номæн æмæ дæ уарзондзинадæн.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ЦГЪОЙТЫ Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here