“Уынг æмæ скъолайæн — Æгъуызарты Тамерланы ном”

0
960

Ахæм уынаффæ хаст æрцæудзæн, республикæйы сæйраг горæты цæрджыты бирæ курдиæттæ хынцгæйæ. Дзæуджыхъæуккæгтæ фæндон хæссынц, цæмæй 28-æм гимназ æмæ горæты уынгтæй иуæн раттой Æгъуызары-фырты ном. Уый фæдыл сæрмагонд фыстæг горæты сæргълæууæг Хæдарцаты Махарбег æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисмæ барвыстой æхсæнадон организациты разамонджытæ: Ветеранты республикон советы сæрдар Къаболаты Солтан, Иры Стыр Ныхасы сæрдар Басаты Барис æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Æхсæнадон советы хистæрты уынаффæдоны сæрдар Лагкуты Владимир. Æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ сæ курдиаты фыссынц, республикæйы Сæргълæууæджы бынаты уæвгæйæ, Æгъуызарты Тамерланæн цы саразын бантыст æмæ йын цы кад уыд Ирыстоны адæмы ‘хсæн, уый тыххæй. «Тамерлан кадрты фарстатæ куыд алыг кодта, стæй хъуыддæгтæ аразынмæ куыд бæрнонæй бавнæлдта, уыдæттæм адæм се ‘ууæнк равдыстой. Æмæ нæ цардыл хорзæрдæм ивддзинæдтæ куы банкъардтам, афтæ йæ цардæй ахицæн. Республикæйы рæзт, йæ адæмы фæрныг цард Æгъуызарты Тамерлан нымадта йæ сæйрагдæр нысаныл. Уыцы нысанмæ фæндагыл Æгъуызарыфырт йæ зæрдæ дардта йе ‘мкусджытыл, йе ‘ппæт æмзæххонтыл», — загъд ис фыстæджы. Горæты администрацимæ цы фыстæджытæ æрбацыд, уыдонæй иу бафыста 28-æм гимназы директор Гуыриаты Людмилæ. Уый гимназы ахуырдзауты, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты номæй куры, цæмæй гимназæн лæвæрд æрцæуа Æгъуызарты Тамерланы ном. «Тамерлан Кимы фыртимæ баст уыдысты хуыздæр фидæнæй нæ ныфсытæ. Æгъуызары-фырт уыд адæймаджы хуыздæр миниуджыты хицау, иузæрдион уыд Фыдыбæстæйыл. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ ахæм адæймагæй исой дæнцæг», — фыссы гимназы директор. Горæты разамынд адæмон хъæппæристыл разы сты, фæлæ ахæм уынаффæтæ хъуамæ сфидар кæна сæрмагонд топонимикон къамис. Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here