Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй снысан кодта Битарты Вячеславы

0
1005

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир ПУТИНÆН уыд кусæг фембæлд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар БИТАРТЫ Вячеславимæ. Фембæлды рæстæг Владимир Путин фехъусын кодта Битары-фыртæн рæстæгмæ йæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй кæй нысан кæны, уый.

В. Путин: Дæ бон хорз, Вячеслав Зелимханы фырт. Хъыгагæн, нæ ацы фембæлд æрцыд уыцы рæстæг, республикæйы Сæргълæууæг Тамерлан Кимы фырт (Æгъуызарты) цардæй куы ахицæн, уæд. Иумæ куыстат, ныртæккæ цы бæрнон бынат ахсыс, уымæ дæр уыцы-иу рæстæг æрбацыдыстут. Зонын æй, тынг дыл æууæндыд æмæ дын аргъ кодта. Уымæ гæсгæ мæ фæнды, цæмæй республикæйы сæргъы æрлæууай.

Битарты В.: Бузныг.

В. Путин: Æз дæ снысан кæндзынæн Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй. Уыцы бынаты кусгæйæ, ды хъуамæ, адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, ууыл сæ баууæндын кæнай, фыццагдæр, социалон нысанимæ, экономикæйы рæзты, зæххытæ банывыл кæныны, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады фарстатæ лыггонд кæй æрцæудзысты, ууыл. Куыд дæм кæсы, ныртæккæ æппæты ахсджиагдæр цы у?

Битарты В.: Бузныг дæ тæфæрфæсы ныхæстæн. Мах Тамерланимæ кусын куы райдыдтам, уæд нæхицæн сæйрагдæрæн снысан кодтам, республикæйæн йæ финансон уавæр цыфæнды зын куы уа, уæддæр республикæйы Хицауадæн, республикæйы Сæргълæууæгæн адæмы раз цы социалон зæрдæдарæнтæ ис, уыдон бахъахъхъæнын. Æхсæз мæйы дæргъы иумæ куыстам, æз æхсæз мæйы уыдтæн Хицауады сæргъы, æмæ уыцы нысаны тыххæй алцыдæр кодтам. Мызд бафидыны, социалон зæрдæдарæнты хъуыддæгты æппындæр къуылымпыдзинæдтæ нæ уыд. Мах сæ æххæст кодтам æмæ сыл дарддæр дæр архайдзыстæм. Уымæй уæлдай ма æркастыстæм æмæ скуынæг кодтам æнæхъуаджы хæрдзтæ, республикæйы исбонадæн æххæстæй инвентаризаци скодтам. Ома, республикæйы экономикæйыл кусæм æмæ нæм фæзынд дзæбæх бæрæггæнæнтæ. Финансты министрадимæ нæм цыдæриддæр бадзырдтæ уыд, уыдон сæххæст кодтам æмæ нын уый бар ратдзæн дарддæр бюджетон æфстæуттæй коммерцион банкты проценттæй пайда кæнынæн. Уый фæрцы бафыстам коммерцион æфстæуттæ, сфæстауæрц кодтам дзæвгар æхцайы фæрæзтæ. Баззад ма нын чысыл æфстæуттæ, фæлæ нæм ныридæгæн ис Уæрæсейы Финансты министрадимæ æндæр бадзырд. Хъуамæ нын радтой ныллæг процентон бæрцимæ бюджетон æфстау. Коммерцион банктæй цы æфстæуттæ дарæм, уыдон куы бафидæм, уæд сфæстауæрц кæндзыстæм дзæвгар æхца æмæ уыдонæй спайда кæндзыстæм социалон хæстæ æххæсткæнгæйæ. Уымæй дарддæр бакуыстам райрæзты фарстатыл. Сбæрæг кодтам сæйрагдæрты æмæ сыл кусдзыстæм. Бацæттæ кодтам социалон-экономикон рæзты пълан, фæбæрæг кодтам сæйраг рахæцæнтæ: æрдзон фæрæзтæй ахадгæ хуызы пайда кæнын, хъæууон хæдзарады, промышленносты рæзт. Бæрæггонд æрцыдысты инвестицион проекттæ, рæгъмæ сæ рæхджы рахæсдзыстæм, инвесторты æргом сæм аздахдзыстæм.

В. Путин: Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстдзинæдтæ.

Битарты В.: Бузныг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here