Тарифтæ, коммуналон лæггæдтæ æмæ æндæр фарстатæ

0
781

РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы советæн уыд æмбырд. Амыдта йæ палатæйы секретарь БОКОТЫ Эльбрус. «Æхсæнадон цæстдард. Энерги тыхдæттæг организациты тарифтæ аразыны фæдыл РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатайы рекомендацитæ» — ацы темæйыл ныхас кодтой æмбырды архайджытæ: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы Тарифты регионалон службæйы разамонæг Къуымæридтаты Алан, Паддзахадон нысаниуæджы æлхæдтытæ аразыны РЦИ-Аланийы управленийы разамонæг Фадзайты Æхсар, нæ республикæйы Амалхъомты регионалон цæдисы сæргълæууæг Бирæгъты Юри, РЦИ-Аланийы Профцæдисон организациты иугонды сæрдар Касаты Таймураз, Æхсæнадон палатæйы иннæ уæнгтæ æмæ коммуналон хæдзарады кусæнуæтты разамонджытæ. Æмбырды архайджытæ байхъуыстой, газ, энерги æмæ æндæр коммуналон лæггæдты тарифтæ аразынмæ хицаудзинад æххæстгæнæг органтæ сæ цæст куыд дарынц æмæ уыцы хъуыддажжы Æхсæнадон палатæйы амынддзинæдтæй куыд пайда кæнынц, уый фæдыл хъусынгæнинагмæ. Æхсæнадон палатæйы сæйраг нысан у хицаудзинад æмæ æхсæнады хсæн дыууæрдæм ахастытæ фидар кæнын, сæ иу иннæйы куыд хъуса, ахæм уавæртæ аразын. Æмæ Бокоты Эльбрус куыд загъта, афтæмæй уыцы хъуыддаг сæ къухы æфты. Уымæн æмæ, тарифты æнæбындур рæзты тыххæй бирæ куыстуæттæ æмæ организациты хъаст, уыимæ ацы фарстайы фæдыл Æхсæнадон палатæйы амынддзинæдтæ дæр нæ республикæйы Хицауад фехъуыста æмæ ацы азы фыццаг æмбисæн 20 процентæй фæкъаддæр кодта энерги тыхдæттæг организациты тарифтæ. Уымæй промышленносты къабазы фæстауæрцгонд æрцæудзысты продукци уадзыны хæрдзтæ 500 милуан сомæй фылдæр, 200 милуан сомæй фылдæр та фæстауæрцгонд æрцæудзæн бюджетон фæрæзтæй. Нæ республикæйы Хицауады ахæм уынаффæйæ разыйæ баззадысты канд амалхъомтæ нæ, фæлæ республикæйы æппæт æхсæнад дæр. Тускъаты Таймураз зæрдæ бавæрдта, энерги тыхдæттæг куыстуæтты тарифтæ аразынмæ республикæйы Хицауад дарддæр дæр йæ цæст кæй дардзæн, цæмæй тарифты æнæбындур рæзт уромыны хъуыддаг хорзæрдæм зына республикæйы экономикæйыл æмæ бюджетыл дæр. Куыд загъта, афтæмæй ныр та Хицауад архайдзæн газы тарифтæ фæкъаддæр кæныныл, цæмæй куыстуæтты уавæр иуцасдæр фæрогдæр уа, уый тыххæй. Нæ республикæйы Тарифты регионалон службæйы сæргълæууæг Къуымæридтаты Алан радзырдта, 2016 азмæ тарифтæ куыд нысангонд цыдысты, уыцы куысты хицæндзинæдты тыххæй. Бокоты Эльбрус куыд бафиппайдта, афтæмæй тарифтæ аразыны хъуыддаджы ис бирæ фарстатæ, адæмæн алцы æмбæрстгонд нæ вæййы, бирæтæ разы нæ вæййынц коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадæй. Уымæ гæсгæ адæмы, уæлдайдæр амалхъом адæмы домæнтæ æмæ курдиæттæ Хицауадмæ куы хæццæ кæной, уæд сæ Хицауад хъуамæ канд хъусгæ ма кæна, фæлæ ма, æхсæнад цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдон лыг кæна. Уæд нæм уыдзæн æцæг граждайнаг æхсæнад. Æмæ ацы хъуыддаджы стыр бæрнондзинад ис республикæйы Æхсæнадон палатæйыл.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here