Планетарийы рацарæзт

0
1206

Цæгат Ирыстоны Архитекторты цæдисы правлени Дзæуджыхъæуы планетарийы цалцæггæнæн куыстыты цыдæй разы нæу. Специалисттæ сæ хъуыдытæ загътой уæрæхгонд æмбырды. Архитектортæй фæстæмæ æмбырды архайдтой нæ республикæйы Культурон бынты объектты хъахъхъæнынады æмæ сæ пайда кæнынады комитеты минæвæрттæ, стæй паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр ТЕДЕТЫ Руслан

— Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгæнæг аразджытæ архитекторты хъуыды кæй нæ нымайынц, уæвæн ис, æмæ уый бæстыхайæн знаггад æрхæсдзæн. Ныртæккæ ацы бæстыхайы уавæр нымад у ахсджиагдæр фарстайыл. Планетарийы сæры уæлцъар систой, æмæ къæвда куы рауара, уæд ацы сæрæн ныккæлынæй тæссаг уыдзæн, — загъта архитектор Алыккаты Руслан. — Цалцæггæнæн куыстытæ райдайыны агъоммæ баххæст кæнын хъуыд барæн куыстытæ, фæстæдæр цæмæй ацы барæнтæм гæсгæ планетарийы сæр ногæй арæзтаиккой. Уæвæн ис, æмæ бæстыхай культурон быныл нымад кæй фæрцы уыд, уыдæттæй фæцух, — загъта архитектор Болиаты Руслан. — Раууатмæ æрцæуæг планетари цалцæггæнинаг уыд. Бæстыхайы сæрæн ныккæлынæй тæссаг уыд. Планетаримæ æцæгæлон адæм цæмæй ма цыдаиккой, уый тыххæй йæ дуæрттæ æмæ рудзгуытæ баивинаг уыдысты. Архитектурон цыртдзæвæны къултæ сты фидаргæнинаг. Бæстыхай уарынтæй бахъахъхъæныны нысанимæ йын рæстæгмæ сæр сæвæрдтам. Ссæдз уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр дзы бырæттæ раластам. Рæстæгмæ цалцæггæнæн куыстыты фæуды фæстæ дарддæр рацарæзт æххæст кæнынæн специалистты æрбахондзыстæм, — загъта Тедейы-фырт. Æмбырды архайджытæ рахастой кусæг къорд саразыны уынаффæ. Ацы къорды уæнгтæ бабæрæг кæндзысты планетари æмæ дарддæры куысты фæдыл сæ фæндæттæ бавдисдзысты, кæцытыл, æнæмæнг, Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрадимæ баныхас кæндзысты.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here