«Сæйрагдæр у сабыр цард æмæ экономикон уавæр банывыл кæнын»

0
937

«Не ‘мбырды архайынц Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей МЕЛИКОВ, республикæйы разамынд, депутаттæ, районты сæргълæуджытæ, æхсæнадон, политикон партиты минæвæрттæ. Ныхасы агъоммæ уæ курын, цæмæй æдзæмæй алæугæйæ æрымысæм ÆГЪУЫЗАРТЫ Тамерланы», — знон Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ ацы ныхæстæй байгом кодта уæрæхгонд æмбырд.

Уый фæстæ ныхасы бар радта Сергей Меликовæн. — Цы гæнæн ис, низ йæ куыст бакодта, æмæ не ‘хсæнæй ацыд, бирæ ныфсытæ кæимæ бастам, ахæм разамонæг. Иу хатт ма Уæрæсейы разамынды, Æххæстбарджыны минæварады кусджыты, Цæгат Ирыстон йæ царды бынат кæмæн ахсы, ахæм адæймæгты номæй тæфæрфæс кæнын Æгъуызарты Тамерланы бинонтæн. Сусæггаг нæу, республикæйы ис бирæ вазыгджын хъуыддæгтæ, йæ уавæр дæр рог схонæн нæй. Уыдæттæ баст сты мидæггаг æмæ æддагон аххосæгтимæ дæр. Фæлæ хъæуы кусын, уынаффæтæ хæссын, нысантæ æххæст кæнын æмæ уымæй дæр Æгъуызарты Тамерланы номæн кад кæнын. Йæхæдæг цы хъуыддæгтыл архайдта, уыдоныл дарддæр дæр хъæуы бакусын, Сæргълæууæгæй йæ цы бон снысан кодтой æмæ цы лыггæнинаг фарстатæ æрæййæфта, уыдонмæ уайтагъд бавнæлдта. Баст уыдысты бæстæйы, паддзахады æнæхъæндзинад, æдасдзинад хъахъхъæнынимæ, цæрджыты социалон уавæртимæ, Цæгат Ирыстонæн æмæ æппæт Уæрæсейæн дæр рæзты уавæртæ аразынимæ. Цæгат Ирыстон у не стыр бæстæйы къабæзтæй иу, йæ ахадындзинад æмæ историйы йæ бавæрд сты бæрæггонд. Уæлахизы 70 азы кадимæ куы бæрæг кодтам, уæд уыди бæстон ныхас цæгатирыстойнæгтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цас архайдта, Советон Цæдисы Хъæбатыры номæй цалы схорзæхджын кодтой, уыдæттыл. Уæдæ, фæсхæст дæр республикæйы цæрджытæ æххæст кодтой ахсджиаг экономикон хæстæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ республикæ бавзæрста бирæ алыхуызон бæллæхтæ æмæ фыдбылызтæ, суанг Хуссар Ирыстоны 2008 азы цы хæст æрцыд, уый уæз дæр Цæгат Ирыстон райста йæхимæ. Цыфæнды зын уавæрты дæр-иу республикæ йæхи фæрæзтæй архайдта уавæр банывыл кæнын, федералон, уæлæмхасæн æхца ракурын, радомыны цау никуы уыд, — загъта Сергей Меликов. Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстонæн ис хорз ахастытæ Уæрæсейы иннæ регионтимæ æмæ уый дæр хорздзинадыл дзурæг у. «Ныртæккæйы уавæрты сбæлвырд кæнын хъуыдис республикæйы уавæр хорз чи зоны, цы командæ дзы æмбырдгонд æрцыд, уыдонимæ дæр чи куыста, йæ бон уынаффæ рахæссын дæр кæмæн у, ахæм адæймаг. Уæрæсейы разамынд æркаст, æрныхас кодта æмбæлгæ ведомствотимæ æмæ уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæна Битарты Вячеслав Зелимханы фырт», — загъта Æххæстбарджын минæвар. Сергей Меликов фæсидт Битары-фыртмæ, æмæ йын загъта, Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы æмæ Цæгат Ирыстоны Конституцийы статьятæм гæсгæ æвзæрстытæ, 2016 азы сентябры, кæй уыдзысты, уый. Уый агъоммæ та Уæрæсейы Президент сбæрæг кæндзæн æртæ кандидаты республикæйы Сæргълæууæджы бынатмæ. Уæдмæ Битарты Вячеслав æххæст кæндзæн республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ. Дарддæр ма ныхасгæнæг фæсидт æппæт хицаудзинады æхсæнады минæвæрттæм, загъта республикæйæн сæйрагдæр у сабыр цард, хицаудзинад фидар кæнын, экономикон уавæр банывыл кæнын æмæ ахсджиагдæр фарстатæ афойнадыл æххæст кæнын. — Уырны мæ, æмæ Битарты Вячеславæн зæрдиагæй æххуыс кæндзыстут æмæ æвзæрстыты онг республикæйы цард ницы сæнкъуысын кæндзæн. Цы хъуыддæгтæ саразат, уыдон хъуамæ бындур сæвæрой республикæйы дарддæры рæзтæн, æдасдзинады фарстатæн, — загъта Сергей Меликов. Уый фæстæ æмбырды раныхас кодта республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав. Фыццагдæр уал раарфæ кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн йе ‘ууæнчы тыххæй. Уый фæстæ — Сергей Меликовæн, йæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, æмæ æппынæдзух æххуыс кæй кæны, уый тыххæй. — Уæрæсейы Президент мæ размæ сæвæрдта цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны, социалон зæрдæдарæнтæ сæххæст кæныны хæстæ. Мах, æнæмæнгæй, кусдзыстæм экономикон рæзты фарстатыл, финансон уавæр банывыл кæныныл. Архайын сыл райдыдтам Æгъуызарты Тамерланимæ. Дарддæр дæр сыл архайдзыстæм. Мах хъуамæ бæстон æркæсæм нæ хæрдзтæм, æмæ æхцайæ ахадгæ хуызы пайда кæнæм, цыдæриддæр нæм исбон ис, уый сбæрæг кæнæм. Бацархайдзыстæм æхсæнады æнæниз тыхтæ Ирыстоны фæрныгадæн баиу кæнын, — загъта Битары-фырт.

БУТАТЫ Эльзæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here