Аивадон гимнастикæйы дæснытæ

0
1179

Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон скъолайы аивадон гимнастикæйæ цыдысты Цæгат Ирыстоны фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ

Спорты ацы хуызæй нæ республикæйы схъомыл къорд зындгонд спорты мастеры. Ирыстойнаг чызджытæ абон дæр Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы Хуссар зылды нымад сты тыхджындæртимæ. Уый афтæ кæй у, æмæ нæм курдиатджын чызджытæ гыццыл кæй нæй, уый та спортуарзджытæ сæхи цæстæй федтой ивгъуыд къуырийы ерысты. Уыдон цыдысты цалдæр кары спортсменты ‘хсæн. Спорты мастерты программæйы ерысты нæ республикæйы чемпионы æмæ призеры номæй уæлдай бæрæггонд цыдысты, Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионатмæ балцæгтæ чи райсдзæн, уыдоны нæмттæ. Ерысты чи архайдта, уыцы чызджытæ сæ рæсугъд архайдæй барухс кодтой спортуарзджыты зæрдæтæ. Хъыгагæн, ацы залы фадат нæй, спортуарзджытæ кæцæй кæсой, уымæн. Æмæ уый аххосæй сæ нымæц бирæ нæ уыд. Дыууæ боны ерысты 1-аг бынатмæ рацыд Маргаритæ Билимович (йæ тренер у — Дзугаты Альбинæ). 2-аг бынат бацахста Саулохты Фатимæ (тренер — Иринæ Золотарева). Тренер Иннæ Никитинайы хъомылгæнинаг Охъазты Ренатæ та æрлæууыд 3-аг къæпхæныл. Ныр ацы æртæ чызджы æмæ ма семæ Хъуппеты Патрисия, Токты Виктория, Хъодзаты Миланæ, 12-19 мартъийы Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты, Краснодары. Спорты мастермæ кандидатты (2001-2002 азты гуырд) ерысты 1-аг бынат бацахста Кочиты Виктория (йæ тренер — Аллæ Голыничева), 2-аг бынатмæ рацыдысты Мамиаты Аминæ (тренер — Иннæ Никитина) æмæ Козаты Амагæ (тренер — Аллæ Субботина). 3-аг бынæттæ дæр лæвæрд æрцыди дыууæ спортсменкæйæн. Хъодалаты Иринæ (тренер — Аллæ Субботина) æмæ Сланты Данæ (тренер — Иннæ Никитина) разындысты æмдых æмæ бацахстой 3-аг бынæттæ. Спорты мастермæ кандидаты программæйæ цы дыккаг къорд ерыс кодта (2003 азы гуырд), уыдоны ‘хсæн тæрхонгæнджытæ 1-аг, 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ саккаг кодтой дыгай чызджытæн. 1-аг бынат лæвæрд æрцыд Зайоты Аделинæ (тренер — Аллæ Голыничева) æмæ Фæрниаты Беллæйæн (тренер — Аллæ Субботина), 2-аг бынæттæ бацахстой Зыгъуытаты Зæринæ (тренер — Иннæ Никитина) æмæ Олеся Поликарпова (тренер — Æгкацаты Виктория). 3-аг бынæттæм та рацыдысты Хъайтыхъты Аланæ (тренер — Аллæ Голыничева) æмæ Хаситы Элинæ (тренер — Иринæ Золотарева). 1-аг разряды программæйæ чи ерыс кодта, уыдон дæр дихгонд уыдысты 2005 æмæ 2004 азты гуырд чызджытыл. 2004 азы гуырд спортсменкæты ‘хсæн 1-аг бынат бацахстой Абайты Эсмеральдæ (тренер — Дзугаты Альбинæ) æмæ Туаты Аделинæ (тренер — Иннæ Никитина). 2-аг бынатмæ рацыд Бураты Ларинæ (тренер — Ольгæ Зиновьева), 3-аг та ссис Бесолты Аминæ (тренер — Иннæ Никитина). 2005 азы гуырд гимнасткæтæй 1-аг бынатмæ рацыд Вероникæ Старовая (тренер — Цуциты Фатимæ), 2-аг бынат бацахста Кокойты Зæлинæ (тренер — Иринæ Золотарева), 3-аг та ссис Хъараты Валерия (тренер — Еленæ Конева).

БАСКАТЫ Уырызмæг

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here