Ацы хатт — æнæ сыгъзæринæй

0
882

13 мартъийы Латвийы сæйраг горæт Ригæйы фесты Европæйы ерыстæ уæгъдибар æмæ грекъагромаг хъæбысхæстæй. Уæгъдибар хъæбысхæстæй чемпионаты цы 7 ирон богалы хæцыд, уыдон хъахъхъæдтой 4 бæстæйы спортивон кад. Ноджы ма сылгоймæгты ерысты Уæрæсе æмæ Беларусы командæты сконды уыдысты Æлборты Юлия æмæ Сидахъаты Зæлинæ

Нæ богæлттæй ацы хатт сыгъзæрин хæрзиуæг рамбулын никæмæн бантыст. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ лæппутæн сæ фылдæр ахæм ахсджиаг ерысты фыццаг хатт архайдтой. Уый, фыццаджыдæр, хауы, Уæрæсейы иугонд командæйы чи уыди, уыцы ирон богæлттæм. Уыдонæй Мæхъиты Зауырæн бантыст хæрзиуæг рамбулын. Зауыр 74 килограммы онг уæзы фæхæрд æрмæстдæр фыццаг бынат бацахсæг туркаг богал Сонер Демирташæн. Сæ фембæлд æгæр раджы кæй рауад, уымæ гæсгæ Зауырæн 3-аг бынатæй уæлдæр схизынæн фадат нал уыд. Зауыр уый фæстæ йæ ныхмæлæуджытыл куыд æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз, уымæй бæрæг уыд, йæ гæнæнтæ фылдæр кæй уыдысты, уый. Фæлæ ацы хатт спортивон амонд йæ фарс нæ рахæцыд, æрлæууыд 3-аг бынатыл. Уæндон архайд бæргæ кодта Сидахъаты Зауырбег дæр, фæлæ 4-æм бынатæй уæлдæр схизын нæ æрыгон курдиатджын богалæн ацы хатт нæ бантыст. Зауырбег кæд хæрзиуæг нæ райста, уæддæр йæ архайд зæрдæмæдзæугæ рауад. Тынг рæсугъд рахæцыд туркаг богал Мухаммед Ильханимæ (сæвæрдта йæ йе уæнтыл) æмæ сомихаг Давид Сафарянимæ (уый та рамбылдта 9:4 хыгъдæй). 3-аг бынатыл дæр ахъаззаг тохы бацыд фæлтæрдджын белорусаг богал Азамат Нуриковимæ. Сидахъы-фырт бæргæ хæстæг уыд бронзæ хæрзиуæг рамбулынмæ, фæлæ хæрзчысыл фæрæдыд, æмæ Нуриков фæуæлахиз 9:7 хыгъдæй. Уæззау уæзы нæ бантыст Байцаты Владиславæн дæр хæрзиуæг рамбулын. Йæ ныхмæлæуджытæй кæд зынгæ рогдæр уыди, уæддæр семæ тохы уæндонæй бацыди, фæлæ йын ацы хатт йæ хуыздæр миниуджытæй спайда кæнын нæ бантыст. Ирон богæлттæй æвзист майдантæй хорзæхджын систы Беларусы командæйæн хæцæг Колыты Георги (61 кг) æмæ Гоститы Алыксандр (86 кг. Азербайджан). 3-аг бынæттæ æмæ бронзæ майдантæ рамбылдтой Украинæйæн хæцæг Æлдаттаты Ибрагим (86 кг) æмæ Засеты Ален (125 кг). Æнæ хæрзиуæгæй баззадысты сылгоймæгты ерысты архайæг ирон чызджытæ Æлборты Юлия (Уæрæсе) æмæ Сидахъаты Зæлинæ (Беларусь). Уæрæсейы нæлгоймæгты командæ, йæ сæргъы Тедеты Дзамболат, афтæмæй бацахста 1-аг бынат. Чемпионаты размæ Дзамболат загъта: «Мах Европæйы чемпионатмæ ласæм, амæй размæ дунеон æмæ Европæйы чемпионатты чи нæма архайдта, ахæм богæлтты, фæлæ нæ зæрдæ дарæм, æртæ сыгъзæрин майданæй къаддæр кæй нæ рамбулдзыстæм, ууыл». Тедейы-фырты ныхæстæ æцæг рауадысты. Уæрæсейы командæ рамбылдта 3 сыгъзæрин æмæ 2 бронзæ майданы. Сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын систы: Гаджимурад Рашидов (57 кг), Шамиль Кудиямагомедов (86 кг) æмæ Анзор Болтукаев (97 кг). Бронзæ майдан ма Мæхъиты Зауырæй уæлдай райста Исраил Касумов (65 кг). Уæрæсейы командæйы цы 8 богалы уыди, уыдонæй æнæ хæрзиуæгæй баззадысты Ньюнгун Скрябин (61 кг), Сидахъаты Зауырбег (70 кг) æмæ Байцаты Владислав (125 кг). Нæ богæлттæн нæ фæнды зæгъын:»Уæ ныфс ма асæттæд, фæлæ ноджы зæрдиагдæрæй куыд бавналат уæхиуыл кусынмæ, уый хос уын фæуæд ацы чысыл къуыхцы».

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here