Фыдракæндтæ сты æхсæнадон царды æвзæрдæр фæзынд. Уæлдай сагъæссагдæр та уый у, æмæ фыдракæндтæ кæй вæййы æнахъомты ‘хсæн дæр. Уыцы хъуыддагыл сагъæс кæнын æмæ йыл архайыны хæс æвæрд ис канд барадхъахъхъæнæг органтыл нæ, фæлæ æппæт æхсæнадыл дæр.
Дуне афтæ арæзт у, æмæ социалон цардæн æрыгæттæ сты йæ тæккæ разæй. Æмæ сæ кармæ гæсгæ сæ зондахаст ивын куы райдайы, уæд се стырдæр бæллицц свæййы се ‘мгæртты ‘хсæн сæхи æрфидар кæнын, хи иннæтæй бæрзонддæр сæвæрын. Уый аххосæй, стæй, æнæхъомтæй бирæтæ фылдæр хатт кæй ницæуыл хæст вæййынц, цы бинонты ‘хсæн хъомыл кæнынц, уым та алы ран нывыл ахастытæ кæй нæ вæййы, æппæт уыдæттæ æрыгон адæймаджы æркæнынц фыдракæнд саразынмæ. Æнахъомты ‘хсæн чи ‘рцæуы кæнæ се ‘ххуыссæй арæзт чи ‘рцæуы æмæ чи сбæрæг вæййы, ахæм фыдракæндты нымæц фæстаг фондз азы дæргъы кæны къаддæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у æхсызгон. Нымæцтæм куы æркæсæм, уæд уыдон сты ахæм: 2011 азы æнахъомтæ сарæзтой 168 фыдракæнды, 2012 азы — 148, 2013 азы — 101, 2014 азы — 96 æмæ 2015 азы — 92 фыдракæнды. Мидхъуыддæгты органтæн сæхицæн ис сæ куыстæн аргъ кæныны сæрмагонд системæ. Уый фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады бардзырдæй. Æмæ уыцы системæмæ гæсгæ, 14-17аздзыд алы 1 мин æнахъомæй фыдракæнд чи сарæзта, уыцы нымæцмæ гæсгæ нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрад ахсы 7-æм бынат Уæрæсейы æппæт регионæй. Ацы азы январы бæрæггæнæнтæм гæсгæ та Цæгат Ирыстон бацахста 2-аг бынат, йæ разæй ис æрмæстдæр Мæскуы. Дарддæр дæр нымæцты æвзагæй куы дзурæм, уæд, 2011 азимæ абаргæйæ, зынгæ фæкъаддæр уæззау æмæ, уæлдай уаззаудæр чи у, ахæм фыдракæндты нымæц (ахæм фыдракæндтæ 2011 азы сарæзтæуыд 61, 2015 азы та — 17). Ивгъуыд азы зынгæ (66,7 процентæй) фæкъаддæр сты, наркотикты æнæзакъон зилдухы æнахъомтæ куы архайынц, ахæм фыдракæндты нымæц дæр. Уæдæ, наркотик кæнæ карз нозтæй спайда кæныны фæстæ æнахъом фыдракæнд сарæзта, зæгъгæ, иунæг ахæм фыдракæнд дæр æрыгæтты ‘хсæн не ‘рцыд. Æнахъомтæ цы фыдракæндтæ саразынц, уыдонæн сæ тæккæ фылдæр хай (77 проценты) сты исбонады ныхмæ фыдракæндтæ, уыдонæй давыны цаутæ — 59, стигъыны цаутæ — 7, цæстфæлдахæн митæ — 8, тыхмийæ спайда кæнгæйæ искæйы исбон адавыны цаутæ — 2, фæлгъауыны цау (вымогательство) уыд 1. Фыдракæндтæ аразæг æнахъомтæн раздæрау сæ фылдæр сты ахуырдзаутæ (70,8 проценты), студенттæ та — 4,1 проценты. Фыдракæнд саразыны фæндагыл чи æрлæууыд, уыцы æнахъомтæн сæ 25 проценты сты, иудадзыг æфтиаг кæмæн нæй, ахæмтæ. Сæ кармæ куы æркæсæм, уæд 78 æнахъомы сарæзтой фыдракæнд 16-17аздзыдæй. Уый у, æнахъомтæ афæдзы дæргъы цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдонæн сæ 81,3 проценты. 14-15-аздзыдтæй та фыдракæнд сарæзтой 18 æнахъом сывæллоны (кæнæ тæ æппæт фыдракæндтæн сæ 18,7 проценты). Æхсæнадон уагæвæрдæн фыдракæндтæ цас тæссаг сты, уыцы цæстæй акæсгæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ фыдракæндтæн сæ фылдæр (30 фыдракæнды, кæнæ та 71,4 проценты) банымайæн ис, тынг уæззау чи нæу, ахæмтыл, рæстæмбис уæззауыл банымайæн ис 7 фыдракæнды (кæнæ 16,7 проценты), уæлдай уæззаудæрыл та — 5 фыдракæнды (кæнæ æппæт фыдракæндты 11,9 проценты). Афтæмæй, нымæцтæ æвдисынц, æнахъомтимæ баст фыдракæндты нымæц къаддæр кæй кæны, уый. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ хицæн кæны. Ис ма æндæр бæрæггæнæнтæ дæр, æмæ уыдон куыд амонынц, афтæмæй 50 процентæй фæфылдæр сты, къордтæ-къордтæй æнахъомтæ цы фыдракæндтæ саразынц, уыдоны нымæц. Уыимæ 16,7 процентæй фæфылдæр, сæхицæй хистæр чи у, ахæм фыдгæнджытимæ кæй сарæзтой, уыцы фыдракæндты нымæц. Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ куыд равдыстой, афтæмæй, æнахъомтæ цы фыдракæндтæ саразынц, уыдоны нымæц фæфылдæр республикæйы цыппар районы: Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг зылды, Æрыдоны, Мæздæджы æмæ Алагиры районты. Ныййарджытæ кæнæ, сæ бæсты чи ис, уыцы хистæртæ сæ кæстæрты ныхмæ кæй аразынц, ахæм фыдракæндты профилактикæмæ барадхъахъхъæнæг органтæ алкæддæр стыр æргом кæд здахынц, уæддæр, фаронимæ абаргæйæ, ахæм фыдракæндты нымæц 10 процентæй фæфылдæр (2014 азы уыдысты 80, 2015 азы та — 88 фыдракæнды). Уыцы цаутæ æвзарыны фæдыл 155 æнахъом сывæллоны æрцыдысты зиан баййафæгыл нымад. Уыдонæй 97 сты гыццыл сывæллæттæ, 64 та — 14-17-аздзыд æнахъомтæ. Ацы фыдракæндтæн сæ фылдæр раргом кодтой пъæлицæйы кусджытæ. Уфйы Уголовон кодексы 156 статьямæ гæсгæ (æнахъом сывæллоны хъомыл кæныны хæстæ æххæстгонд кæй нæ цæуынц, уый тыххæй) 2 ныййарæджы æфхæрд æрцыдысты уголовон æгъдауæй (фарон ахæм ныййарджытæ уыдысты 3). Иу ныййарæг дзы цæры Алагиры районы, иннæ та — Мæздæджы районы. Иннæ хиуæттæ, хæстæг сын чи æййафы, ахæм кæстæры ныхмæ фыдракæнд сарæзтой, зæгъгæ, ахæм цаутæ уыд 5. Æцæгæлæттæй та æнахъомы ныхмæ фыдракæнд саразджытæ уыдысты 55 адæймаджы. Уыдонæй 10 фыдгæнæджы сæхæдæг дæр разындысты æнахъомтæ. Æхсæнады ныхмæ фыдракæнд саразыныл бафтауыны цаутæ æргом кæныны тыххæй цæуы уæлдай фылдæр куыст. Ацы куысты фæстиуджытæ сты ахæм: ивгъуыд азы арæзт æрцыд 8 уголовон хъуыддаджы. УФйы Уголовон кодексы 150æм статьямæ гæсгæ (æнахъомы фыдракæнд саразыныл бафтауын). 6 уголовон хъуыддаджы та арæзт æрцыд УФ-йы Уголовон кодексы 151-æм статьямæ гæсгæ (æнахъомы бафтауын æхсæнады ныхмæ фыдракæнд саразыныл). Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисты ахсджиагдæр хæстæй иу у æнахъом фыдгæнджытæ æмæ, сæ хæстæ чи не ‘ххæст кæны æмæ, куыд хъомылгæнæг, афтæ йæ кæстæрæн зиан чи хæссы, ахæм ныййарджыты афоныл æргом кæнын æмæ сæ хыгъды æвæрын. Барадхъахъхъæнæг органты цæстæнгас фылдæр чи домы, ахæм адæмыл цас фылдæр аххæсой къамисты профилактикон мадзæлттæ, уый бæрц фылдæр гæнæнтæ уыдзæн дыккаг хатт фыдракæнд саразынæй сæ бахъахъхъæнын. Ивгъуыд аз мидхъуыддæгты органты профилактикон хыгъды æвæрд æрцыд 341 ныййарæджы (фарон уыдысты 364) æмæ 411 æнахъомы (фарон — 439). Афæдзы кæронмæ хыгъды уыд 410 ныййарæджы æмæ 310 æнахъомы. Æнахъомтимæ баст цауты фæдыл ивгъуыд аз арæзт æрцыд 1634 административон хъуыддаджы, уыдонæй 547 — æнахъом барадхалджыты ныхмæ; 1020 — сæ ныййарджыты кæнæ сын закъонмæ гæсгæ ныййарæджы бæсты чи ис, уыдоны ныхмæ; 67 та — æнахъомы ныхмæ фыдракæнд чи сарæзта, ахæмты ныхмæ. Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй иуцасдæр фæкъаддæр, нозтджынæй кæнæ нуазгæ-нуазын кæй баурæдтой, ахæм æнахъомтимæ баст административон хъуыддæгты нымæц (2014 азы уыдысты 295, 2015 азы та — 282). Фæлæ уæддæр раздæрау ацы барадхалæн цаутæ æппæт фыдракæндтæн сты сæ фылдæр (51,6 проценты). Царды уæззау уавæрты бахауæг æнæхъомтæн алывæрсыг æххуыс кодтой æмæ кæнынц паддзахадон кусæндæттæ — æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон хъахъхъæнынады органтæ. Бæрæдхъахъхъæнæг органтæ дарддæр дæр араздзысты æппæт мадзæлттæ æнахъомты ‘хсæн æвæгæсæгдзинад æмæ барадхалæн цаутæ, стæй æнахъомты ныхмæ арæзт цаутæ не руадзыны тыххæй. Уыдон уыдзысты канд нысанмæарæзт ведомствоты ‘хсæн иумæйаг мадзæлттæ нæ, фæлæ оперативон-профилактикон мадзæлттæ дæр. Сæ нысан — алыхуызон ведомствоты иумæйаг архайд ноджы фæахадгæдæр кæнын.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ