«Мæ дзæбæх мад — мæ амонды мæсыг»

0
1335

Бирæ конкурстæ æмæ олимпиадæтæн быдур æвæрд æрцыдис фæстаг азты. Нæ республикæйы курдиатджын сывæллæттæн алы мадзæлттæй дæр æххуыстæ цæуы, цæмæй интеллектуалон æгъдауæй рæзой, мацы къуылымпытæ уа сæ размæ. Афæдзы дæргъы скъоладзаутæ ерыс кодтой, алы предметтæй кæмæ фылдæр æмæ арфдæр зонындзинæдтæ ис, чи хуыздæр арæхсы математикæ кæнæ уырыссаг æвзаг бæлвырддæр базонынмæ.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад йе ‘ргом фылдæр здахын райдыдта мадæлон æвзагмæ. Æрвылаз районты конкурс «Ирон аив дзырды дæсны»-йы фæархайынц, иронау иттæг хорз чи зоны, йæ мадæлон æвзаг зонынмæ чи тырны, уыцы сывæллæттæ. Сæ нымæц чысыл нæу. Ивгъуыд къуыри Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны та уыд «Ирон аив дзырды дæсны»-йы республикон конкурс. Архайдтой дзы районты конкурсты уæлахиздзаутæ. Архайджытæн æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæджы хæдивæг Тотраты Владислав. Уый куыд загъта, афтæмæй министрад иудадзыг архайы мадæлон æвзаджы рæзтæн æппæт мадзæлттæ дæр кæныныл. Æмæ уыдонæй иу у ацы конкурс. Йæ сæйраг темæ ацы хатт уыдис ныййарæг мады сурæт: “Мæ дзæбæх мад — мæ амонды мæсыг”. Ирыстоны алы районты 811-æм кълæсты ахуырдзаутæ сæ уд хъардтой мады фæлгонц, йæ фыдæбон, йæ маст, йæ цин æмæ хъæбулмæ æгæрон уарзт зæрдæбынæй равдисыныл. Сывæллæттæ сæ ахуыргæнджытимæ бацæттæ кодтой нæ зындгонд фысджытæ Кочысаты Мухарбег, Чеджемты Æхсар, Хостыхъоты Зинæ, Уалыты Лаврент æмæ Черчесты Хъасболаты сфæлдыстадæй мады фæлгонцимæ баст æмдзæвгæтæ æмæ прозæ. Фылдæр уыдысты мады сурæт цæрæнбонтæм зæрдыл дарыны, йæ уындæй нын хай куы нал вæййы, уæд куыд тынг зын вæййы цæрын, уыцы мысинæгты фæдыл зæрдæагайгæ уацмыстæ. Конкурсы нысан мадæлон æвзаг кæд уыдис, уæддæр рауадис æрхæндæг æмæ æнкъард. Тарскæйы скъолайы ахуырдзау Коцойты Арсены поэмæ «Саломи»-йæ скъуыддзаг куы кастис, уæд йæ кæуын нал баурæдта. Уæвгæ се ‘ппæт архайджытæ дæр сæ хæс æнтыстджынæй сæххæст кодтой. Жюрийы уæнгтæ уæддæр сбæлвырд кодтой дыууæ номинацийы — æмдзæвгæ æмæ прозæйы æппæты хуыздæрты. Уыдон уыдысты: номинаци «Æмдзæвгæ»-йы фыццаг бынат саккаг кодтой Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзау Гогаты Мальвинæйæн, номинаци «Прозæ»-йы та фыццаг бынат райста æрыдойнаг скъоладзау Гæбуты Алан. Конкурсы æппæт архайджытæн дæр РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад радта Кады гæххæттытæ, чи сæ бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæн та — Арфæйы гæххæттытæ.

САУТÆТЫ Тамилæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Х.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here