Юрий Гагарины ныхас атæхыны размæ

0
1176

       Зынаргъ хæлæрттæ, зонгæтæ æмæ æнæзонгæтæ, æмфыдыбæстæгтæ, æппæт бæстæты æмæ континентты адæм!

Цалдæр минуты фæстæ хъомысджын космосон нау мæн ахæсдзæн Дундунейы дард тыгъдадмæ. Цы ис зæгъæн сымахæн ацы фæстаг минутты атæхыны размæ? Ме ‘ппæт цард дæр мæм ныртæккæ кæсы иу хорз рæсугъд уысмы хуызæн. Цы фæцардтæн, раздæр цы сарæзтон, уый фæцардтæн æмæ арæзтон ацы минуты сæраппонд. Уæхæдæг æй æмбарут, дæргъвæтин рæстæг æмæ тынг зæрдиагæй кæмæ цæттæ кодтам, уыцы фæлварæн сахат куы ‘рбаввахс, историйы мидæг ацы фыццаг атахт мын куы бахæс кодтой, уæд цы æнкъарæнты бахаудтæн? Циндзинад? Нæ, уый æрмæст циндзинад нæ уыд. Сæрыстырдзинад? Нæ, уый æрмæст сæрыстырдзинад нæ уыд. Æз банкъардтон стыр амонд. Космосы фыццаг уæвын, æрдзимæ лæгæйлæгмæ æнæрцæугæ тохы бацæуын — гæнæн ма ис фылдæрмæ бæллынæн? Уый уæлвæд æз æрхъуыды кодтон, цы егъау бæрнондзинад æвæрд мыл æрцыд, ууыл. Адæмы бирæ фæлтæртæ цæмæ бæллыдысты, уый фыццаг бакæн, космосмæ дзыллæйæн фыццагдæр ды фæндаг айгæрд… Зæгъут-ма мын, вазыгджындæр хæс ма ис, мæнмæ чи ‘рхауд, уымæй? Уыцы бæрнондзинад иуы раз нæ, дæсгай адæймæгты раз нæ, коллективы раз нæ. Уыцы бæрнондзинад у æппæт советон адæмы раз, æппæт адæймагады раз, йæ абоны боны æмæ фидæны раз. Æмæ кæд уæддæр æз сразы дæн атæхыныл, уæд æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ коммунист кæй дæн, уымæн æмæ схъомыл дæн мæ æмфыдыбæстæгты — советон адæмы хъæбатырдзинады æнæмбал дæнцæгтыл. Æз зонын, æппæт тыхтæ дæр кæй æрбамбырд кæндзынæн хæс æппæты хуыздæрæй сæххæст кæныны тыххæй. Хæсы бæрнондзинад æмбаргæйæ, æз сараздзынæн æппæтдæр Коммунистон парти æмæ советон адæмы хæслæвæрд сæххæст кæныны сæраппонд. Космосмæ атахт аразгæйæ, æз амондджын дæн æви нæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, дæн. Алы рæстæджыты æмæ дугты адæмæн æппæты стырдæр амонд уыдис ногдзинæдты архайын. Мæн фæнды ацы фыццаг атахтæй космосмæ коммунизмы адæмы ном ссарын — æхсæнады, кæцымæ ныридæгæн цæуы нæ советон адæм æмæ кæцымæ, уырны мæ, бацæудзысты Зæххыл цæрæг æппæт адæмтæ дæр. Ныртæккæ ма атæхынмæ баззад нымад минуттæ. Æз уын, зынаргъ хæлæрттæ, адæм дард балцы размæ кæрæдзийæн куыд фæдзурынц, афтæ зæгъын фенынмæ. Куыд тынг мæ фæнды уе ‘ппæты дæр æрбахъæбыс кæнын, зонгæты æмæ æнæзонгæты, дæрддаг æмæ æввæхсты! Тагъд фембæлдмæ уал!

1961 азы 12 апрель

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here