Кусæг адæймагæн йæ мызд — афойнадыл

0
888

«Афойнадыл мызд бафидыны фарста кæддæриддæр у ахсджиаг, экономикон зындзинæдты заман та — бынтон. Хицаудзинады хæстæ æмæ нысантæ баст сты, æппæт куыстуæтты фæллойгæнджытæн афойнадыл сæ мызд бафидынæн фадæттæ скæнынимæ. Уæд æхсæнады уавæр нывылдæр кæны, адæм сæхи хуыздæр æнкъарынц, хъалонтæ афойнадыл хæццæ кæнынц бюджетмæ, æмæ уыдоны фæрцы, паддзахад йæ социалон хæстæ дæр æнæкъуылымпытæй æххæст кæны»,— знон, РЦИ-Аланийы Хицауады цур Мызд фидыны фарстатæм цæстдарды фæдыл координацион советы æмбырд амонгæйæ, загъта Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй советы уæнгтæ хъуамæ мæй иу хатт æмбæлой æмæ мызд фидынимæ баст фарстатæ æвзарой. Уый фæстæ æмбырды раныхас кодта Паддзахадон фæллойадон инспекцийы разамонæг Дзуццаты Зауыр. Иу хатт ма фæбæрæг кодта, «БТС-Гидрострой»-ы разамынд сæ кусджытæн мызд кæй нæ бафыстой, уый тыххæй цы зоны, уыдæттæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы куыстуатæн æппындæр нæ республикæйы ницы ис, æрмæстдæр ам æххæст кодтой цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ. Æххуырсгæ та бакодтой Цæгат Ирыстоны цæрджыты. Ныртæккæ хъуыддаг æвзарынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Æмбырды архайджытæн куыд бамбарын кодтой, афтæмæй 2016 азы райдайæнмæ нæ республикæйы кусæг адæмæй мызд дардтой 28 милуаны æмæ 170 мин сомы. Апрелы райдайæнмæ уыцы хæс фæфылдæр 38 милуаны æмæ 125 мин сомы бæрц. Уыимæ, раздæр мызд бафидынæй хæстæ чи дардта, уыцы куыстуæттæ. Мартъийы мæй нымайгæйæ, мызд нæ райстой 884 кусæджы. Районтæм гæсгæ уавæр у ахæм: Дзæуджыхъæу дары 7 милуаны æмæ 970 мин сомы; Рахизфарсы район — 22 милуаны æмæ 882 мин сомы; Алагиры район — 7 милуаны æмæ 20 мин сомы; Дыгуры район — 253 мин сомы. Уымæй дарддæр ранымадтой адæмæй мызд чи дары, уыцы хицæн куыстуæттæ. Куыд ма загъдæуыд, афтæмæй æцæгдзинадæй хæсты бæрц у 60 милуан сомæй фылдæр. Адæмæн афойнадыл мызд чи нæ фыста, уыцы куыстуæттæ кæнæ ныггаффут сты, кæнæ та сæ куыст баурæдтой. Бирæ хæстыл иу азæй иннæмæ æфты, кæнæ та сæ бæрц нæ ивы, уымæн æмæ сæ кæмæй радомой, уый нæй. Афтæ у, зæгъæм, Беслæны нартхоры комбинаты коллективы уавæр — дарынц сæ 22 милуаны æмæ 882 мин сомы. Æмбырды ма раныхас кодтой прокуратурæйы, иннæ бæрнон ведомствоты минæвæрттæ. Тускъайы-фырт бæрнон адæймæгтæн бабар кодта, мызд бафидыны хъуыддаг уæззаудæр кæм у, уым æй банывыл кæнын. Советы уæнгтæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, цæмæй иннæ æмбырды байхъусой, стыр хæстæ чи дары, уыцы куыстуæтты разамонджытæм. Уымæй дарддæр ма фæнысан кодтой æндæр бакæнинаг хъуыддæгтæ дæр.

ÆХСАРАТЫ Р.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here