Хæдзары æфсинтæн зонынæн

0
3861

Хъæрмхуыппæн бас цæмæй тагъддæр рафыца, уый тыххæй йæ райдианы сæвæрын хъæуы тыхджын артыл. Рафыхты рæстæг рауайæг фынк афоныл сисут, фæстæдæр арт фæкъаддæр кæнут æмæ бас хæрзчысыл артыл кæронмæ фæфыцут.

Бас сфыцынæн дзидза æвæрын æмбæлы æрмæст уазал доны (афтæ бакæнгæйæ, дзидзайæ æппæт пайдайаг буаргъæдтæ басмæ рацæудзысты).

Эмалгонд кастрюляйы кæй фыцынц, уыцы бас рауайы хæрзаддæр. Фых басмæ 2-3 чысыл уидыджы уазал хом дон ныккæнут, 30 минуты дæргъы йæ æнцад бауадзут æмæ йæ рафæрсудзут.

 Фыцгæ-фыцын басмæ дон æфтауын не ‘мбæлы уымæн æмæ, афтæ бакæнгæйæ, бас сæнад уыдзæн.

Хъæрмхуыпп фыцынæн æппæтæй хуыздæр у стджытимæ стуры, фысы æмæ хуыйы фыдызгъæлы бас.

Бас цæмæй хæрзаддæр уа, уый тыххæй дзы сæвæрут, астæуыл уадздзагæй кæй алыг кодтой æмæ æнæ зетийæ иуæрдыгæй тебæйыл кæй рафыхтой, ахæм уырыдзы, басгæрдæджы æмæ сельдерейы уидæгтæ, стæй хъæдындз.

 Бас цæмæй хæрзад уа, уый тыххæй роды æмæ хуыйы стджытæ иуцасдæр рæстæг рафыцын хъæуы духовкæйы артмæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here