Ирыстойнæгтæ — Уæрæсейы тыхджындæртæ

0
991

Белгороды ахицæн сты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ерыстæ армспортæй. Ирыстонæй дзы архайдтой Цæгат Кавказы паддзахадон технологион университеты (ЦКГМИ) æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты командæтæ

Æдæппæт чемпионаты ерыс кодтой 170 спортсмены, æмæ 44 командæйы. Уыдоны ‘хсæн зынгæ тыхджындæрæй сæхи равдыстой Ирыстоны дыууæ командæйы. Фыццаг бынат бацахстой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты (ЦКГТУ) лæппутæ æмæ чызджытæ, 2-аг — Цæгат Ирыстоны педагогон институты студенттæ. Уыдонæй дзæвгар фæстæдæр аззайгæйæ æртыккаг бынат бацахста Белгороды паддзахадон университеты командæ. Нæ спортсментæ, æмткæй райсгæйæ, рамбылдтой 26 хæрзиуæджы. Уыдонæй сыгъзæрин майдантæ уыдысты 12, æвзист — 10, бронзæ — 4. Нæ чызджытæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Плиты Бэлæ (55 кг), Байаты Миланæ (60 кг), Гæбуты Луизæ (65 кг) æмæ Хъодзаты Янæ (70 кг). Æвзист майдантæй хорзæхджынгонд æрцыдысты Козаты Аланæ (50 кг), Зембатты Маринæ (55 кг), Джыккайты Кристинæ (60 кг), Бетрозты Дзерассæ (65 кг), Икъаты Маринæ (70 кг). Бронзæ майдантæ рамбылдтой Кцойты Иринæ (80 кг) æмæ Гаглойты Дианæ (+80 кг). Нæлгоймæгты ерысты фесгуыхтысты æмæ сыгъзæрин майдантæй хорзæхджынгонд æрцыдысты Цæрикъаты Раман (65 кг), Тогойты Игорь (70 кг), Дзансолты Зауырбег (75 кг), Хъулаты Азæмæт (80 кг), Золойты Спартак (85 кг), Гасситы Сослан (90 кг), Цæлойты Таймураз (100 кг) æмæ Хæбæлаты Леуан (110 кг). Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæлгоймæгты ерысты нæ цæнгдых фæсивæд 1-аг бынæттæ 11 уæзæй нæ рамбылдтой, æрмæстдæр æртæйы (50, 60 æмæ +110 кг). Дыккаг бынæттæ æмæ æвзист майдантæ рамбылдтой: Кокойты Давид (75 кг), Тыджыты Ацæмæз (80 кг), Хъазиты Гочæ (90 кг), Хъариаты Мурат (100 кг) æмæ Багаты Захар (+110 кг). Дыууæ бронзæ майдантæй хорзæхджынгонд æрцыдысты Сослан Тваури (60 кг) æмæ Томайты Руслан (65 кг). Нæ командæты бацæттæ кодтой тренертæ: Болататы Владимир, Диамбегты Чермен æмæ Гæбуты Луизæ.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here