Ирон æгъдæутты скъола — Алагиры

0
1139

 

Æгъуызарты Барис хæрзæрæджы æвзæрст æрцыд Алагиры районы Стыр Ныхасы сæрдарæй, æмæ йыл уым цы хæстæ ‘вæрд ис, уыдон æххæст кæнынмæ бавнæлдта тынг зæрдиагæй. Цыбыр рæстæгмæ Алагиры Стыр Ныхасы хорзæрдæм ‘рцыдис бирæ ивддзинæдтæ, кæцытæй зæрдæ рухс кæны. Барис йе ‘ргом уæлдай тынгдæр аздæхта фæсивæды хъомылады фарстатæм. Архайы, цæмæй фæсивæд зæрдæйæ уарзой сæ мадæлон æвзаг, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ.

Алагиры ис фондз астæуккаг скъолайы, ис дзы скъола-интернат, техникум æмæ уым цы æрыгон фæлтæртæ ахуыр кæнынц, уыдонимæ арæх фембæлынц Ныхасы советы уæнгтæ. Уыдон сын бæлвырдæй фембарын кæнынц ирон æгъдæуттимæ баст хъуыддæгтæ. Сæ алы фарстæн дæр сын радтынц бæлвырд дзуаппытæ. Æрæджы Барисы хъæппæрисæй Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары байгом ирон æгъдæутты скъола «Нæртон Уацамонгæ». Йæ сæйрагдæр хæс — рæзгæ фæлтæрæн ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ амонын. Æмæ куыд баныхас кодтой, уыцы рæстæгмæ сæрмагонд агъуысты æрæмбырд сты скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, районы Ныхасы советы уæнгтæ. Кадджын æмбырд байгом кодта Барис йæхæдæг, æмæ йæ ныхасы райдайæны загъта: «Нæ абоны хъуыддаг нын Хуыцау рæстмæ фæкæнæд! Раст куы зæгъон, уæд ахæм скъола байгом кæнынмæ æз хъавыдтæн рагæй. Махыл, хистæртыл, ис стыр бæрнондзинад. Абон уа, райсом уа — кæстæр куы рæдийа, уæд уый мах рæдыд, мах аипп у. Алчидæр хъуамæ йæхимæ фарста ратта, цавæр бавæрæн бахæссын у мæ бон рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ? Афтæмæй райгуырд «Нæртон Уацамонгæ» дæр. Скъола нырма æвзонг у, чи зоны, методикон бындурæй фаг тыхджын нæма у, фæлæ нæм ис фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, куырыхон хистæртæ, кæцытæн ирондзинад ис сæ туджы, сæ цардыуаджы. Уыдонæй алчидæр цæстуарзонæй бацамондзæн рæзгæ фæлтæрæн ирон æгъдæутты фæзилæнтæ. Стыр бузныг зæгъын, мæ фарсмæ чидæриддæр æрбалæууыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Тынг зæрдиаг арфæ кæнын патриотон клуб «Ас-Аланы» разамонæг Дзитойты Артурæн, Ныхасы советы уæнгтæн се ‘ппæтæн дæр. Ноджы ма зæрдиаг арфæ кæнын сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары директор Хъæрджынты Анжелæйæн æмæ иннæтæн. Мæ хъæппæрисæн мын хорз аргъ скодтой, ныфс мын бавæрдтой æмæ уый æз нымайын стыр хъуыддагыл”. Скъола кусдзæн ахæм фæткыл: æрвылбон ам, бæлвырд графикмæ гæсгæ уыдзысты Ныхасы советы уæнгтæ. Алкæмæн дæр йæ бон уыдзæнис ардæм æрбацæуын æмæ хъæугæ фарстатæ раттын. Æртæ чъирийы, æртæ фæрсчы æмæ бæгæныйы къусæй скуывта Стыр Ныхасы советы уæнг Къадзаты Будзи (къамы астæуæй). Бафæдзæхста рæзгæ фæлтæры Хуыцауыл, сæ мадæлты фæндиаг дзæбæхæй куыд хъомыл кæной, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй, Дуне сфæлдисæгæй ракуырдта, цæмæй Ирыстоны зæххыл æмæ æнæхъæн зæххы къорийыл дæр уа сабырдзинад æмæ фарн. Рæзгæ фæлтæр тынг зæрдиагæй хъуыстой Будзимæ, æмхуызонæй йын оммен кодтой. Уый фæстæ ныхасы бар райста педагогон куысты ветеран Гетойты Юри. Уый арфæ ракодта скъола саразджытæн æмæ загъта: «Барис, дæ цæрæнбон бирæ уæд! Тынг зæрдиагæй архайыс, хорз хъуыдытæ дæм ис, æнтысгæ дæр дын кæны, æмæ дæ хорз хъуыдытæ æххæст кæнын иууылдæр дæ къухы хорзæй бафтæнт. Ахæм скъола та, мæнмæ гæсгæ, Ирыстоны фыццаг байгом. Гъемæ Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, цæмæй дæ иннæ районтæ дæр бафæзмой”. Кæронбæттæны ма мæн зæгъын фæнды, цæмæй ирон адæм бамбарой, иу адæмыхатт кæй стæм, уый. Æмæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй не ‘гъдæуттæ дæр æмæ нæ традицитæ дæр æппынфæстаг иухуызон кæнын райдайæм.

ТОМАЙТЫ Елмырзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here