“Хохаг ацыд…”

0
1544

Рацыд дыууиссæдз боны, Ирыстоны хъæбултæй иу, театр æмæ кинойы курдиатджын артист Гиоты Руслан æнæнхъæлæджы йе ‘нусон дунемæ куы ацыд, уæдæй нырмæ. Цы сты цæрынæн фæндзай æхсæз азы, уæлдайдæр та, зæрдæ фæндтæй дзаг куы уа, уæд. Руслан райгуырд 1959 азы Къостайыхъæуы. Каст фæцис Мæскуыйы театралон аивады институт (ГИТИС). Уый фæстæ куыста Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артистæй. Фæлæ Хуыцау адæймаджы курдиатæй куы фæхайджын кæны, уæд йæ сфæлдыстадон фæндæгтæ вæййынц уæрæх æмæ æнæарæн. Русланы ном адæмæн уæлдай зонгæ æмæ уарзон ссис, киноныв «Хохаджы» Джигойы ролы куы ахъазыд, уæд. Йæ сурæты кинонывмæ кæсæг банкъардта ирон лæджы удыхъæд. «Хохаг» — афтæ йæ хуыдтой сæхимидæг. Йæ æнæнхъæлæджы мæлæт æрхаста адæмæн хъыг. «Хохаг ацыд», — хъусын кодтой кæрæдзийæн Интернеты тыгъдады

12321214_1152509041456096_6084215554249240257_n

Руслан ахъазыд цалдæр кинонывы: 1991 аз — «Курьер на восток», режиссертæ Джусойты Мурат æмæ Басаты Алыксандр; 1992 аз — «Хохаг» (сæйраг ролы), 1995 аз — «Фарн» (сæйраг рольтæй иуы), режиссер Джусойты Мурат; 2001 аз — «Убойная сила-3» (Умар Динаевы ролы); 2002 аз — «Спецназ» (Лачины ролы), режиссер Андрей Малюков; 2002 аз —»Война» (ахъазыд эпизоды), режиссер Алексей Балабанов. Абон ын йæ ном хъыгзæрдæйæ мысынц, хæларæй кæимæ цард, уыцы æмбæлттæ æмæ æмкусджытæ.

ДЖУСОЙТЫ Мурат, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг, кинорежиссер: — Русланы тыххæй, æвæццæгæн, мæнæн фыссын не ‘мбæлди, фæлæ… Иу рæстæг Интернеты тыгъдады Яндексы агурæнмæ æркастæн, мыййаг, зæгъын ын кæд хицауад исты хæрзиуæгæй йæ куыстæн аргъ скодтой, æмæ йæ æз нæ зонын. Ссардтон дзы ахæм сæргонд «Руслан Гиоев — легенда Осетии». Бакодтон æй, æмæ дзы разынд Русланы къамтæ йæ кинонывтæй. Нæ зонын, чи ‘рымысыд ацы сæргонд, æниу цæй æрымысгæ у? Гиоты (Джиоты) Руслан цы кинонывты ахъазыд, уыдоны нæ сарæзтаид æцæг ирон лæджы сурæт, царды дæр æцæг ирон лæг куы нæ уыдаид, йæ уындæй, йæ уагæй, йæ зондахастæй, йæ удыхъæдæй, уæд. Руслан уыд тынг курдиатджын актер, киноактер. Кинокамерæ куыд æнкъардта (кинойы актертæн уый у сæ сæйрагдæр миниуджытæй иу), уымæй-иу дисы бафтыдта кинооператорты. Алы кадр дæр-иу æнаиппæй æххæст кодта иу фæлвæрдæй. Хъыгагæн, бирæ кинонывты нæ ахъазыд, йæ бæллицтæн сæ фылдæр æнæ сæххæстæй баззадысты, фæлæ цы нæ бон у… Рухсаг у, Руслан, Ирыстоны легендæ.

ГÆЛÆУТЫ Аслæнбег, Бæхты театр «Нартæ»-йы аивадон разамонæг: — Бæхты театрмæ мæ кусынмæ куы фæхуыдтой, уæд дзы Гиоты Руслан куыста театры аивадон разамонæджы хæдивæгæй. Уымæй размæ дæр мын хорз зонгæ уыд, цы кинонывты ахъазыд, уым йæхи курдиатджынæй кæй равдыста, уымæй. Кодтон æмæ йын ныр дæр кæнын стыр аргъ йæ адæймагдзинады миниуджытæн æмæ, куыд курдиатджын артистæн, афтæ. Руслан цæмæ нæ арæхсти, ахæм хъуыддаг зын ссарæн уыд. Алкæддæр уыд раззагдæрты ‘хсæн. Уыд хорз барæг, хорз артист, хорз хæлар, хорз…йæ хорздзинæдтæн кæрон нæ уыд. Йæ иннæ æнаипп миниуæг та уыд зæрдæхæлардзинад. Йæ зæрдæ дзаг уыд æнкъарæнтæй. Нæ театр зындзинæдтæ куы æвзæрста, æмæ нæ сæхгæнынмæ бирæ куы нал хъуыд, уæд Руслан тынг тыхст театры фидæныл, æмæ мæм афтæ каст, цыма цæттæ у цавæрфæнды хъуыддаг саразынмæ дæр, ома, æрмæстдæр театр цæрæд. Нæ театры ахæм спектакль нæ уыд, Руслан кæм нæ архайдта. Зæрдæ нæ комы йæ ацыдыл сразы уæвын.

Дагун ОМАЕВ, Цæцæны адæмон артист: — Руслан уыд мæнæн мæ хорз хæлар. Мæнмæ гæсгæ, фыццаджыдæр, уыд хорз ирон адæймаг, уый фæстæ та æвæджиауы курдиатджын артист. Ирондзинад, ирон æгъдау уыдысты йæ рæбинæгтæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ уазæгæн кад скæнын Русланæн йæхицæн хаста удæнцой. Иумæ ахъазыдыстæм киноныв «Хохаджы», æмæ-иу нын рæстæг куыддæр фæцис, афтæ-иу нæ куы кæсагахсынмæ ахуыдта, куы — æрдзы хъæбысмæ. Кино исыны рæстæг артисттæ алы адæмыхæттытæй уыдысты, æмæ се ‘хсæнмæ æргом хъуыды хæссын æнцон нæ уыд. Фæлæ Русланы цæстытæм фыццаг хатт куы фемдзаст дæн, уæд мæ бауагътой стыр ныфс, æмæ дзы фыдæнхъæл нæ фæдæн. Раст цыма рагæй дæр хæлæрттæ уыдыстæм, афтæ мæм каст. Киноныв ист фестæм, фæлæ нæ хæлардзинад, куыд уыд, афтæмæй баззад. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Ирыстон мæнæн у мæ дыккаг райгуырæн бæстæйау. Ирон театр, ирон артисттæ та цыма мæ бинонтæ сты. Ирыстоны, зæгъæн ис, сфæлтæрдтон куыд артист, уымæн æмæ Цæгат Кавказы киностуди уыд Дзæуджыхъæуы æмæ алы адæмы минæвæртты кæрæдзийыл æнгом баста, иумæ кодтам фыццаг къахдзæфтæ киноаивады. Цы адæм дзы цæры, уыдон дæр мæ зæрдæйæн сты адджын. Уыцы арфæйаг адæмæй иу уыд Ирыстоны курдиатджын хъæбул Гиоты Руслан. Йæ рухс ном нæ уыдзæн рох.

Æрмæг бацæттæ кодта ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here