Ирыстоны зынгхуыст журналистты кадæн

0
1191

1941 азы 22 июны Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, немыцаг фашисттæ нæ бæстæмæ знæт бирæгътау куы ‘рбалæбурдтой, æмæ сæ маргæйдзаг къæхты бын нæ дидинæгкалæг зæхх куы сыгъд, уæд уыцы фæдисы бонты Ирыстоны журналисттæй дæр йæ бон хæцæнгарз райсын кæмæн уыд, уыдонæн æрдæгыл баззадысты сæ фыст æрмæджытæ æмæ æвæстиатæй фæраст сты тохы быдырмæ.

Знæгты ныхмæ хъæбатырæй хæцгæйæ фæмард сты ирыстойнаг журналисттæй бирæтæ, уыдонимæ — Бокоты Антон, Æлборты Саукуыдз, Дзебойты Хазби, Дзæхаты Тамерлан (Темырхъан), Дыдарты Валодя, Едзиты Цини, Хъамбердиаты Хъасболат, Хъесаты Солтан, Хъуылаты Валодя, Хъуыргъосты Иван, Моргуаты Алыксандр, Фæрниаты Зауырбег, Фидараты Георги, Хетæгты Созырыхъо… Уыдонæн цæмæй сæ рухс нæмттæ рохуаты ма баззайой, ууыл ивгъуыд æнусы æвдайæм азты зæрдиагæй бацархайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, дзæнæты бадинаг, газет «Рæстдзинад»-ы уæды редакторы хæдивæг æмæ Журналистты цæдисы сæрдар Дзугаты Барис. Уый зынгхуыст журналисттæн скæнын кодта мраморæй конд къæйтыл сæ сурæттæ æмæ æвæрд æрцыдысты газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ æрбацæуыны фойейы къулыл. Ацы зынгхуыст журналисттæй бирæтæ газет «Рæстдзинад»-ы редакцийæ уæлдай, куыстой æмæ се ‘рмæджытæ мыхуыргонд цыдысты республикон иннæ мыхуырон фæрæзты дæр, æмæ уымæ гæсгæ знон, 5 майы, Уæлахизы 71 азы бæрæгбоны агъоммæ сæ номыл арæзт мемориалон къуым РЦИ-Аланийы Мыхуыры бастдзинæдты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æмæ газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы хъæппæрисæй ногæй саив кодтой, æмæ йæ йæ раздæры бынатæй раивгæйæ, æвæрд æрцыд Мыхуыры хæдзармæ æрбахизæны къулыл, цæмæй сæ фылдæр адæм уыной, уый тыххæй. Зынгхуыст журналистты номыл арæзт митингмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Хицауады æмæ Парламенты минæвæрттæ, æдзард журналистты хиуæттæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы кусджытæ, ахуырдзау фæсивæд. Æмбырдамонæг, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Баскаты Уырызмæг арфæ ракодта митингмæ æрбацæуæг адæмæн æмæ мемориалон къул байгом кæныны бар радта РЦИАланийы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтанæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизирæн, нæ республикæйы Парламенты комитеты сæрдар Еленæ Князева æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæйæн. Уый фæстæ зынгхуыст журналистты цард æмæ хæстон фæндæгты тыххæй митинджы раныхас кодтой:

Битарты Маринæ, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор: — Абон ацы ахсджиаг мадзалæн йæ нысаниуæг тынг ахадгæ у фæсивæды патриотон хъомылады райрæзтæн. Нæй ферохгæнæн Фыдыбæстæйы хæсты æвирхъау цаутæн. Йæ цард Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау чи снывонд кодта, уыдоны сгуыхтдзинæдтыл хъуамæ иу фæлтæр иннæ фæлтæры ахуыр кæна. Ныртæккæ ацы Мыхуыры хæдзары цы бирæ æрыгон журналисттæ кусы, ЦИПУйы журналистикæйы факультеты студенттæй ардæм практикæйы чи æрбацæуы, уыдон-иу цал хатты фемдзаст уой ацы зынгхуыст журналистты сурæттæм, уал хатты сæ нæмттæ ногæйногдæр кæндзысты.Ацы мемориалон къуым сног кæныны хъуыды куы байхъуысти РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславмæ, уæд нæм уайтагъд йе ‘ргом раздæхта æмæ ацы арфæйаг хъуыддаг абон сырæзт уый фæрцы, æмæ йын уый тыххæй стыр бузныг зæгъын газет «Рæстдзинад»-ы æмæ нæ республикæйы  Мыхуыры бастдзинæдты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты номæй, стæй ма мæ бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тедеты Русланæн. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ фæсивæды хæстмæ цæуын куыд нал бахъæуа, зæххыл сабырдзинад куыд уа æмæ нæ Цытджын Райгуырæн бæстæ фидар уæд!

Еленæ Князева, нæ республикæйы Парламенты комитеты сæрдар:
— Фыццаджыдæр уын нæ республикæйы Парламенты номæй зæрдиаг арфæ кæнын ацы фæрнæйдзаг хъуыддаг саразыныл чидæриддæр бацархайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Ахсджиаг у уый, æмæ ацы мадзал арæзт кæй æрцыд Уæлахизы 71 азы бæрæгбоны къæсæрыл. Уæлдай стырдæр арфæ мæ ракæнын фæнды газет «Рæстдзинад»-ы редактор Битарты Маринæйæн, зынгхуыст журналистты рухс нæмттæ сæнусон кæныныл зæрдиагæй кæй бацархайдта, уый тыххæй, æмæ йын нæ республикæйы Парламенты номæй дæттын Кады грамотæ. Уæлахизы 71 азы бæрæгбоны фæдыл ма уын иу хатт зæрдиаг арфæ кæнын.

Къаболаты Солтан, нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар:Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд лæджы ном хæссынхъом чи уыд, уыдон лæгæвзæрстæй фæцыдысты тохы быдырмæ. Йæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта æмæ знæгты ныхмæ хъæбатырæй чи хæцыд, уыдоны æмрæнхъ уыдысты Ирыстоны журналисттæ дæр. Хъыгагæн дзы бирæтæ фæмард сты хæсты быдыры. Æмæ арфæйаг хъуыддаг уый у, уыдонæн сæ амæлæты фæстæ абон ахæм стыр кад кæй кæнæм. Сæ рухс нæмттæ рох макуы уæнт!

Нартыхъты Алыксандр, нæ республикæйы Мыхуыры бастдзинæдты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар: — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæхи хъæбатырæй равдыстой нæ домбай бæстæйы журналисттæ дæр. Уыдоны ‘хсæн уыдысты ирыстойнаг дзырды дæснытæ дæр. Хъыгагæн дзы бирæтæ фæмард сты фыдгулы знæгты ныхмæ хæцгæйæ. Æмæ хорз хъуыддаг у уый, Ирыстоны æдзард журналистты рухс нæмттæ цæмæй адæмæй рох ма уой, уый тыххæй сын ахæм мемориалон къуым арæзт кæй æрцыд, уый. Æнусон кад æмæ намыс — нæ зынгхуыст журналисттæн!

Митинджы ма раныхас кодтой æмæ нæ зынгхуыст журналистты нæмттæ æрымысыдысты газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цгъойты Хазби, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт Бызыккаты Земфирæ (бакаст зынгхуыст журналистты номыл йæхи фыст æмдзæвгæ) æмæ газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Дзуццаты Къоста. Кæронбæттæны фысымтæ æмæ уазджытæ байхъуыстой адæмон зарæггæнджыты ансамбль «Уацамонгæ»-йы (аивадон разамонæг Касаты Аслæнбег) уæнгтæ Чихауиты Георги, Битарты Фидар, Биазырты Георги æмæ Хадыхъаты Аланæ цы ирон хæстон зарджытæ акодтой, уыдонмæ. Сæрмагондæй ацы аивадон къордæн газет «Рæстдзинад»-ы номæй лæвæрд æрцыд Арфæйы гæххæтт. Номарæн митинджы кæрон йæ архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой зынгхуыст журналистты рухс ном мысынæн.

ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here