Мæ зынгхуыст æфсымæртæ

0
1224

Мæ фыдыфыд Гæззаты Тъатъейыл царды зынтæ уæд стых сты, йæ цардæмбал æстæм сывæллоны фæстæ куы ахицæн йæ цардæй… Уæды рæстæджы, 1932 азы, хæхбæсты цæргæйæ, аст сывæллонимæ æнæ къæбæргæнæгæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ уæддæр зынвадаты тых æмæ амæлттæй схаста йæ цоты. Иууылдæр уыдысты куыстыл хæст.

Уалынмæ цыппар лæппуйы æмæ цыппар чызджы байрæзтысты. Хистæр лæппу Кимийы æфсадмæ куы акодтой, уæд райдыдта финнæгтимæ хæст æмæ уым хъæбатырæй хæцыдис. Финляндийы хæстæй куы ‘рцыд, уæд уалынмæ немыцаг сырдтæ æрбабырстой Фыдыбæстæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рæнхъыты балæууыд мæ хъайтар фыдыфсымæр Кими йæ дыууæ кæстæр æфсымæр Никъала æмæ Цепкъаимæ. Сæхиуыл нæ ауæрстой, сæ уд скъуыдтой, афтæмæй тох кодтой цъаммар немыцаг фашистты ныхмæ карз тохы. Кимийæ фæстаг писмо райстой Керчы фидарæй, уæдæй фæстæмæ дзы ницыуал хабар фехъуыстам. Цепкъа æмæ Никъала цæфтæй æрцыдысты фыдохы хæстæй æмæ бирæ нал ахастой. Дзæнæты бадæнт. Мæ фыдыфыдæн йæ зæрдæ нал бафæрæзта уыйбæрц зындзинæдтæн æмæ зæрдæскъуыд фæцис. Бинонты уæз æрæнцад нæ фыд Быдзыкъойыл. Фыдæбон кодта йæ дыууæ кæстæр хоимæ, кусынæй сæ ничи ‘фсæста. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, адзалæн мадзал нæй, фыдбоны 1957 азы Ирыстонмæ йæ бинонтæм цæугæйæ, ласгæ мард фæци. Йе ‘мкъай Битарты Женя сидзæргæсæй цыппар фæндаджы астæу æнæ хæдзар, æнæ дуарæй баззад æртæ æнахъом сабиимæ. Фæлæ, Хуыцауæн табу! Абон Тъатъейы хæдзарвæндаг æхсæз баисты, не ‘фсымæр Ким йæ æртæ фырты æмæ хъæбулы хъæбултæ гыццыл Сæрмæт æмæ Азæмæтимæ. Хуыцау сын цард æмæ амонд раттæд. Нæ æдзард фыдыфсымæртæ æмæ нæ фыдæн цæрынæй цы нæ бантыст, уый абон кæстæртæн бантысæд. Абонæй фæстæмæ фæдзæхст уæнт Стыр Хуыцау æмæ Лæгты дзуарыл. Тъатъейæн йæ хæдзары кæддæр цы фарн уыдис, уый сæфт макуы уæд. Уымæн ис ахæм æцæг хабар. 2008 азы Хуссар Ирмæ августы мæйы гуырдзыйы лæгмартæ куы бабырстой, уæд Ким йæ кæстæр æфсымæртимæ йæ куысты къордимæ фæндæгтæ арæзтой. Йе ‘мкусджытимæ нæ рацыд Цæгат Ирмæ, фæлæ æххуыс кодта адæмæн хæсты мидæг. Уæрæсейы телеуынынадмæ журналист Къудухты Валери систа Кимы, судзгæ хæдзарæй гыццыл инвалид сывæллоны куыд рацæйхаста, афтæмæй. Газеты фыццаг фарсыл дæр уыдис. Ирыстон, фидар у дæ хъæбатыртæй! Æнустæм сæфт макуы уæд æхсарджын ирон лæджы кад æмæ намысджын ном!

Керчы Фидар сау фæныкк фестад,
Знæгты къухтæй судзгæ зæй лæсыд.
Æфсады хъайтар — Кими Гæззаты,
Дæ рухс ном арæм нæ ныфс, нæ мæсыг!

ГÆЗЗАТЫ Винерæ,
Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here