Тедтойты хъæбатыр æфсымæртæ

0
1258

Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Лæгæвзарæн хæст. Ахæм хъæу, ахæм мыггаг æмæ хæдзар нæ уыд, йæ сау базырæй кæй нæ асыгъта. Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ фыццагдæртимæ тохы быдырмæ араст кодтой хъæдгæройнаг лæппутæ Тедтойты Темырболат æмæ Æхсарбег. Уыдысты æрвадæлтæ.

Æртæ æфсымæры æмæ хо хъомыл кодтой Тедтойты Тимофей æмæ Машайы кæрты. 1934 азы хъæууон скъола каст куы фæци, уæд Темырболат ахуырмæ бацыд Хæххон-металлургон техникуммæ, фæстæдæр та сси Буденныйы номыл электротехникон æфсæддон академийы радиобастдзинады факультеты студент. Æртыккæгæм курсы ахуыр кодта, афтæмæй æрыгон лæппуйы арвыстой æфсæддон цыбыр ахуыртæм. Ныгуылæн арæнтыл уавæр тæссаг кæй у, уый сусæггаг нал уыд, æмæ 1941 азы мартъийы йæ службæ ахæццæ кодта Ленинграды æфсæддон зылды бастдзинады 293-æм хицæн батальоны. Снысан æй кодтой взводы командирæй. Уыцы рæстæг Темырболат сси Коммунистон партийы уæнг. Йæ хæстон фæндæгтæ райдыдта радиостанцæйы хицауæй, хъæбатырдзинад равдыста Карелы, æмæ 4-æм Украинаг фронты. 1943 азы августы Темырболаты снысан кодтой лыжæтыл бырæг бригады хицауæй, немыцаг фашистты дæрæн кодта, хицæн хæххон-æхсæг бригадæн разамынд дæтгæйæ. Тедтойты Темырболатæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты I æмæ II къæпхæны ордентæ, Сырх Стъалыйы æртæ ордены, 19 майданы, уыимæ, Манголы æмæ Польшæйы паддзахадон ордентæ дæр. Фæцис хæст, фæлæ Тедтойы-фырт йæ æфсæддон хæс кæронмæ хаста. Æнтыстджынæй каст фæцис академи, куыста бирæ бæрнон бынæтты, Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады министрады. Бирæ азты Темырболат йæ зонындзинæдтæ, йæ фæлтæрддзинад æнæвгъауæй лæвæрдта æрыгон курсанттæн Фрунзейы номыл æфсæддон академийы хистæр ахуыргæнæг, стæй бастдзинады кафедрæйы хицау уæвгæйæ. Саккаг ын кодтой кадджын æфсæддон цин инæлар-майор. Æфсæддон наукæты кандидат, профессор, 51 наукон куысты, кибернетикæ æмæ информатикæйы тыххæй чингуыты автор — ахæм рæсугъд æмæ пайдайаг фæд ныууагъта Темырболат. Æмæ кæд цæргæ Мæскуыйы кодта, уæддæр ын Ирыстонæй уарзондæр бынат нæ уыд. 1990 азы, апрелы йæ цардæй ахицæн. Мæскуыйы цæрынц йæ фырттæ Алыксандр, Сергей æмæ Константин. Сæрыстыр сты хъæдгæройнæгтæ сæ хъæбатыр æмзæххонæй. Хъæуы уынгтæй иу хæссы инæлары ном. Кæддæр Тедтойты бинонтæ цы хæдзары цардысты, уый къулыл фидаргонд ис бронзæйæ конд номарæн къæй. Цымыдисаг рауад йæ цардвæндаг Тедтойты Мискайы фырт Æхсарбегæн дæр. Хъæдгæроны скъолайы авд къласы куы фæцис, уæд уый дæр ахуырмæ бацыд Хæххон-металлургон техникуммæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис. Йæ хъысмæт хъæуккаг лæппуйы фæхуыдта Ленинградмæ, уæд 1-æм медицинон институты байгом æфсæддон-денджызон факультет. “Æнцон кæм уыдаид ахæм институты ахуыр кæнын, фæлæ мæ зæрдыл дардтон мæ фыды фыд Дзаккойы ныхæстæ. Уыдис уырыссаг-туркаг хæсты архайæг, Георгийы дыууæ дзуары кавалер. Загъта мын, æгаддзинад дæ сæрмæ макуы æрхæсс, хиуылхæцын фæраз, зивæг ма кæн, кад кæн дæхицæй хистæрæн, афтæмæй ирон лæджы ном бæрзонд хæсс”, — бирæ азты фæстæ-иу æрымысыд Æхсарбег. Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ Ленинграды блокадæйы рæстæг Æхсарбег хъæбатырæй хъахъхъæдта Ленины горæт, медицинон æххуыс кодта цæфтæ æмæ рынчынтæн. Дохтыртæ-хирургтæ нæ фаг кодта хæсты рæстæг æмæ уæд институт эвакуацигонд æрцыд горæт Кировмæ. 1942 азы Æхсарбегæн радтой дохтыры диплом æмæ йæ арвыстой Хъаспийы Сырхтырысаджын флоты санитарон-транспортон науы хирургæй. Знаджы нæмгуытæ йæ сæрты тахтысты, афтæмæй-иу бонмæ скодта цалдæр операцийы. Фæллад хæстон лæг 1948 азы йæ зонындзинæдтæ уæлдæр кодта Æппæтуæрæсеон медицинон академийы. Куыд фæлтæрдджын хирург, афтæ Æхсарбеджы баурæдтой академийы хистæр ординаторæй. 1963 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци æмæ сси доцент. Йæ иузæрдион куысты тыххæй йын стыр кад уыд адæмы ‘хсæн. Кæмфæнды дæриу æй сæрыстырæй загъта, æз ирон лæппу дæн, зæгъгæ. Пенсимæ куы рацыд, уæд Æхсарбег бирæ азты æнтыстджынæй куыста Ленинграды онкологион диспансеры уæлдæр къæпхæны хирургæй. Цал æмæ цал адæймаджы байста мæлæты дзæмбытæй, цас æмæ цас арфæтæ фехъуыста йæ раздæры рынчынтæй! Хæсты æмæ фæллойы ветеран, медицинон службæйы булкъон, Тедтойты Æхсарбег хорзæхджынгонд æрцыд Сырх Стъалыйы, Фыдыбæстæйы хæсты æмæ «Кады нысан»-ы ордентæй, стæй бирæ юбилейон майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Йæ цардæмбал Богъаты Риммæимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ. 2000 азы Æхсарбег ахицæн йæ цардæй. Стыр кадимæ йæ баныгæдтой Санкт-Петербурджы. Хистæрты фарн дарддæр хæссынц мыггаджы ног фæлтæртæ.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here