Дӕлзӕхх фӕуӕд хӕст!

0
670

Иуӕй-иу фӕсарӕйнаг журналисттӕ ӕмӕ йӕ фындзӕй дарддӕр чи нӕ уыны, ахӕм историктӕ ӕмӕ политикон архайджытӕ цыфӕнды дӕр куы фыссой ӕмӕ дзурой, уӕддӕр 1941-1945 азты немыцаг-фашистон ӕфсадыл Уӕлахиз у мах, раздӕры Советон Цӕдисы цӕрджытӕ. Мах фервӕзын кодтам канд нӕхи бӕстӕ нӕ, фӕлӕ европӕйаг бирӕ бӕстӕтӕ дӕр фашистон емынӕйӕ, мах ӕрхастам нывондӕн дӕсгай милуан адӕймӕгты цард Уӕлахизы сӕраппонд. Хуымӕтӕджы не сбӕрӕг кӕнӕм алы аз дӕр ӕппӕтӕй зӕрдиагдӕрӕй, 1945 азы 9 Майы чи банцад, уыцы тугкалӕн хӕсты Цытджын Уӕлахизы бон.

Уалдзӕджы рӕубазыртыл нӕм ӕртӕхы уыцы рухс бӕрӕгбон — 9 Май. Æрцӕуы нӕм цины ӕмӕ хъыджы цӕссыгтимӕ. 1945 азы 9-ӕм май ӕнустӕм баззайдзӕн Уӕрӕсейы ӕппӕты стыр- дӕр хӕстон намысы бонӕй, уӕрӕсейӕгты лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады нысанӕй, Фыдыбӕстӕмӕ ӕгӕрон уарзты, ӕфсӕддон хӕсыл иузӕрдиондзинады ӕвдисӕнӕй. Уӕлахизы Боны кадӕн мах, уӕрӕсейӕгтӕ, нӕ сӕртӕ ӕркъул кӕнӕм, фашистон Германы ӕфсады ныхмӕ карз тохы чи бацыд, уыдонӕй йӕ бинонтыл чи нал сӕмбӕлд, тохы быдыры ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, фашистон концлагерты чи бабын, стӕй хӕсты фӕстӕ сабыр азты йӕ дунейы рухс кӕуыл баталынг, уыцы хӕстонты ном ӕрӕмысыны тыххӕй. ӕрхӕндӕгӕй та сын зӕгъдзыстӕм “рухсаг” ныр дӕр. Уый фӕстӕ гаджидӕуттӕ уадздзыстӕм, немыцаг-фашистон тыхӕйисджыты ныхмӕ риуӕмбӕрц чи ӕрлӕууыд, уыцы уӕлахиздзау фӕлтӕрӕй ма не ‘хсӕн чи ис, уыдоны цӕрӕнбоны тыххӕй. Кад ӕмӕ сын намыс! 1945 азы нын уыцы хъӕбатыр хӕстонтӕ ӕрхастой Уӕлахиз. Зын ӕмӕ дӕргъвӕтин уыд Уӕлахизмӕ фӕндаг. Уый райдыдта 1941 азы 22 июны. Уыцы бон сӕумӕраджы немыцаг-фашистон ӕфсӕдтӕ ӕрбахызтысты Советон Цӕдисы арӕныл ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕгъдын райдыдтой адӕмы. 5,5 милуан хӕстоны, 190 дивизийы, 4300 танчы, 47 мин сармадзан ӕмӕ минометӕй фылдӕр, 5 мин хӕстон хӕдтӕхӕджы — уыйбӕрц тыхтӕй ӕрбабырстой гитлеронтӕ нӕ бӕстӕмӕ. Фашистон тыхӕйисджыты ныхмӕ растадысты Советон Цӕдисы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Стыр хӕст. Фыдыбӕстӕйы хӕст та йӕ уымӕн схуыдтой ӕмӕ уыцы хӕсты лыггонд цыдис Фыдыбӕстӕйы хъысмӕт. Хӕстытӕй иу дӕр хорз нӕ вӕййы. Фӕлӕ 1941-1945 азты хӕст уыдис ӕппӕтӕй карздӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр. Уыйбӕрц туг уымӕй размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы ныккалд. ӕрмӕстдӕр хӕсты рӕстадыл ӕууӕндынад, рӕстдзинад мах фарс кӕй у, ууыл дызӕрдыг кӕй ничи кодта, уый лӕвӕрдта нӕ адӕмӕн ӕмӕ ӕфсадӕн ныфс ӕмӕ цардхъомдзинад. Адӕм ӕмӕ ӕфсад равдыстой ӕнӕмӕлгӕ сгуыхтдзинад, фӕуӕлахиз сты фашистон Германыл ӕмӕ ӕрхастой Стыр уӕлахиз. Гитлеронтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой «арвӕрттывдон хӕстыл» («молниеносная война»), уымӕй сӕ стыр ныфс уыдис. Фӕлӕ сӕ фӕндтӕй ницы рауад. Хӕсты фыццаг бонты Бресты фидар чи хъахъхъӕдта, уыдон равдыстой, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕгдзинад ӕмӕ ӕхсар. 1941 азы Мӕскуыйы бынмӕ карз хӕст та дымгӕмӕ сдардта фашистон ӕфсады нӕбасӕтгӕйы фӕдыл таурӕгъ. 1942-1943 азты Сталинграды хӕст немыцаг-фашистон ӕфсадӕн уыдис йӕ астӕумагъзы фӕсасты хуызӕн, йӕ кӕроны райдайӕн. 1943 азы Курскы къӕлӕты карз хӕст ӕмӕ Днепрыл тохтӕ бафидар кодтой уыцы хъуыды. Канд йӕ астӕумагъз нӕ асаст знаджы ӕфсадӕн, фӕлӕ йӕ зӕнгты хъару дӕр, фӕстӕмӕ тъӕбӕртт кӕнгӕйӕ йын ницыуал ӕнтыст.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты егъаудӕр тохты ‘хсӕн зынгӕ бынат ахсы Кавказыл тох. Уый цыдис 1942 азы 25 июлӕй 1943 азы 9 октябрьмӕ. Знаг састы бынаты баззад Дзӕуджыхъӕуы бынмӕ тугкалӕн тохты, Сау денджызы былгӕрӕтты ӕмӕ Кавказы Сӕйраг ӕфцгуытыл хӕстыты. 1942 азы октябры-ноябры Дзӕуджыхъӕумӕ хӕстӕг, Мӕздӕджы ӕмӕ ӕрджынарӕджы Ирыстоны зӕххыл цы карз тохтӕ цыдис, уыдоны дӕрӕнгонд ӕрцыдысты гитлеронты фырыстыд танкон ӕмӕ моторджын къордтӕ ӕмӕ иугӕндтӕ. Ардыгӕй, Дзӕуджыхъӕуы цурӕй райдыдта советон ӕфсӕдты Уӕлахизмӕ фӕндаг, йӕ размӕбырст. Дзӕуджыхъӕу хъахъхъӕнджыты сгуыхтдзинадӕн скодтой аккаг аргъ — Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты Указмӕ гӕсгӕ 2007 азы 8 октябры горӕт Дзӕуджыхъӕуӕн лӕвӕрд ӕрцыд кадджын ном «Хӕстон намысы горӕт». 1944 аз уыд Райгуырӕн бӕстӕ фашисттӕй асыгъдӕг кӕныны ӕмӕ Скӕсӕн Европӕ фашизмӕй ссӕрибар кӕныны аз. 1945 аз та — Берлины хӕсты ӕмӕ гитлерон Германыл кӕронмӕ фӕуӕлахизы аз. Советон салдат, ӕппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн дӕр ныффӕразгӕйӕ, кадимӕ фӕцыд Мӕскуы ӕмӕ Кавказӕй суанг Берлинмӕ хӕстон зындӕр фӕндӕгтыл. Не ‘мфыдыбӕстӕйӕгтӕй 27 милуанӕй фылдӕр фӕмард Уӕлахизмӕ уыцы зын фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ. Уымӕй уӕлдай ма милуангӕйттӕ та цӕфтӕ фесты. Æфсӕддонтӕ цагъды кодтой фронтты, адӕм — сӕ хӕдзӕртты сармадзаны нӕмгуытӕ ӕмӕ бомбӕтӕй, цагътой сӕ фашисттӕ нӕхи зӕххыл, куынӕг сӕ кодтой удмарӕн лагерты, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ сылгоймӕгтыл, нӕдӕр сывӕллӕттыл ауӕрдгӕйӕ. Фӕлӕ уӕддӕр фронт ӕмӕ фӕсчъылдым ӕппӕт тыхтӕй дӕр ӕмцыд кодтой Уӕлахизмӕ. Уый уыдис ӕцӕг адӕмон хӕст. Советон салдат ӕмӕ фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕн уый тыххӕй ныллӕг нӕ сӕртӕй кувӕм. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фронтты иннӕ адӕмтимӕ иумӕ уӕхскиуӕхск хӕцыдысты ӕрбалӕбурӕг знӕгты ныхмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ дӕр. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рӕнхъыты ӕрлӕууыд республикӕйы алы цыппӕрӕм цӕрӕг дӕр, ӕдӕппӕт — 100 мин адӕймаджы бӕрц. Ирыстонӕй ӕрвыст хӕстонтӕ гитлерон тыхӕйисджыты ныхмӕ тохы ӕвдыстой лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Райгуырӕн бӕстӕйыл ӕгӕрон иузӕрдиондзинад. Не ‘мзӕххонтӕй 79 систы Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ, уыдонӕй дыууӕ — Плиты Иссӕ ӕмӕ Иван Фесин — дыгай хӕттыты. Дыууадӕсӕй та Намысы ордены ӕххӕст кавалертӕ систы. Ирыстоны хорз зындгонд сты нӕ иннӕ хӕстонтыхъӕбатырты нӕмттӕ дӕр, уыдонимӕ Хетӕгкаты Габо, Мамсыраты Хаджумар, Дзусаты Ибрагим, Остъаты Алексей, Карсанаты Хъазыбег, Милдзыхты Хадзымырзӕ, Александр Карасев, Хуыдӕлты Харитон, Цӕлыккаты Константин, Сланты Лентъо, Тогызты Хъауырбег, Гаджиты Алыксандр, Бицаты Сергей, Калоты Георги, Гагкайты Алихан, ӕхсараты Энвер, Ходы Къоста, Хъалаты Семен, Махъоты Алихан, Хъоцыты Къоста, Къесаты Астан, Дмитрий Коняхин, Цоциты Васили ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхтӕ, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты намысджын хӕстон традицитыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, ӕппынӕдзух вӕййынц хӕстон цӕттӕдзинады уавӕры, зӕрдӕдаргӕйӕ хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы адӕмты интерестӕ, арӕхсынц хъомысджын хӕстон техникӕимӕ архайынмӕ, ис сӕм фидар ӕгъдау. Афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн 2008 азы августы хӕст Хуссар Ирыстоны, дунеон терроризмы ныхмӕ тох Сирийы. Рӕстӕг тагъд цӕуы. Дугъон бӕхтау згъорынц азтӕ. 73 хатт ӕмбӕлӕм Уӕлахизы бӕрӕгбоныл. Дӕлзӕхх фӕуӕд хӕст!

 

БАГАТЫ Аврам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here