Физкультурæйы урок — олимпаг чемпионимæ

0
932

Сывæллæтты хæдзар-скъола «Виктория»-йы хъомылгæнинæгтæм 6 майы уазæгуаты уыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы Фæсивæдон политикæйы, физкультурæ æмæ спорты комитеты кусджытæ.

Комитеты сæрдар Баситы Маратимæ æрбацыдысты йе’мкусджытæ: физкультурæ æмæ спорты хайады сæргълæууæг, дунеон къласы спорты мастер Джызойты Витали, фæсивæдон политикæйы фарстаты хайады сæргълæууæг Хъæцмæзты Батраз æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау, спорты сгуыхт мастер Хуыгаты Алан. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сывæллæттæм афтидкъухæй не’рбацыдысты. Семæ æрбахастой лæвæрттæ: спортивон уæлæдарæс, пуртитæ æмæ æндæр спортивон дзаумæттæ. Уазджыты æрбацыды сæйраг нысан та уыди «Виктория»-йы цæрæг скъоладзаутимæ физкультурæйы урок скæнын. Уыцы хæс йæхимæ райста нæ номдзыд богал Хуыгаты Алан. Уый зæрдиагæй бавнæлдта йæхимæрайст хæс, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр сæххæст кæныныл, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Чызджытæ æмæ лæппутæ разæнгардæй тырныдтой, Алан сын цы амыдта, уый æзхуыздæрæй сæххæст кæнынмæ. Раздæр уал иумæйагæй скодтой физзарядкæ. Уый фæстæ скъоладзаутæ дыууæ дихы фесты, æмæ сын ерыс бацайдагъ цалдæр хуызы эстафетæтæй. Ам скъоладзаутæ равдыстой хорз физикон цæттæдзинад, æмæ сæ уазджытæ разыйæ баззадысты. Хуыгаты Алан загъта: «Тынг разыйæ бæззадтæн, ацы сывæллæттимæ кæй сæмбæлдтæн, уымæй. Раст зæгъгæйæ, ахæм хорз физикон цæттæдзинад равдисдзысты, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ мын уый та уæлдай æхсызгондæр уыд. Æнæмæнг, уый дзурæг у, скъолайы физкультурæйы ахуыргæнджытæ хорз кæй кусынц, ууыл». Аланы ныхасыл сразы Джызойты Витали дæр: «Мæнæн дæр мæ зæрдæ барухс сывæллæтты физикон цæттæдзинадæй. Мæнмæ гæсгæ, цалдæр лæппуйы дзы æнæмæнг сарæхсиккой хъæбысхæстæй. Уæдæ иннæтæй дæр ницы зæгъæн ис. Чызджытæй цалдæр сæрæнæй сæхи равдыстой. Мах ацы проект «Чемпионимæ зарядкæ», зæгъгæ, алы скъолаты кæнæм, æмæ нæхи цæстæй уынæм, сколадзауты зæрдæмæ кæй цæуы, уый». Сывæллæтты хæдзарскъола «Виктория»-йы директоры хæдивæг Кцойты Иринæ загъта: «Мах фыццаг хатт нæ кæнæм ахæм фембæлдтытæ зындгонд спортсментимæ. Сывæллæтты зæрдæмæ уый цæуы. Амæй размæ нæм уыд Цæрукъаты Светланæ, æмæ йæ нæ хъомылгæнинæгтæ тынг бауарзтой. Ахæм фембæлдтытæ сывæллæтты разæнгард кæнынц сæхиуыл ноджы зæрдиагдæрæй кусынмæ, æмæ уый ныр нæхи цæстæй уынæм. Мах бузныг зæгъæм нæ горæты администрацийы Фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты кусджытæн, нæ сывæллæттæм нын ахæм цæст кæй дарынц, уый тыххæй». Ацы комитеты сæрдар Баситы Марат ма бафтыдта: «Нæ комитеты кусджытæ ахæм фембæлдтытæ аразынц æрвылмæй дæр алы скъолаты. Сæрды мæйты ма уроктæ уыдзæн иннæ сывæллæтты хæдзæртты, фæззæджы та «Чемпионимæ зарядкæ»тæ — иннæ скъолаты. Уырдæм немæ кæндзыстæм зындгонд спортсменты. Зæгъæм, хæстæгдæр рæстæг ахæм уроктæ ратдзысты дунейы чемпионтæ Гозымты Хетæг, Цæболты Хетæг æмæ иннæтæ. Куыд уынæм, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ пайдайы хос сты сывæллæттимæ хъомыладон куысты. Уæдæ нæ зындгонд спортсментæн сæхицæн дæр уыдон хæссынц удæнцой». Æцæгæй дæр, сывæллæттæ куыд цин кодтой олимпаг чемпионимæ фембæлдыл, уымæ кæсгæйæ, зæрдæйы гуырыд цыдæр рухс хъуыдытæ. Хуыгайыфырт йæхæдæг дæр цыма йæ сывæллоны бонтæ æрымысыд, афтæ сывæллæттимæ бавнæлдта футболæй хъазынмæ. Уыдонæн уый иуæй циндзинад хаста, иннæмæй та сын разæнгард кæныны хос уыд. Гъе, афтæ хъæлдзæг æмæ райгондæй ацыд «Чемпионимæ зарядкæ» сывæллæтты хæдзар-скъола «Виктория»-йы.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here